Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Нымӕцтӕ 25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Муртаттаг гуымирытӕн кувыны азым

1 Ӕрбынат кодтой израилӕгтӕ Ситтимы, ӕмӕ моаваг сылгоймӕгтимӕ хӕтын райдыдтой.

2 Уыдон адӕмы сӕ хуыцӕутты нывӕндтӕм хуыдтой, ӕмӕ дзы хордтой адӕм ӕмӕ сын куывтой сӕ хуыцӕуттӕн.

3 Бандӕгъдысты израилӕгтӕ Баал-Пеорыл, ӕмӕ сӕм Дунедарӕджы маст ссыгъди.

4 Загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Адӕмы хицӕутты се ’ппӕты дӕр Дунедарӕджы раз хурмӕ байтындз, ӕмӕ ӕрсабыр уыдзӕн Дунедарӕджы маст израилӕгтӕм».

5 Моисей загъта Израилы фӕтӕгтӕн: «Алчидӕр уӕ, йӕ адӕмӕй Баал-Пеормӕ чи кувы, уыдоны амарӕд».

6 Ӕмӕ дын мӕнӕ израилӕгтӕй иу ӕрбацыд ӕмӕ йе ’фсымӕртӕм, Моисей ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйы раз, уыдон Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ куыд куыдтой, афтӕ мидианаг сылгоймаджы куы ӕрбакӕнид.

7 Пинхас, Елеазары фырт, сауджын Аароны фырты фырт, уый куы федта, уӕд адӕмы ’хсӕнӕй сыстад ӕмӕ арц райста.

8 Уыцы израиладжы фӕстӕ цатырмӕ бацыд ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр арц ныссагъта, израиладжы дӕр амардта ӕмӕ сылгоймаджы дӕр. Уыйадыл израилӕгтӕ рыны азарӕй фервӕзтысты.

9 Рын кӕй ныццагъта, уыдон уыдысты цыппар ӕмӕ ссӕдз мины.

10 Дунедарӕг Моисейӕн загъта:

11 «Елеазары фырт, сауджын Аароны фырты фырт Пинхас мын Мӕ маст аздӕхта израилӕгтӕй, афтӕ ӕнувыд Мыл кӕй разындис, уымӕй, ӕмӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, Ӕз нал ныццагътон израилӕгты.

12 Зӕгъ ын: Ӕз йемӕ аразын сабырдзинады фидыд.

13 Уыцы фидыдмӕ гӕсгӕ Пинхас ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн мыггагмӕ лӕвӕрд цӕуы сауджыны ном, йӕ Хуыцауыл афтӕ ӕнувыд кӕй у ӕмӕ израилӕгты сӕ тӕригъӕдӕй кӕй фервӕзын кодта, уый тыххӕй».

14 Мидианаг сылгоймагимӕ чи фӕмард, уыцы израилаг хуынди Зимри, Салуйы фырт, Симеоны хӕдзарвӕндӕгтӕй иуы хистӕр.

15 Чи фӕмард ис, уыцы мидианаг сылгоймаг та — Козби, йӕ фыд — Цур, мидианаг хӕдзарвӕндӕгтӕй иуы хистӕр.

16 Дунедарӕг Моисейӕн загъта:

17 «Мидианӕгты фӕдыл зилут ӕмӕ сӕ дӕрӕн кӕнут,

18 уымӕн ӕмӕ уын знаггад кӕнынц. Пеормӕ дӕр уыдоны аххосӕй бабӕллыдыстут ӕмӕ, Пеоры фыдӕй рын куы сыстад, уӕд цы сылгоймаг фӕмард ис, мидианӕгты фӕтӕджы чызг Козби, уый дӕр со хо уыди».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan