Нымӕцтӕ 26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстИзраилӕгты нымӕц 1 Рын куы аивгъуыдта, уӕд загъта Дунедарӕг Моисей ӕмӕ сауджын Аароны фырт Елеазарӕн: 2 «Сӕрӕй кӕронмӕ хӕдзаргай банымайут, ӕфсадмӕ бацӕуинаг чи у, уыцы израилӕгты, ссӕдз азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, уыдоны се ’ппӕты дӕр». 3-4 Моавы дӕлвӕзы, Иорданы был, Йерихоны бакомкоммӕ, Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар, ссӕдз азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыди, уыцы адӕмы сфыстой, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Израилы адӕмӕй Мысырӕй чи рацыди, уыдон уыдысты: 5 Рувим — Израилы хистӕр фырт; Рувимы байзӕддӕгтӕ: Ханохӕй — Ханохы хӕдзарвӕндаг, Паллуйӕ — Паллуйы хӕдзарвӕндаг, 6 Хецронӕй — Хецроны хӕдзарвӕндаг, Кармийӕ — Кармийы хӕдзарвӕндаг. 7 Уыдон — Рувимы хӕдзарвӕндӕгтӕ; сӕ нымадмӕ гӕсгӕ — цыппор ӕртӕ мин авдсӕдӕ ӕртын. 8 Паллуйы фырт — Елиав. 9 Елиавы фырттӕ: Немуел, Датан ӕмӕ Авирам, дзыллӕйы ’хсӕн нымад чи уыди, уыцы Датан ӕмӕ Авирам. Корах ӕмӕ йӕ хъузӕттимӕ уыдон растадысты Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ — Дунедарӕджы ныхмӕ. 10 Ӕмӕ уӕд зӕхх фӕйнӕрдӕм фӕцыд ӕмӕ сӕ аныхъуырдта. Корахимӕ йӕ хъузӕттӕ дӕр бабын сты. Дыууӕсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы басыгъдысты арты — цыдӕр кӕй ӕрцӕудзӕн, уый ӕвдисӕг рагфӕдзӕхст. 11 Фӕлӕ Корахы фырттӕ нӕ бабын сты. 12 Симеоны байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Немуелӕй — Немуелы хӕдзарвӕндаг, Йаминӕй — Йамины хӕдзарвӕндаг, Йахинӕй — Йахины хӕдзарвӕндаг, 13 Зерахӕй — Зерахы хӕдзарвӕндаг, Саулӕй — Саулы хӕдзарвӕндаг. 14 Уыдон — Симеоны хӕдзарвӕндӕгтӕ: дыууын дыууӕ мин дыууӕсӕдӕ. 15 Гады байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Цефонӕй — Цефоны хӕдзарвӕндаг, Хаггийӕ — Хаггийы хӕдзарвӕндаг, Шунийӕ — Шунийы хӕдзарвӕндаг, 16 Ознийӕ — Ознийы хӕдзарвӕндаг, Ерийӕ — Ерийы хӕдзарвӕндаг, 17 Ародӕй — Ароды хӕдзарвӕндаг, Арелийӕ — Арелийы хӕдзарвӕндаг. 18 Уыдон — Гады байзӕддӕгты хӕдзарвӕндӕгтӕ, сӕ нымӕц — цыппор мин фондз сӕдӕ. 19 Иудӕйы фырттӕ: Ер ӕмӕ Онан; фӕлӕ Ер ӕмӕ Онан амардысты Ханааны. 20 Ӕмӕ уыдысты Иудӕйы байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Шелайӕ — Шелайы хӕдзарвӕндаг, Парецӕй — Парецы хӕдзарвӕндаг, Зарахӕй — Зарахы хӕдзарвӕндаг. 21 Ӕмӕ уыдысты Парецы фырттӕ: Есромӕй — Есромы хӕдзарвӕндаг, Хамулӕй — Хамулы хӕдзарвӕндаг. 22 Уыдон — Иудӕйы хӕдзарвӕндӕгтӕ, сӕ нымадмӕ гӕсгӕ — ӕвдай ӕхсӕз мин фондзсӕдӕ. 23 Иссахары байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Толайӕ — Толайы хӕдзарвӕндаг, Пуввайӕ — Пуввайы хӕдзарвӕндаг, 24 Йашувӕй — Йашувы хӕдзарвӕндаг, Шимронӕй — Шимроны хӕдзарвӕндаг. 25 Уыдон — Иссахары хӕдзарвӕндӕгтӕ, сӕ нымадмӕ гӕсгӕ — ӕхсай цыппар мин ӕртӕсӕдӕ. 26 Зевулоны байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Середӕй — Середы хӕдзарвӕндаг, Елонӕй — Елоны хӕдзарвӕндаг, Йахлеелӕй — Йахлеелы хӕдзарвӕндаг. 27 Уыдон — Зевулоны хӕдзарвӕндӕгтӕ, сӕ нымадмӕ гӕсгӕ — ӕхсай мин фондзсӕдӕ. 28 Йосефы байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Менассиа ӕмӕ Ефрем. 29 Менассиайы байзӕддӕгтӕ: Махирӕй — Махиры хӕдзарвӕндаг; Махирӕй райгуырд Галаад, Галаадӕй рацыд Галаады хӕдзарвӕндаг. 30 Галаады фырттӕ: Иезерӕй — Иезеры хӕдзарвӕндаг, Хелекӕй — Хелечы хӕдзарвӕндаг, 31 Асриелӕй — Асриелы хӕдзарвӕндаг, Шехемӕй — Шехемы хӕдзарвӕндаг, 32 Шемидайӕ — Шемидайы хӕдзарвӕндаг, Хеферӕй — Хеферы хӕдзарвӕндаг. 33 Хеферы фырт Цалфахадӕн фырт нӕ уыд, ӕрмӕст — чызджытӕ. Цалфахады чызджыты нӕмттӕ: Махла, Ноа, Хогла, Милка, Тирца. 34 Уыдон — Менассиайы хӕдзарвӕндӕгтӕ, нымад та дзы ӕрцыд — фӕндзай дыууӕ мин авдсӕдӕ. 35 Ефремы байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Шутелахӕй — Шутелахы хӕдзарвӕндаг, Бехерӕй — Бехеры хӕдзарвӕндаг, Таханӕй — Таханы хӕдзарвӕндаг. 36 Шутелахы байзӕддӕгтӕ: Еранӕй — Ераны хӕдзарвӕндаг. 37 Уыдон — Ефремы байзӕддӕгты хӕдзарвӕндӕгтӕ, сӕ нымадмӕ гӕсгӕ — ӕртын дыууӕ мин фондзсӕдӕ. Уыдон — Йосефы байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. 38 Бениамины байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Белайӕ — Белайы хӕдзарвӕндаг, Ашбелӕй — Ашбелы хӕдзарвӕндаг, Ахирамӕй — Ахирамы хӕдзарвӕндаг, 39 Шефуфамӕй — Шефуфамы хӕдзарвӕндаг, Хуфамӕй — Хуфамы хӕдзарвӕндаг. 40 Белайы фырттӕ уыдысты: Ард ӕмӕ Нааман. Ардӕй — Арды хӕдзарвӕндаг, Нааманӕй — Нааманы хӕдзарвӕндаг. 41 Уыдон — Бениамины байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ, нымад та дзы ӕрцыд цыппор фондз мин ӕхсӕзсӕдӕ. 42 Даны байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Шухамӕй — Шухамы хӕдзарвӕндаг; уыдон — Даны байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. 43 Шухамы хӕдзарвӕндӕгтӕ сӕ нымадмӕ гӕсгӕ ӕдӕппӕтӕй — ӕхсай цыппар мин ӕхсӕзсӕдӕ. 44 Асиры байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Имнайӕ — Имнайы хӕдзарвӕндаг, Ишвийӕ — Ишвийы хӕдзарвӕндаг, Бриайӕ — Бриайы хӕдзарвӕндаг. 45 Бриайы фырттӕй: Хеверӕй — Хеверы хӕдзарвӕндаг, Малкиелӕй — Малкиелы хӕдзарвӕндаг. 46 Асиры чызджы ном — Серах. 47 Уыдон — Асиры байзӕддӕгты хӕдзарвӕндӕгтӕ, сӕ нымадмӕ гӕсгӕ — фӕндзай ӕртӕ мин цыппарсӕдӕ. 48 Нафталийы байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Йахцеелӕй — Йахцеелы хӕдзарвӕндаг, Гунийӕ — Гунийы хӕдзарвӕндаг, 49 Йецерӕй — Йецеры хӕдзарвӕндаг, Шиллемӕй — Шиллемы хӕдзарвӕндаг. 50 Уыдон — Нафталийы байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ, сӕ нымадмӕ гӕсгӕ та цыппор фондз мин цыппарсӕдӕ. 51 Израилӕгтӕй нымад чи ӕрцыд, уыдоны нымӕц — ӕхсӕсӕдӕ иу мин авдсӕдӕ ӕртын. 52 Ӕмӕ Дунедарӕг загъта Моисейӕн: 53 «Адонӕн зӕхх хайгонд ӕрцӕудзӕн нӕмттӕм гӕсгӕ. 54 Фылдӕр чи у, уыцы мыггӕгтӕн ратт стырдӕр хай, сӕ нымӕц бирӕ кӕмӕн нӕу, уыдонӕн та — къаддӕр хӕйттӕ; алкӕмӕн дӕр хайгонд ӕрцӕудзӕн, хыгъдмӕ сӕ цал адӕймаджы бацыд, уымӕ гӕсгӕ. 55 Зӕхх дихгонд ӕрцӕудзӕн хӕлттӕм гӕсгӕ, алчи йӕ хӕдзарвӕндаджы фыдӕлы номӕй исдзӕни хай. 56 Стыр у ӕви чысыл — алы мыггагӕн дӕр халмӕ гӕсгӕ хай лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн». Левитты ног сфыст 57 Нымад чи ӕрцыд, уыцы левиттӕ та сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Гершонӕй — Гершоны хӕдзарвӕндаг, Кехатӕй — Кехаты хӕдзарвӕндаг, Мерарийӕ — Мерарийы хӕдзарвӕндаг. 58 Левийы байзӕддӕгтӕ: Ливнийы хӕдзарвӕндаг, Хевроны хӕдзарвӕндаг, Махлийы хӕдзарвӕндаг, Мушийы хӕдзарвӕндаг, Корахы хӕдзарвӕндаг; Кехатӕй та райгуырд Амрам. 59 Амрамы усы ном — Йохевед, Левийы усӕн Мысыры чи райгуырд, уыцы чызг. Йохевед та Амрамӕн ныййардта Аарон, Моисей ӕмӕ сӕ хо Мариамы. 60 Ааронӕн райгуырдысты Надав, Авигу, Елеазар, Итамар. 61 Надав ӕмӕ Авигу амардысты, нӕфӕтчиаг зынг Дунедарӕджы размӕ куы бахастой, уӕд. 62 Иумӕйдзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ нымадмӕ гӕсгӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты дыууын ӕртӕ мины; уыдонӕн израилӕгты ’хсӕн хай лӕвӕрд кӕй не ’рцыди, уымӕ гӕсгӕ израилӕгтимӕ нымад не ’рцыдысты. 63 Уый, Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар Моавы дӕлвӕзы, Иорданы был, Йерихоны бакомкоммӕ кӕй банымадтой, уыдон. 64 Се ’хсӕн, Моисей ӕмӕ сауджын Аарон Синайы ӕдзӕрӕг быдыры кӕй банымадтой, уыдонӕй иу дӕр нал уыди. 65 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыдонӕй загъта: «Амӕлдзысты ӕдзӕрӕг быдыры». Ӕмӕ сӕ ничиуал баззад, Иефоннейы фырт Калев ӕмӕ Нуны фырт Йешуайы йеддӕмӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia