Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Нымӕцтӕ 23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Балаам Балакӕн загъта: «Сараз мын ацы ран авд нывондхӕссӕны ӕмӕ акусарт кӕн авд уӕныджы ӕмӕ авд фыры».

2 Балак, Балаам ын куыд загъта, афтӕ бакодта, ӕмӕ нывӕндтӕ ӕрхастой Балак ӕмӕ Балаам: алы нывондхӕссӕныл дӕр — фӕйнӕ уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ фыры.

3 Балаам Балакӕн загъта: «Лӕуу ды дӕ иууылсудзинӕгты раз, ӕз та уал мӕхи иуварс айсон, кӕд Дунедарӕг мӕ размӕ рацӕуид, ӕмӕ мын цы раргом кӕна, уый дын радзурдзынӕн». Ацыди иунӕгӕй быгъдӕг къуыбырмӕ.

4 Хуыцау уым Йӕхи раргом кодта Балааммӕ. Загъта Балаам: «Авд нывондхӕссӕны сарӕзтон ӕмӕ нывӕндтӕ ӕрхастон: алы нывондхӕссӕныл дӕр — фӕйнӕ уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ фыры».

5 Бавӕрдта Дунедарӕг Йӕ ныхас Балаамы комы ӕмӕ йын загъта: «Аздӕх Балакмӕ ӕмӕ йын ӕй фехъусын кӕн».

6 Ӕмӕ йӕм раздӕхт, ӕмӕ мӕнӕ лӕууынц йӕ иууылсудзинаджы раз уый ӕмӕ Моавы ӕлдӕрттӕ иууылдӕр.

7 Ӕмӕ загъта Балаам йӕ ныхас: «Арамӕй мӕ ӕрбакодта Балак, скӕсӕны хӕхтӕй мӕ ӕрбакодта Моавы паддзах: „Ӕрцу ӕмӕ мын мӕ курдиат сӕххӕст кӕн: Йаковы ралгъит, ӕрцу ӕмӕ Израилы бабын кӕн!“

8 Куыд ралгъитон ӕз, Хуыцау кӕй не ’лгъиты, уый? Куыд бабын кӕнон ӕз, Дунедарӕг кӕй нӕ сафы, уый?

9 Къӕдзӕхы сӕрӕй сӕм кӕсын, къуылдымтӕй сӕм фӕлгӕсын: хибарӕй цӕрынц ӕмӕ иннӕ адӕмтимӕ нымад не сты уыцы адӕм.

10 Йаковы байзӕддагӕн змисӕй уӕлдай банымайӕн нӕй, рыджы муртау ӕнӕнымӕц сты израилӕгтӕ. Уадз ӕмӕ ӕз рӕстгӕнджыты мӕлӕтӕй амӕлон, раст адӕймаджы царды кӕронау уӕд мӕ мӕлӕты бон!»

11 Ӕмӕ загъта Балак Балаамӕн: «Цы ми мын кӕныс? Ӕз дӕ ме знӕгты ралгъитынмӕ ӕрбакодтон, ды та сын арфӕ кӕныс!»

12 Уый йын дзуапп радта: «Дунедарӕг мын мӕ комы цы бавӕрдта, уый хъуамӕ, куыд у, афтӕ ма зӕгъон?»


Балаамы дыккаг арфӕ

13 Ӕмӕ йын загъта Балак: «Цом мемӕ ӕндӕр ранмӕ ӕмӕ сӕ уырдыгӕй фендзынӕ — се ’ппӕты нӕ, ӕрмӕстдӕр сӕ рӕсӕнуаты кӕрон. Мӕ курдиат мын сӕххӕст кӕн ӕмӕ сӕ ралгъит уырдыгӕй».

14 Уыйадыл ӕй ахуыдта Цофимы быдырмӕ, Фасгайы сӕрмӕ; сарӕзта авд нывондхӕссӕны ӕмӕ ӕрхаста нывӕндтӕ: алы нывондхӕссӕныл дӕр — фӕйнӕ уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ фыры.

15 Балаам загъта Балакӕн: «Афтӕ лӕуу ды дӕ иууылсудзинаджы раз, ӕз та уырдӕм, Йӕ размӕ, ауайон».

16 Ӕмӕ раргом кодта Дунедарӕг Йӕхи Балааммӕ, Йӕ ныхас ын йӕ комы бавӕрдта ӕмӕ йын загъта: «Аздӕх Балакмӕ ӕмӕ йын ӕй фехъусын кӕн».

17 Ацыди Балаам Балакмӕ, ӕмӕ дын мӕнӕ йӕ иууылсудзинаджы уӕлхъус лӕууы, йӕ разы — Моавы уӕздӕттӕ. Бафарста Балак: «Цы загъта Дунедарӕг?»

18 Ӕмӕ загъта Балаам йӕ ныхас: «Сыст, Балак, ӕмӕ ӕрбайхъус, лӕмбынӕг ӕрбайхъус, Ципоры фырт!

19 Хуыцау адӕймаг нӕу — мӕнг ныхӕстӕ нӕ кӕны, адӕмы хуызӕн Йӕ хъуыды нӕ ивы. Зӕгъа ӕмӕ ма бакӕна? Зӕрдӕ бавӕра ӕмӕ Йӕ ныхас ма сӕххӕст кӕна?

20 Арфӕ ракӕнынмӕ ӕвзӕрст ӕрцыдтӕн ӕз: Уый арфӕ ракодта, ӕмӕ йӕ мӕнӕн мӕ бон аивын нӕу.

21 Фыдбылызӕй хызт у Йаков, бӕллӕхӕй тас нӕу Израилӕн. Дунедарӕг, сӕ Хуыцау, семӕ ис, Паддзах Ӕй скодтой сӕхицӕн.

22 Хуыцау израилӕгты ракодта Мысырӕй, Йӕ хъомыс — хъӕддаг галы сыкъатау.

23 Нӕй хин Йаковы ныхмӕ, ӕдых у кӕлӕн Израилы ныхмӕ. Дзурдзысты ныр Йаковӕй, Израилӕй: „Уынут, Хуыцау цытӕ кӕны!“

24 Ацы адӕм сыстынц домбайау ӕмӕ, цалынмӕ сӕ амӕттаджы акъабӕзтӕ кӕнынц ӕмӕ тугӕй бафсӕдынц, уӕдмӕ ӕнцой нӕ зонынц».

25 Ӕмӕ Балак загъта Балаамӕн: «Ӕлгъитгӕ дӕр сӕ ма фӕкӕн ӕмӕ сын арфӕ дӕр ма ракӕн».

26 Ӕмӕ Балаам дзуапп радта Балакӕн: «Афтӕ дын куы загътон, Дунедарӕг цыдӕриддӕр зӕгъа, уый бакӕндзынӕн, зӕгъгӕ».


Балаамы ӕртыккаг арфӕ

27 Балак загъта Балаамӕн: «Цом, ӕндӕр бынатмӕ дӕ акӕнон. Чи зоны, Хуыцауы зӕрдӕмӕ уый тынгдӕр фӕцӕуа, ӕмӕ мын сӕ уырдыгӕй ралгъитдзынӕ».

28 Балак Пеоры сӕрмӕ скодта Балаамы — уырдыгӕй ӕдзӕрӕг быдыр хорз зынди.

29 Загъта Балаам Балакӕн: «Сараз мын ацы ран авд нывондхӕссӕны ӕмӕ мын акусарт кӕн авд уӕныджы ӕмӕ авд фыры».

30 Балак, Балаам ын куыд загъта, афтӕ бакодта ӕмӕ нывӕндтӕ ӕрхаста: алы нывондхӕссӕныл дӕр — фӕйнӕ уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ фыры.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan