Нымӕцтӕ 15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстХойраджы хуынтӕ ӕмӕ сӕн 1 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 2 «Израилӕгтӕн фехъусын кӕн: кӕм цӕрдзыстут, уыцы бӕстӕм куы бацӕуат, Ӕз уын кӕй дӕттын, уыцы бӕстӕм 3 ӕмӕ Дунедарӕгӕн уе стуртӕ кӕнӕ уӕ фысвосӕй нывӕндтӕ куы хӕссат — иууылсудзинаг нывонд уа ӕви сомыйы нывонд, бархийы нывонд, бӕрӕгбоны фӕдыл ӕви ӕндӕр исты нывонд — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн куы судзат, 4 уӕд Дунедарӕджы нывондимӕ ӕнӕмӕнг хъуамӕ хойраджы хуын дӕр уа: мӕнӕуы ссады ефӕйы дӕсӕймаг хай оливӕйы сойы гины цыппӕрӕм хаимӕ змӕстӕй. 5 Иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ кусӕрттаг уӕрыккимӕ ӕмбӕлы ӕрбахӕссын сӕн дӕр — гины цыппӕрӕм хай. 6 Нывондаг фыримӕ хойраджы хуынӕн ӕрбахӕссын ӕмбӕлы мӕнӕуы ссады ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаг хайы оливӕйы сойы гины ӕртыццаг хаимӕ змӕстӕй, 7 гины ӕртыццаг хай та сӕн. Уый уыдзӕни Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф. 8 Нывондаг галимӕ — Дунедарӕджы иууылсудзинаг уа, сомыйы нывонд уа ӕви фидыды нывонд — 9 хойраджы хуынӕн ӕрбахӕссын ӕмбӕлы мӕнӕуы ссады ефӕйы ӕртӕ дӕсӕймаг хайы гины ӕмбис оливӕйы соимӕ змӕстӕй, 10 гины ӕрдӕг та сӕн. Уый уыдзӕни арты нывонд Дунедарӕгӕн, ӕхцон хӕрздӕф. 11 Афтӕ кӕнын уын ӕмбӕлы кӕддӕриддӕр, нывондӕн куы хӕссат гал кӕнӕ фыр, уӕрыкк кӕнӕ сӕныкк. 12 Цал нывонды ӕрхӕссат, уал хъуамӕ уа семӕ хойраджы хуынтӕ ӕмӕ сӕн дӕр. 13 Алы бынӕттон цӕрӕг дӕр хъуамӕ афтӕ кӕна, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн арты нывонд куы хӕсса, уӕд. 14 Ӕрцӕуӕггаг исчи уе ’хсӕн кӕнӕ уӕ байзӕддӕгты ’хсӕн куы цӕра ӕмӕ йӕ Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн арты нывонд ӕрхӕссын куы бафӕнда, уӕд уый дӕр хъуамӕ алцыдӕр, сымах куыд кӕнут, афтӕ бакӕна. 15 Ӕхсӕнады фӕтк иу у сымахӕн дӕр ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕн дӕр. Уый уын — мыггагмӕйы уагӕвӕрд, ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнут фыдӕй-фыртмӕ. Дунедарӕджы раз ӕрцӕуӕггаг дӕр хъуамӕ кӕна, сымах куыд кӕнут, афтӕ. 16 Иу ӕгъдау ӕмӕ иу уагӕвӕрд ис сымахӕн дӕр ӕмӕ уе ’хсӕн цӕрӕг ногӕрлидзджытӕн дӕр». Хоры сӕртӕй хуын 17 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 18 «Фӕдзур израилӕгтӕм ӕмӕ сын зӕгъ: Ӕз уӕ цы бӕстӕм кӕнын, уырдӕм куы бацӕуат 19 ӕмӕ уыцы зӕххы хойраг куы хӕрат, уӕд-иу Дунедарӕджы ном арут. 20 Ног хоры ссады сӕртӕй-иу Мын гуыл скӕнут, цыма мусы лӕвар у, афтӕ. 21 Уӕ хыссӕйы сӕртӕй конд гуылӕй кувут Дунедарӕгӕн фыдӕй-фыртмӕ. Тӕригъӕды нывонд 22 Дунедарӕг Моисейӕн кӕй фехъусын кодта, уыцы фӕдзӕхстытӕй искӕцы ӕнӕрхъуыдыйӕ куынӕ сӕххӕст кӕнат, 23 Моисейӕн уын цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕй исты, уӕд уын мӕнӕ афтӕ кӕнын ӕмбӕлы (Дунедарӕг ацы бардзырд куы радта, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ кӕддӕриддӕр, фыдӕй-фыртмӕ). 24 Кӕд ӕмӕ дзыллӕйы аххосӕй ӕрцыди рӕдыд, уӕд дзыллӕ иумӕйагӕй ӕрхӕссӕд иууылсудзинаг нывонд — гал, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, хойраджы хуын ӕмӕ сӕнимӕ, стӕй тӕригъӕды нывондӕн — сӕгъ. 25 Ссыгъдӕг кӕнӕд сауджын ӕппӕт израилӕгты дзыллӕ, ӕмӕ сын хатыр уыдзӕн: рӕдыд ӕрцыд, ӕмӕ уыцы рӕдыды тыххӕй уыдон арты нывонд ӕрхастой Дунедарӕгӕн, стӕй ма тӕригъӕды нывонд дӕр ӕрхастой Дунедарӕджы раз. 26 Хатыр уыдзӕн ӕппӕт израилӕгты дзыллӕйӕн ӕмӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕн, уымӕн ӕмӕ ӕнӕбары ӕруагътой рӕдыд ӕппӕт адӕм. 27 Иу исчи ӕнӕбары куы ӕруадза рӕдыд, уӕд та цӕугуист ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывондӕн. 28 Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ссыгъдӕг кӕнӕд сауджын Дунедарӕджы раз, ӕнӕбары чи фӕрӕдыд, уыцы адӕймаджы. Ссыгъдӕг ӕй кӕндзӕн ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн хатыргонд уыдзӕн йӕ тӕригъӕд. 29 Иу уагӕвӕрд уӕм хъуамӕ уа, чи фӕрӕдийа, уыдонӕн: израилаг бынӕттон цӕрджытӕн дӕр ӕмӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕн дӕр. 30 Фӕлӕ зонгӕ-зонын куы бакӕна тӕригъӕд ми адӕймаг, уӕд, бынӕттон цӕрӕг уа ӕви ӕрцӕуӕггаг, уый уымӕй Дунедарӕджы ӕфхӕры, ӕмӕ йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн. 31 Уый Дунедарӕджы ныхас ницӕмӕ ӕрдардта, Йӕ фӕдзӕхсты сӕрты Йын ахызт, ӕмӕ йӕ адӕмы ’хсӕнӕй фӕхъӕудзӕн, йӕ тӕригъӕд бафиддзӕн». Сабат 32 Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд амбӕлдысты, сабатбон сугтӕ чи ӕмбырд кодта, ахӕм лӕгыл. 33 Сугтӕ ӕмбырдгӕнгӕ йӕ чи баййӕфта, уыдон ӕй Моисей, Аарон ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйы размӕ ӕрбакодтой. 34 Ахӕстоны йӕ баппӕрстой, цы гӕнгӕ йын у, уымӕн уагӕвӕрд кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ. 35 Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Ацы адӕймаг маринаг у. Дзыллӕ йӕ дурты бын фӕкӕнӕнт рӕсӕнуаты ӕдде». 36 Ракодтой йӕ дзыллӕ иумӕ рӕсӕнуатӕй ӕмӕ йӕ, Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ дурты бын фӕкодтой. Ӕрвхуыз ӕндах — зӕрдыл дарынӕн 37 Дунедарӕг загъта Моисейӕн: 38 «Фехъусын кӕн израилӕгтӕн: сӕ дарӕсты кӕрӕтты хъуамӕ цупӕлттӕ кӕной фыдӕй-фыртмӕ, уыцы цупӕлтты ӕрвхуыз ӕндахӕй хау куыд уа, афтӕмӕй. 39 Цӕмӕй-иу уыцы цупӕлттӕм гӕсгӕ уӕ зӕрдыл ӕрлӕууой Дунедарӕджы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ, ӕххӕст сӕ кӕнат ӕмӕ уӕ ма сайой хъахбайдзинадмӕ уӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕ цӕстытӕ. 40 Уӕ зӕрдыл дардзыстут ӕмӕ ӕххӕст кӕндзыстут Мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уӕ Хуыцауы раз сыгъдӕг уыдзыстут. 41 Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цӕмӕй уӕ Хуыцау уа, уый тыххӕй уӕ Мысырӕй Чи ракодта, Уый. Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia