Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Нымӕцтӕ 27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Цалфахады чызджытӕ

1 Хеферы фырт Цалфахады (Хефер — Галаады фырт, Галаад — Махиры фырт, Махир — хӕдзарвӕндаджы хистӕр Менассиайы фырт, Менассиа — Йосефы фырт) чызджытӕ — Махла, Ноа, Хогла, Милка ӕмӕ Тирца —

2 бацыдысты Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар, фӕтӕгтӕ ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйы цурмӕ, Фембӕлды Цатыры размӕ, ӕмӕ загътой:

3 «Нӕ фыд амард ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ уый, Дунедарӕджы ныхмӕ чи растад, уыцы бардзы нӕ уыди Корахы цӕдисонты ’хсӕн, фӕлӕ амард йӕхи тӕригъӕды аххосӕй, ӕмӕ йын фырттӕ нӕ баззад.

4 Фырт ын кӕй нӕй, уый тыххӕй цӕмӕн хъуамӕ фесӕфа нӕ фыды ном йӕ мыггагӕй? Хай нын скӕн нӕ фыды ’фсымӕрты ’хсӕн».

5 Ӕмӕ сын Моисей сӕ хъуыддаг Дунедарӕджы раз бавдыста.

6 Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн:

7 «Раст зӕгъынц Цалфахады чызджытӕ. Скӕн сын хай сӕ фыды ’фсымӕрты ’хсӕн ӕмӕ сын сӕ фыды хай ратт.

8 Израилӕгтӕн та зӕгъ афтӕ: лӕг амарди ӕмӕ йӕ фӕдыл фырт нӕй, зӕгъгӕ, уӕд-иу ын йӕ зӕххы хай раттут йӕ чызгӕн.

9 Чызг ын нӕй, зӕгъгӕ, уӕд та йын йӕ хай раттут йе ’фсымӕртӕн.

10 Ӕфсымӕртӕ йын нӕй, зӕгъгӕ, уӕд-иу ын йӕ хай раттут йӕ фыды ’фсымӕртӕн.

11 Фыды ’фсымӕртӕ йын куынӕ уа, уӕд-иу ын йӕ хай раттут, йӕ хӕдзарвӕндагӕй йӕм ӕввахсдӕр чи у, уыцы хионӕн. Уый израилӕгтӕн баззайӕд ӕгъдауӕн, Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ».


Йешуа — Моисейы фӕдон

12 Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Мӕнӕ Аваримы хохмӕ ссу ӕмӕ, израилӕгтӕн цы зӕхх радтон, уымӕ акӕс.

13 Ӕмӕ йӕм куы акӕсай, уӕд ды дӕр дӕ адӕмы ’хсӕнӕй фӕхъӕудзынӕ, де ’фсымӕр Аарон куыд фӕхъуыди, афтӕ.

14 Уымӕн ӕмӕ сымах Мӕ ныхасмӕ нӕ байхъуыстат Цины ӕдзӕрӕг быдыры, адӕм куы сызмӕстой, уӕд: цӕмӕй уыдон, Ӕз уаз кӕй дӕн, уый сӕхи цӕстӕй феной, уыцы суадоны был». (Уыцы суадон уыди Меривайы, Кадешы, Цины ӕдзӕрӕг быдыры.)

15 Ӕмӕ загъта Моисей Дунедарӕгӕн:

16 «Дунедарӕг, ӕппӕт цӕрӕг удтӕн царды комулӕфт дӕттӕг Хуыцау, ацы дзыллӕйӕн сӕ сӕргъы ахӕм адӕймаджы сӕвӕрӕд,

17 балцы цӕугӕйӕ дӕр ӕмӕ фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ дӕр сӕ разӕй чи цӕуа, йӕ фӕдыл кӕнын сӕ йӕ бон кӕмӕн уа ӕмӕ-иу сӕ фӕстӕмӕ дӕр чи ’рбакӕна, цӕмӕй Дунедарӕджы дзыллӕ ӕнӕфыййау дзуджы хуызӕн ма уа».

18 Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Райс дӕхимӕ Нуны фырт Йешуайы, Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уыцы адӕймаджы, ӕмӕ йыл дӕ къух ӕрӕвӕр.

19 Ӕрлӕууын ӕй кӕн сауджын Елеазар ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйы раз, сбарджын ӕй кӕн сӕ разы.

20 Дӕ кадӕй йӕ скадджын кӕн, цӕмӕй йӕм израилӕгты дзыллӕ иууылдӕр хъусой.

21 Ӕмӕ-иу бацӕуӕд уый сауджын Елеазары размӕ, цӕмӕй йын уый уримы фӕрцы Дунедарӕджы бафӕрса. Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ цӕудзысты фӕндагыл, Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ здӕхдзысты фӕстӕмӕ — Йешуа ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ».

22 Бакодта Моисей, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ: Йешуайы сауджын Елеазар ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйы раз ӕрлӕууын кодта,

23 йӕ арм ыл ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йӕ ӕххӕстбарджын скодта, Дунедарӕг Моисейы уылты куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan