Нымӕцтӕ 20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Фыццаг мӕйы мӕйноджы израилӕгтӕ Цины ӕдзӕрӕг быдырмӕ бахӕццӕ сты. Дзыллӕ Кадешы ӕрлӕууыдысты. Уыцы ран Мариам амард, ӕмӕ йӕ уым баныгӕдтой. 2 Дзыллӕ донхъуаг ӕййӕфтой, ӕмӕ Моисей ӕмӕ Аароныл ӕртыгуыр сты. 3 Моисеимӕ загъд кодтой: «Фӕлтау мах дӕр Дунедарӕджы раз куы ӕрбамардаиккам не ’фсымӕртау! 4 Цӕмӕн ӕрбакодтат ды ӕмӕ Аарон Дунедарӕджы дзыллӕйы ацы ӕдзӕрӕг быдырмӕ? Цӕмӕй нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ фос дӕр ам амӕлӕм? 5 Цӕмӕн нӕ ракодтат Мысырӕй ацы ӕлгъыст ранмӕ, исты байтауӕн кӕм нӕй, легъуи, сӕнӕфсир, гранат кӕм нӕ зайы, уырдӕм? Дон дӕр дзы куы нӕй нуазынӕн!» 6 Моисей ӕмӕ Аарон адӕмы ӕмбырдӕй ныууагътой, Фембӕлды Цатыры размӕ ацыдысты ӕмӕ сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой. Дунедарӕджы кад сӕм Йӕхи равдыста, 7 ӕмӕ Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 8 «Райс мӕнӕ ацы лӕдзӕг, ӕмӕ де ’фсымӕр Ааронимӕ дзыллӕйы ӕрбамбырд кӕнут. Стӕй, иууылдӕр уӕ куыд уыной, афтӕмӕй къӕдзӕхӕн зӕгъут, дон ратт, зӕгъгӕ. Къӕдзӕхы хуылфӕй сын ды дон самал кӕндзынӕ сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фосӕн дӕр». 9 Моисей Дунедарӕджы разӕй, куыд ын загъта, афтӕ лӕдзӕг райста. 10 Ӕрбамбырд кодтой Моисей ӕмӕ Аарон адӕмы къӕдзӕхы размӕ, ӕмӕ сын Моисей загъта: «Ӕрбайхъусут-ма, ӕнӕсӕттонтӕ! Ау, ныр уын хъуамӕ мӕнӕ ацы къӕдзӕхӕй рауадзӕм дон?» 11 Уыцы ныхӕстимӕ Моисей йӕ лӕдзӕгӕй дыууӕ хатты ныццавта къӕдзӕх. Къӕдзӕхӕй уый бӕрц дон фемӕхст, ӕмӕ адӕмӕн дӕр ӕмӕ сӕ фосӕн дӕр фаг уыд. 12 Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Фаг Мыл кӕй нӕ баууӕндыдыстут ӕмӕ, Уаз кӕй Дӕн, уый израилӕгты раз кӕй нӕ равдыстат, уымӕ гӕсгӕ ацы адӕмы, цы бӕстӕ сын дӕттын, уырдӕм сымах нӕ бакӕндзыстут». 13 Ацы дон — Мерива. Уым израилӕгтӕ Дунедарӕгимӕ схъаугъа сты, ӕмӕ сын, уаз кӕй у, уый равдыста. 14 Кадешӕй Моисей лӕгтӕ арвыста Едомы паддзахмӕ, цӕмӕй йын фехъусын кӕной: «Афтӕ зӕгъы де ’фсымӕр Израил: нӕ фыдӕбӕттӕ нын зоныс. 15 Нӕ фыдӕлтӕ Мысырмӕ фӕцыдысты, ӕмӕ Мысыры бирӕ фӕцардыстӕм. Мысырӕгтӕ мах дӕр нӕ фыдӕлтау уӕлӕмӕ скӕсын нӕ уагътой. 16 Дунедарӕгмӕ куы сдзынӕзтам, уӕд нӕ Уый фехъуыста. Рарвыста нӕм зӕды, ӕмӕ нӕ уый Мысырӕй ракодта. Ныр мӕнӕ Кадешы сахары стӕм, дӕ арӕнгӕрон. 17 Бар нын ратт, цӕмӕй дӕ зӕххыл нӕ фӕндаг акӕнӕм. Дӕ хуымтӕ ӕмӕ дын дӕ сӕндӕттыл нӕ ацӕудзыстӕм, дӕ цъайты донӕй дын нӕ бануаздзыстӕм. Паддзахвӕндагыл ацӕудзыстӕм, рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр нӕ фӕзилдзыстӕм, цалынмӕ дӕ арӕнӕй ахизӕм, уӕдмӕ». 18 Едомӕгтӕ загътой: «Нӕ зӕххыл ацӕуын уӕ нӕ бауадздзыстӕм! Куы бафӕлварат, уӕд кӕрдтимӕ уӕ размӕ ралӕудзыстӕм!» 19 Израилӕгтӕ загътой: «Над фӕндагыл ацӕудзыстӕм. Уӕ донӕй уын куы бануазӕм, нӕ фосӕн дзы куы бадарӕм, уӕд уын бафиддзыстӕм. Ницы нӕ хъӕуы, ӕрмӕстдӕр нӕ ацӕуын бауадзут!» 20 Фӕлӕ уыдон загътой: «Нӕ ацӕудзыстут нӕ зӕххыл!» Ӕмӕ гӕрзифтонг стыр ӕфсадӕй сӕ ныхмӕ ралӕууыдысты. 21 Едомӕгтӕй сӕ бон куы базыдтой, уӕд израилӕгтӕ ӕндӕр рӕтты ацыдысты. 22 Кадешӕй араст сты израилӕгтӕ ӕмӕ Оры хохмӕ бахӕццӕ сты. 23 Оры хохрӕбын, Едомы арӕнмӕ хӕстӕг, Дунедарӕг загъта Моисей ӕмӕ Ааронӕн: 24 «Аарон хъуамӕ йӕ сыджытыл бафта. Меривайы раз Мӕ коммӕ кӕй нӕ бакастыстут, уый тыххӕй Аарон, Ӕз израилӕгтӕн кӕй дӕттын, уыцы зӕхмӕ нӕ бацӕудзӕн. 25 Аарон ӕмӕ йӕ фырт Елеазары Оры хохмӕ скӕн. 26 Ааронӕн йӕ дарӕс ралас ӕмӕ йын сӕ йӕ фырт Елеазарыл скӕн. Аарон уыцы ран амӕлдзӕн ӕмӕ йӕ сыджытыл бафтдзӕн». 27 Моисей, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ бакодта. Дзыллӕйы раз ссыдысты Оры хохмӕ, 28 ӕмӕ уыцы ран Моисей раласта йӕ дарӕс Ааронӕн ӕмӕ йын сӕ йӕ фырт Елеазарыл скодта. Аарон уым, хохы сӕр, амарди, Моисей ӕмӕ Елеазар та дӕлӕмӕ ӕрцыдысты. 29 Дзыллӕ Аароны марды хабар фехъуыстой, ӕппӕт израилӕгтӕ йыл дӕс ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы фӕкуыдтой. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia