Нымӕцтӕ 21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Негеваг Арады паддзах, ханаанаг, фехъуыста, Атариммӕ фӕндагыл кӕй фӕцӕуынц израилӕгтӕ. Семӕ схӕцыди ӕмӕ дзы кӕйдӕрты уацары райста. 2 Уӕд израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн басомы кодтой: «Ацы адӕмы нын кӕд нӕ къухмӕ раттай, уӕд сын сӕ сахартӕ ӕлгъыстаг фӕкӕндзынӕн». 3 Дунедарӕгмӕ фехъуысти Израилы сомы, ӕмӕ йын ханаанӕгты йӕ къухмӕ радта. Израилӕгтӕ сын ӕлгъыстаг фӕкодтой сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ сахартӕ дӕр. Уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы бынат хонынц Хорма. 4 Ӕмӕ рараст сты Оры хохӕй Сырх денджызмӕ фӕндагыл, цӕмӕй Едомы бӕстӕйы иувӕрсты ацӕуой. Фӕндагыл адӕм бастадысты. 5 Бустӕ кодтой Хуыцау ӕмӕ Моисейыл: «Цӕмӕн нӕ ракодтат Мысырӕй? Ӕдзӕрӕг быдыры амӕлынмӕ? Ам къӕбӕр дӕр ӕмӕ дон дӕр нӕй, ӕмӕ нӕ уд хауы ацы нӕбӕззон хӕринагӕй». 6 Ӕмӕ Дунедарӕг маргджын кӕлмыты ахӕсты фӕкодта адӕмы, ӕмӕ израилӕгтӕй дзӕвгар фӕмарди уыдоны хӕстӕй. 7 Бацыдысты адӕм Моисеймӕ ӕмӕ загътой: «Тӕригъӕд ракодтам мах, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхмӕ ӕмӕ дӕ ныхмӕ дзырдтам. Скув Дунедарӕгмӕ, цӕмӕй нӕ кӕлмытӕй фервӕзын кӕна». Скуывта Моисей адӕмы тыххӕй, 8 ӕмӕ Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Сараз дӕхицӕн калмы ныв, хъилыл ӕй бакӕн ӕмӕ-иу ӕм, калм кӕуыл фӕхӕцыд, ахӕм исчи куы бакӕса, уӕд удӕгасӕй баззайдзӕн». 9 Ӕмӕ сарӕзта Моисей ӕрхуы калм ӕмӕ йӕ хъилыл бакодта, ӕмӕ-иу калмдзӕф адӕймаг ӕрхуы калммӕ куы бакасти, уӕд-иу удӕгасӕй баззад. 10 Араст сты израилӕгтӕ ӕмӕ Овоты ӕрӕнцадысты. 11 Ӕмӕ рараст сты Овотӕй ӕмӕ, Моавы бакомкоммӕ хурыскӕсӕны ’рдыгӕй цы ӕдзӕрӕг быдыр ис, Ийе-Хаварим, уым ӕрлӕууыдысты. 12 Уырдыгӕй рараст сты ӕмӕ Зереды дӕлвӕзы ӕрӕнцадысты. 13 Рараст сты уырдыгӕй ӕмӕ, ӕдзӕрӕг быдыры чи ис, аморӕгты арӕны ӕдде, Арноны уыцы хайыл ӕрӕнцадысты. Уымӕн ӕмӕ Арнон у Моавы арӕн, Моав ӕмӕ аморӕгты ӕхсӕн ис. 14 Уымӕн загъдӕуы Дунедарӕджы хӕстыты чиныджы дӕр: «Суфы чи ис, уыцы Вахев, Арнон 15 ӕмӕ кӕмтты фӕхстӕ сӕхи айтыгътой Ары онг ӕмӕ Моавы арӕныл банцой кодтой». 16 Уырдыгӕй араст сты Беермӕ, Дунедарӕг Моисейӕн афтӕ кӕмӕй загъта, ӕрбамбырд кӕн адӕмы ӕмӕ сын Ӕз сын дон ратдзынӕн, уыцы Цъаймӕ. 17 Уӕд ныззарыд Израил ацы зарӕг: «Йедзаг кӕн, цъай, зарут ын: 18 „Сӕ лӕдзджытӕй, сӕ старцытӕй фӕтӕгтӕ кӕй къахтой, адӕмы раздзӕуджытӕ кӕй къахтой, гъе уыцы цъай“». Ӕдзӕрӕг быдырӕй араст сты Маттанамӕ. 19 Маттанайӕ — Нахалиелмӕ, Нахалиелӕй та — Бамотмӕ. 20 Бамотӕй — Моавы быдырты, ӕдзӕрӕг быдыры чи зыны, уыцы Фасгайы хохы сӕрмӕ. 21 Ӕмӕ арвыста Израил лӕгтӕ Сигонмӕ, аморӕгты паддзахмӕ, цӕмӕй йӕм бахатой: 22 «Ауадз мӕ дӕ зӕххыл ацӕуын. Нӕ бацӕудзыстӕм дӕ быдыртӕ ӕмӕ дӕ сӕндӕттӕм, дӕ цъайтӕй дон нӕ бануаздзыстӕм. Паддзахвӕндагыл цӕудзыстӕм, цалынмӕ дӕ арӕнӕй ахизӕм, уӕдмӕ». 23 Фӕлӕ Сигон Израилӕн йӕ зӕххыл ацӕуыны бар нӕ радта; ӕрбамбырд кодта йе ’ппӕт адӕмы ӕмӕ Израилы ныхмӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ рацыд. Йахацмӕ бахӕццӕ ӕмӕ Израилимӕ схӕцыд. 24 Ныддӕрӕн ӕй кодта Израил ӕмӕ йын йӕ зӕхх байста Арнонӕй Йавокмӕ, аммонӕгты онг, уымӕн ӕмӕ аммонӕгты арӕн фидар уыд. 25 Басаста Израил уыцы сахартӕ иууылдӕр ӕмӕ ӕрбынат кодта аморӕгты ӕппӕт сахарты, Хешбон ӕмӕ йӕ алфамбылӕйтты. 26 Уымӕн ӕмӕ Хешбон уыди Сигоны, аморӕгты паддзахы, сахар. Уый та хӕцыди Моавы раздӕры паддзахимӕ ӕмӕ йын йӕ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй, суанг Арноны онг, йӕхи бакодта. 27 Уымӕн дзурынц кадӕггӕнджытӕ: «Ӕрцӕут Хешбонмӕ! Сигоны сахар арӕзт ӕмӕ фидаргонд ӕрцӕуӕд! 28 Уымӕн ӕмӕ рацыди Хешбонӕй цӕхӕр, Сигоны сахарӕй — арт ӕмӕ аныхъуырдта Ар-Моавы, Арноны бӕрзӕндты хицӕутты. 29 Дудгӕ фӕбадай, Моав! Бабын стут, Кемошы адӕм, уӕ фырттӕ лидзӕг фесты, уӕ чызджытӕ Сигоны, аморӕгты паддзахы, уацайрӕгтӕ баисты! 30 Фатты бын сӕ фӕкодтам; бацарӕфтыд кодтам Хешбон Дивоны онг, гӕныстон фӕци, Медевайы раз чи ис, уыцы Нофахы онг». 31 Израилӕгтӕ ӕрбынӕттон сты аморӕгты зӕххыл. 32 Моисей бӕрӕггӕнӕг арвыста Йазермӕ, ӕмӕ йын израилӕгтӕ бацахстой йӕ алыварс хъӕутӕ, аморӕгты бынаты ӕрцардысты. 33 Уырдыгӕй куы фӕзылдысты, уӕд израилӕгтӕ Башанмӕ фӕндагыл араст сты. Ог, Башаны паддзах, йӕ адӕмимӕ гӕрзифтонгӕй сӕ размӕ рацыд ӕмӕ Едреийы цур семӕ схӕцыд. 34 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ма дзы тӕрс: дӕ къухмӕ дын дӕттын Ӕз йӕхи дӕр, йӕ адӕмы дӕр ӕмӕ йӕ бӕстӕ дӕр. Сигонӕн, аморӕгты паддзахӕн, Хешбоны цӕрӕгӕн куыд бакодтай, уымӕн дӕр афтӕ бакӕн». 35 Ӕмӕ йын амардтой йӕхи, йӕ фыртты ӕмӕ йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр, иуы дӕр дзы удӕгасӕй нал ныууагътой, ӕмӕ йын йӕ зӕхх сӕхи бакодтой. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia