Нымӕцтӕ 17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстАароны къуыпафтауӕг лӕдзӕг 1 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 2 «Зӕгъ израилӕгтӕн ӕмӕ сын дыууадӕс лӕдзӕджы ӕрбахӕссын кӕн — мыггӕгты фӕтӕгты лӕдзджытӕ. Алы лӕдзӕгыл дӕр йӕ хицауы ном ныффысс, 3 Левийы мыггаджы лӕдзӕгыл ныффысс Аароны ном. Фӕйнӕ лӕдзӕджы — алы мыггаджы хистӕрӕй. 4 Бавӕр лӕдзджытӕ Фембӕлды Цатыры, Фидыды Чырыны раз, Ӕз уӕм кӕм раргом вӕййын, уыцы ран. 5 Кӕцы лӕдзӕг равзарон, уый цъӕх адардзӕн — Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, цӕмӕй израилӕгтӕ уӕ ныхмӕ мауал змӕнтой». 6 Моисей фехъусын кодта уыцы фӕндон израилӕгтӕн, ӕмӕ ӕрбахастой сӕ фӕтӕгтӕ сӕ лӕдзджытӕ, дыууадӕс лӕдзӕджы, алы фӕтӕгӕй дӕр — фӕйнӕ, ӕмӕ ма ноджы — Аароны лӕдзӕг. 7 Моисей лӕдзджытӕ Дунедарӕджы раз сӕвӕрдта Фембӕлды Цатыры. 8 Дыккаг бон бацыди Моисей Фембӕлды Цатырмӕ, кӕсы, ӕмӕ Аароны лӕдзӕг, Левийы мыггаджы лӕдзӕг, цъӕх адардта, дидинӕг акалдта, ӕмӕ йе ’хсӕртӕ сцӕттӕ сты. 9 Рахаста Моисей лӕдзджытӕ Дунедарӕджы разӕй, израилӕгтӕ сӕм ӕркастысты, ӕмӕ алчи йӕ лӕдзӕг айста. 10 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Аароны лӕдзӕг Фидыды Чырыны раз сӕвӕр, уадз ӕмӕ уым ӕфснайд уа — хивӕнд адӕймӕгтӕн ӕвдисӕйнагӕн. Афтӕмӕй сын сӕ хъуыр-хъуырӕн кӕрон скӕндзынӕ, ӕмӕ нал бабын уыдзысты». 11 Моисей, Дунедарӕг ын куыд загъта, растдӕриддӕр афтӕ бакодта. 12 Израилӕгтӕ загътой Моисейӕн: «Сӕфӕм, быныскъуыд кӕнӕм! 13 Дунедарӕджы Уаз Цӕрӕнмӕ чидӕриддӕр хӕстӕг бацӕуа, уый амӕлдзӕн! Ау, не ’ппӕт дӕр хъуамӕ бабын уӕм?» |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia