Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Нымӕцтӕ 24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ӕмӕ федта Балаам, Дунедарӕджы фӕндон кӕй у Израилӕн арфӕ кӕнын, ӕмӕ раздӕрау ӕвдисӕйнӕгтӕ нал агуырдта, фӕлӕ йе ’ргом ӕдзӕрӕг быдырмӕ аздӕхта.

2 Балаам афӕлгӕсыд ӕмӕ федта Израилы фырттӕй алкӕй дӕр йӕ бынаты хӕдзарвӕндаггай лӕугӕ. Хуыцауы Уд ыл ӕртыхсти,

3 ӕмӕ загъта: «Дзуры Балаам, Беоры фырт, цы уыдзӕн, уый развӕлгъау чи зоны,

4 Хуыцауы ныхӕстӕ чи хъусы, Ӕппӕтхъомысы цӕстылуайӕнтӕ чи уыны, зӕххыл чи ӕрхауы, фӕлӕ йӕ цӕстытӕ гомӕй кӕмӕн баззайынц, уый:

5 куыд рӕсугъд сты дӕ цатыртӕ, Йаков, дӕ цӕрӕнтӕ, Израил!

6 Сӕхи айтыгътой цъӕх дӕлвӕзтау, доны был дыргъдӕттау, Дунедарӕг кӕй ныссагъта, цыма суадоны раз кедртӕ, уыцы алой бӕлӕстау!

7 Сӕ къалиутӕй дон тӕдздзӕн, ӕмӕ донхъуаг никуы уыдзысты сӕ байзӕддӕгтӕ стыр доны был. Агагӕй фӕуӕлдӕр уыдзӕни сӕ паддзах, сбӕрзонд уыдзӕни йӕ паддзахад.

8 Мысырӕй сӕ Чи ракодта, Уыцы Хуыцауӕн Йӕ хъомыс — хъӕддаг галы сыкъатау! Уый аныхъуырдзӕни знаг адӕмты, се стджытӕ сын ныззыгуым кӕндзӕн, сӕ фӕттӕ сын ныссӕтдзӕн!

9 Йӕхи ӕруагъта зӕххыл, домбайау ӕрхуыссыд — чи йӕ бауӕнддзӕн бахъыгдарын? Дӕуӕн арфӕ чи ракӕна, уый арфӕгонд у, чи дӕ фелгъита — ӕлгъыст».

10 Рафыхти Балакӕн йӕ маст Балааммӕ, йӕ къухтӕ йыл сцагъта ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕм ме знӕгты ралгъитынмӕ фӕдзырдтон, ды та сын ныр ӕртыккаг хатт арфӕ кӕныс!

11 Фесӕф мӕ разӕй, згъоргӕ кӕн уӕхимӕ! Мӕ зӕрды дын скад кӕнын уыди, фӕлӕ дӕ Дунедарӕг кадӕй ӕнӕхай фӕкодта».

12 Ӕмӕ загъта Балаам Балакӕн: «Дӕ минӕвӕрттӕн афтӕ куы загътон:

13 „Балак мын йӕ хӕдзар куы ратта, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй йемыдзагӕй, уӕд дӕр мын Дунедарӕджы ныхасы сӕрты ахизӕн нӕй — хорз дӕр ӕмӕ ӕвзӕр дӕр мӕхи фӕндӕй нӕ бакӕндзынӕн. Дунедарӕг цы зӕгъа, уый дзурдзынӕн“.

14 Ныр та мӕ бӕстӕм здӕхын. Хӕстӕгдӕр ӕрбацу, ӕмӕ дын зӕгъон, ацы адӕм сомбон дӕ адӕмӕн цы бакӕндзысты, уый».


Балаамы пехуымпар ныхас

15 Ӕмӕ загъта йӕ ныхас: «Дзуры Балаам, Беоры фырт, цы уыдзӕн, уый развӕлгъау чи зоны, уыцы лӕг,

16 Хуыцауы ныхӕстӕ чи хъусы, йӕ зонынад Иууылбӕрзондӕй лӕвӕрд кӕмӕн у, Ӕппӕтхъомысы цӕстылуайӕнтӕ чи уыны, зӕххыл чи ӕрхауы, фӕлӕ йӕ цӕстытӕ гомӕй кӕмӕн баззайынц, уый.

17 Цы нӕма ӕрцыди, уый уынын, нырма дард цы у, уый мӕм зыны; Йаковӕй стъалы ссыди, растади Израилы лӕдзӕг — ныссӕтдзӕн Моавы тӕрных, ныззыгуым кӕндзӕн Шеты байзӕддӕгты.

18 Саст ӕрцӕудзӕн Едом, знаджы къухмӕ бахаудзӕн Сеир, Израил та йӕ хъару равдисдзӕн.

19 Йаковы байзӕддаг хицау суыдзӕн, сахары ма чи баззади, уыдоны ныццӕгъддзӕн».

20 Ӕркасти Балаам амалекӕгтӕм ӕмӕ загъта: «Адӕмты фыццаг — амалекӕгтӕ, фӕлӕ сӕ мыггаг дӕр нал баззайдзӕн».

21 Ӕркасти Балаам кенӕгтӕм ӕмӕ загъта: «Фидар у дӕ цӕрӕн, къӕдзӕхыл — дӕ ахстон!

22 Фӕлӕ Каин гӕныстонмӕ ’рцӕудзӕн, Ассири уӕ уацары куы акӕна, уӕд».

23 Загъта йӕ ныхас Балаам: «Оххай! Йӕ фӕнд куы сӕххӕст кӕна Хуыцау, уӕд ма удӕгасӕй чи баззайдзӕни?

24 Мӕнӕ Киттимӕй ӕрбацӕуынц наутӕ ӕмӕ басӕтдзысты Ассири ӕмӕ Еверы зӕххытӕ, фӕлӕ сӕхӕдӕг дӕр царӕфтыд фӕуыдзысты!»

25 Ӕмӕ аздӕхт Балаам йӕ бӕстӕм, Балак та йӕ хӕдзармӕ ацыд.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan