Нымӕцтӕ 16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстКорахы растад 1 Корах, Левийы фырт Кехатӕн йӕ фырт Ицхары фырт, йемӕ — Рувимы байзӕддӕгтӕ: Елиавы фырттӕ Датан ӕмӕ Авирам, стӕй Пелеты фырт Он 2 Моисейы ныхмӕ рацыдысты. Израилӕгтӕй дыууӕсӕдӕ фӕндзай лӕджы сӕ фарс рахӕцыдысты, се ’ппӕт дӕр — дзыллӕйы фӕтӕгтӕ, ӕвзӕрст адӕм, нымад лӕгтӕ. 3 Моисей ӕмӕ Аароны алыварс ӕрлӕууыдысты ӕмӕ сын загътой: «Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд! Дзыллӕ иууылдӕр сыгъдӕг сты, ӕмӕ Дунедарӕг ис се ’хсӕн! Уӕдӕ уӕхи Дунедарӕджы ӕмбырдӕй уӕлдӕр цӕмӕн кӕнут?» 4 Моисей уый куы фехъуыста, уӕд йӕ зонгуытыл ӕрхауди. 5 Корах ӕмӕ йӕ хъузӕттӕн загъта: «Райсом сӕумӕйӕ равдисдзӕн Дунедарӕг, Йӕхи чи у ӕмӕ сыгъдӕг чи у, стӕй Йӕхимӕ хӕстӕг бацӕуын кӕй уадзы, уый. Кӕй равзӕрста, уымӕн Йӕхимӕ хӕстӕг бацӕуыны бар ратдзӕн. 6 Будсудзӕнтӕ райсут, Корах ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ, 7 сӕ хуылфы сын зынджытӕ ӕмӕ буд цӕвӕрут ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕуут. Дунедарӕг кӕй равзара, сыгъдӕг уый у. Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд, Левийы байзӕддӕгтӕ!» 8 Моисей Корахӕн загъта: «Байхъусут-ма, Левийы байзӕддӕгтӕ! 9 Израилы Хуыцау уӕ израилӕгты ’хсӕнӕй равзӕрста ӕмӕ уӕ Йӕхимӕ ӕрбахӕстӕг кодта, Уаз Цӕрӕны кусыны ӕмӕ уын дзыллӕйӕн лӕггад кӕныны бар радта. Ау, уый уын фаг нӕу? 10 Дунедарӕг дӕу ӕмӕ де ’фсымӕрты, Левийы байзӕддӕгты, Йӕхимӕ ӕрбаввахс кодта, сымах та ма сауджын уӕвын дӕр домут! 11 Ды ӕмӕ дӕ хъузӕттӕ Дунедарӕджы ныхмӕ сыстадыстут! Уыцы ран Аарон цы гӕнӕг у, цӕмӕй дзы хъаст кӕнат?» 12 Моисей арвыста Датан ӕмӕ Авираммӕ, Елиавы фырттӕм, фӕлӕ уыдон загътой: «Нӕ ацӕудзыстӕм! 13 Йӕ зӕххӕй ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕмӕн хъары, уыцы бӕстӕй нӕ ракодтай, цӕмӕй ӕдзӕрӕг быдыры не сӕфт ссарӕм, ӕмӕ дын уый фаг нӕу? Ноджы ма дӕ махӕн хицау суӕвын дӕр фӕнды? 14 Кӕд нӕ, мыййаг, йӕ зӕххӕй ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕмӕн хъары, уыцы бӕстӕм не ’рбакодтай ӕмӕ нын хуымгӕндтӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ нӕ радтай! Афтӕ ӕнхъӕлыс, ӕмӕ адӕмыл цӕстытӕ нӕй? Нӕ дӕм бацӕудзыстӕм!» 15 Моисей тынг смӕсты ис ӕмӕ загъта Дунедарӕгӕн: «Ма сын баввӕрс сӕ хуынтыл. Ӕз сӕ хӕрӕг дӕр куы никӕмӕй райстон, иуӕн дӕр дзы ӕвзӕрӕй куы ницы ракодтон!» 16 Загъта Моисей Корахӕн: «Ды ӕмӕ де ’мбӕлттӕ уе ’ппӕт дӕр райсом хъуамӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууат: ды дӕр, де ’мбӕлттӕ дӕр ӕмӕ Аарон дӕр. 17 Алчи уӕ йӕ будсудзӕн райсӕд, буд дзы цӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы размӕ ӕрбахӕссӕд, дыууӕсӕдӕ фӕндзай будсудзӕны ӕрбахӕссут. Ды дӕр ӕрбахӕсс дӕ будсудзӕн, стӕй Аарон дӕр». 18 Ӕмӕ райста алчи йӕ будсудзӕн, зынджытӕ ӕмӕ дзы буд цӕвӕрдта ӕмӕ Фембӕлды Цатыры бахизӕны раз ӕрлӕууыдысты, семӕ — Моисей ӕмӕ Аарон. 19 Корах ӕппӕт дзыллӕйы ӕрбамбырд кодта Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ: Фембӕлды Цатыры бахизӕны раз лӕууыдысты. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕджы кад Йӕхи равдыста дзыллӕмӕ. Хуыцауы цӕхӕр 20 Дунедарӕг загъта Моисей ӕмӕ Ааронӕн: 21 «Иуварс ацӕут ацы дзыллӕйӕ, ӕмӕ сӕ Ӕз цӕсты фӕныкъуылдмӕ бындзагъд фӕкӕнон!» 22 Фӕлӕ уыдон сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ загътой: «О Хуыцау, царды комулӕфт Чи ратты, уыцы Хуыцау! Иу адӕймаг тӕригъӕды бацыд, Ды та ӕппӕт дзыллӕмӕ смӕсты дӕ?» 23 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 24 «Зӕгъ дзыллӕйӕн, цӕмӕй Корах, Датан ӕмӕ Авирамы цӕрӕнтӕй дард ацӕуой!» 25 Моисей, йӕ фӕстӕ Израилы хистӕртӕ, афтӕмӕй араст ис Датан ӕмӕ Авирамы цӕрӕнтӕм 26 ӕмӕ загъта дзыллӕйӕн: «Дард ацӕут ацы ӕнаккӕгты цатыртӕй ӕмӕ сын сӕ дзаумайӕ дӕр мацӕмӕ бавналут, кӕннод сӕ тӕригъӕдты аххосӕй сымах дӕр бабын уыдзыстут». 27 Адӕм дард ацыдысты Корах, Датан ӕмӕ Авирамы цӕрӕнтӕй. Датан ӕмӕ Авирам та сӕ цатырты раз лӕугӕйӕ баззадысты сӕ устытӕ, сӕ цот, се ’нахъом сабитимӕ. 28 Моисей загъта: «Ныртӕккӕ базондзыстут, цы кӕнын, уый мӕхи фӕндӕй нӕ, фӕлӕ Дунедарӕджы фӕндӕй кӕй кӕнын, уый. 29 Кӕд, алы адӕймаг дӕр куыд амӕлы, афтӕ амӕлой, ӕмӕ сӕ хъысмӕт, алы адӕймагӕн дӕр куыд вӕййы, афтӕ уа, уӕд, бӕлвырд, мӕн сымахмӕ Дунедарӕг нӕ рарвыста. 30 Фӕлӕ сын кӕд Дунедарӕг, нырмӕ чи не ’рцыди, исты ахӕм ми бакӕна, кӕд сӕм зӕхх йӕ ком фӕхӕлиу кӕна ӕмӕ сӕ се ’ппӕт исбонимӕ аныхъуыра ӕмӕ цӕрдудӕй мӕрдтыбӕсты хай бауой, уӕд ӕй зонут, ацы адӕймӕгтӕ Дунедарӕгыл сӕхи атигъ кодтой». 31 Куыддӕр уыцы ныхӕстӕ загъта, афтӕ зӕхх сӕ быны фӕйнӕрдӕм ацыд: 32 бахӕлиу кодта зӕхх йӕ ком ӕмӕ сӕ се ’ппӕт исбонимӕ аныхъуырдта — Корахы ӕппӕт адӕмы сӕ иууыл исбонимӕ. 33 Цыдӕриддӕр сӕм уыди, уыдонимӕ цӕрдудӕй мӕрдтыбӕсты хай баисты. Зӕхх фӕстӕмӕ йӕ раздӕры хуыз райста, уыдонӕн та адӕмы ’хсӕн сӕ кой дӕр нал фӕзынди. 34 Сӕ хъӕрахстмӕ, сӕ алыварс чи уыди, уыцы израилӕгтӕ лидзынмӕ фесты, зӕхх мах дӕр куы аныхъуыра, зӕгъгӕ. 35 Арт рацыди Дунедарӕгӕй ӕмӕ, будсудзӕнты буд чи ӕрбахаста, уыцы дыууӕсӕдӕ фӕндзай лӕджы бавзалы кодта. 36 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 37 «Зӕгъ Елеазарӕн, сауджын Аароны фыртӕн, будсудзӕнтӕ сыгъдонӕй рамбырд кӕнӕд ӕмӕ сын сӕ зынджытӕ акалӕд: 38 уыдон срухс сты ныр ацы тӕригъӕдджынты амардӕй; тӕнӕг сыфтӕ сӕ рацӕгъдӕнт нывондхӕссӕн ӕмбӕрзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ Дунедарӕджы размӕ бахастой, ӕмӕ срухс сты. Развӕдзӕхстау уӕнт израилӕгтӕн!» 39 Сауджын Елеазар рамбырд кодта, арты чи басыгъд, уыдоны ӕрхуы будсудзӕнтӕ, ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕнӕн ӕмбӕрзӕн сыфтӕ рацагътой, 40 Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ. Уыцы ӕмбӕрзӕны нысан — израилӕгтӕ сӕ зӕрдыл куыд дарой: Аароны байзӕддӕгты йеддӕмӕ Дунедарӕджы раз буд судзынмӕ чи бацӕуа, ууыл Корах ӕмӕ йӕ хъузӕтты бон акӕндзӕн. Адӕмы гуырысхотӕ ӕмӕ рыны азар 41 Дыккаг бон дзыллӕ Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ сыстадысты. Азымджын сӕ кодтой израилӕгтӕ: «Сымах Дунедарӕджы ӕвзӕрст адӕмы амардтат!» 42 Дзыллӕ куы ӕрбамбырд сты Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ, уӕд Фембӕлды Цатыры ’рдӕм фӕкастысты ӕмӕ федтой: мигъ ӕй бамбӕрзта, ӕмӕ Дунедарӕджы кад Йӕхи равдыста. 43 Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты Фембӕлды Цатыры размӕ, 44 ӕмӕ Дунедарӕг загъта Моисейӕн: 45 «Иуварс алӕуут ацы дзыллӕйӕ, ӕмӕ сӕ ӕз цӕсты фӕныкъуылдмӕ фесафон!» Дыууӕйӕ дӕр сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой. 46 Моисей Ааронӕн загъта: «Дӕ будсудзӕн райс, нывӕр дзы нывондхӕссӕны зынджытӕй, стӕй буд ӕмӕ тагъддӕр цӕугӕ дзыллӕйы ’хсӕнмӕ, ссыгъдӕг сын кӕн сӕ тӕригъӕд. Дунедарӕджы маст рафыхти: рын сыстад!» 47 Аарон, Моисей йын куыд загъта, афтӕ бакодта: адӕмы астӕу балӕууыд, фӕлӕ уӕдмӕ адӕмыл рын сыстад. Аарон буд ссыгъта ӕмӕ адӕмы тӕригъӕд ссыгъдӕг кодта. 48 Мӕрдтӕ ӕмӕ удӕгӕсты ’хсӕн слӕууыди, ӕмӕ рын фесӕфти. 49 Корахимӕ чи бацарӕфтыд, уыдоны нӕ нымайгӕйӕ, рын ахаста цыппӕрдӕс мин авдсӕдӕ адӕймаджы. 50 Аарон Моисеймӕ аздӕхт фӕстӕмӕ, Фембӕлды Цатыры размӕ. Рын фесӕфт. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia