Нымӕцтӕ 14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Ӕмхъӕлӕсӕй нырдиаг кодта дзыллӕ, адӕм сӕ кӕуынӕй нӕ банцадысты ӕнӕхъӕн ӕхсӕв. 2 Израилӕгтӕ бустӕ кодтой Моисей ӕмӕ Аароныл. Ӕппӕт дзыллӕ сын дзырдта: «Фӕлтау Мысыры куы амардаиккам! Фӕлтау ацы ӕдзӕрӕг быдыры куы ӕрбамӕликкам! 3 Цӕмӕ нӕ кӕны Дунедарӕг уыцы бӕстӕм? Цӕмӕй кардылӕфтыд фӕуӕм? Цӕмӕй нӕ устытӕ ӕмӕ нӕ сабитӕ уацары бахауой? Фӕлтау фӕстӕмӕ Мысырмӕ куы аздӕхиккам, уӕд нын хуыздӕр нӕ уаид?» 4 Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Бавдӕлӕм ӕмӕ фӕстӕмӕ Мысырмӕ аздӕхӕм!» 5 Моисей ӕмӕ Аарон сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой израилӕгты дзыллӕйы раз. 6 Йешуа, Нуны фырт, ӕмӕ Калев, Иефоннейы фырт, иннӕ сгарджытимӕ бӕстӕуынӕг чи уыд, уыдон сӕ дарӕстӕ арӕдывтой фӕйнӕрдӕм 7 ӕмӕ Израилы дзыллӕйӕн загътой: «Мах бӕрӕггӕнӕг цы бӕстӕм фӕцыдыстӕм, уый тынг бӕллиццаг у! 8 Кӕд нӕ Дунедарӕджы хорзӕх уа, уӕд нӕ уырдӕм бакӕндзӕн ӕмӕ нын ратдзӕн, йӕ сыджытӕй ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕмӕн хъары, уыцы бӕстӕ. 9 Ӕрмӕст Дунедарӕджы ныхмӕ ма змӕнтут! Уымы адӕмӕй та ма тӕрсут — басӕтдзыстӕм сӕ. Уыдонӕн армдарӕг нал ис, махӕн та Дунедарӕг немӕ ис. Ма сӕ тӕрсут!» 10 Фӕлӕ сӕ дзыллӕ дурты бын фӕкӕнынмӕ хъавыдысты. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕджы кад разынди Фембӕлды Цатырӕй ӕппӕт израилӕгтӕм, 11 ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Кӕдмӕ Мӕ мӕсты кӕндзысты ацы адӕм? Цы диссӕгтӕ сын равдыстон, уыдон сын фаг не сты, цӕмӕй Мыл баууӕндой? 12 Ӕз сыл рын сыстын кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ ныццӕгъддзынӕн. Дӕ мыггагӕй та ног адӕм рауадздзынӕн, адонӕй фылдӕр ӕмӕ хъаруджындӕр». 13 Фӕлӕ загъта Моисей Дунедарӕгӕн: «Дӕ хъомысӕй ацы адӕмы кӕй дзӕмбытӕй фервӕзын кодтай, уыцы мысырӕгтӕ уый куы фехъусой, 14 уӕд ӕй радзурдзысты ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн. Уыдон та ныридӕгӕн фехъуыстой, Ды, Дунедарӕг, ацы адӕмӕн се ’хсӕн кӕй Дӕ ӕмӕ сӕм ӕргом кӕй рацӕуыс; Дӕ мигъы ӕврагъ кӕй лӕууы сӕ сӕрмӕ, Ды Дӕхӕдӕг кӕй цӕуыс сӕ разӕй, боныгон — мигъы цӕджындзы, ӕхсӕв та — арты цӕджынджы. 15 Ацы адӕмы фӕстаг лӕджы онг куы ныццӕгъдай, уӕд, Дӕ кой чи фехъуыста, уыцы адӕмтӕ се ’ппӕт дӕр зӕгъдзысты: 16 „Дунедарӕджы бон не сси ацы адӕмы, зӕрдӕ сын цы бӕстӕй бавӕрдта, уырдӕм бакӕнын, ӕмӕ сӕ уымӕн ныццагъта ӕдзӕрӕг быдыры“. 17 Уӕдӕ кад Дунедарӕджы хъомысӕн! Ды Дӕхӕдӕг куы загътай: 18 „Дунедарӕг бирӕбыхсаг ӕмӕ бирӕбараг у! Уый ныххатыр кӕны рӕдыдтытӕ ӕмӕ тӕригъӕдтӕ, фӕлӕ аххосджыны ӕназымыл нӕ банымайы. Уый ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг тӕригъӕд бафидын кӕны“. 19 Де стыр уарзты хатырӕй ныббар сӕ тӕригъӕд ацы адӕмӕн, Мысырӕй ардӕм сын абоны онг куыд барстай, афтӕ». 20 Ӕмӕ загъта Дунедарӕг: «Дӕ хатырӕй сын барын. 21 Фӕлӕ Ӕз сомы кӕны Мӕхицӕй ӕмӕ, ацы зӕхх йемыдзаг кӕмӕй у, Дунедарӕджы уыцы кадӕй, 22 Мысыры ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры цы кад ӕмӕ цы диссӕгтӕ равдыстон, уыдон чи федта ӕмӕ Мӕ афтӕмӕй чи ницӕмӕ дардта, ныридӕгӕн Мӕ дӕс хатты чи бафӕлвӕрдта, 23 уыдонӕй иунӕг дӕр нӕ фендзӕн, сӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдтон, уый. 24 Фӕлӕ ӕндӕрхуызон у мӕ цагъар Калевы удысконд — уый Мыл йӕ зӕрдӕ никуы сивта, ӕмӕ йӕ Ӕз бакӕндзынӕн, амӕй размӕ цы бӕсты уыдис, уырдӕм. Йӕ байзӕддӕгты хай бауыдзӕн уыцы бӕстӕ! 25 Уыцы бӕсты дӕлвӕзтӕ амалекӕгтӕ ӕмӕ ханаанӕгты цӕрӕнтӕ сты. Райсом уӕ ных саразут ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Сырх денджызмӕ цы фӕндаг цӕуы, уырдӕм». 26 Дунедарӕг загъта Моисей ӕмӕ Ааронӕн: 27 «Кӕдмӕ Мыл хъуамӕ хъуыр-хъуыр кӕной ацы ӕнаккӕгтӕ? Израилӕгты хъаст Мӕм хъуысы. 28 Фехъусын сын кӕн: „Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз уын, цы агуырдтат, уый бакӕндзынӕн! 29 Ацы ӕдзӕрӕг быдыры баззайдзысты уӕ мӕрдтӕ — ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕрты номхыгъды чи ис, уыдонӕн се ’ппӕты мӕрдтӕ, Мӕныл чи хъуыр-хъуыр кодта, уыдонӕн се ’ппӕты мӕрдтӕ! 30 Иефоннейы фырт Калев ӕмӕ Нуны фырт Йешуайы йеддӕмӕ сымахӕй ничи бацӕудзӕн, уым уӕ ӕрцӕрын кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, уын ард кӕмӕй бахордтон, уыцы бӕстӕм. 31 Уӕ сабиты та, афтӕ кӕмӕй дзырдтат, уацары хай фӕуыдзысты, зӕгъгӕ, уыдоны та бакӕндзынӕн Ӕз уырдӕм, ӕмӕ сӕхи цӕстӕй фендзысты, сымах былысчъилтӕ кӕуыл кодтат, уыцы бӕстӕ цыхуызӕн у, уый. 32 Сымахӕн уӕ мӕрдтӕ ацы ӕдзӕрӕг быдыры баззайдзысты. 33 Уӕ цот дыууиссӕдз азы дӕргъы ацы ӕдзӕрӕг быдыры фосы фӕстӕ рахау-бахау кӕндзысты ӕмӕ уын уӕ тӕригъӕд фиддзысты, цалынмӕ ма уӕ иу дӕр удӕгас уа, уӕдмӕ. 34 Дыууиссӕдз боны дӕргъы бӕстӕуынӕг уыдыстут ӕмӕ дыууисӕдз азы дӕргъы, уыцы бонты нымӕцмӕ гӕсгӕ, алы боны ныхмӕ — афӕдз, фиддзыстут уӕ тӕригъӕд, цӕмӕй бамбарат, Мӕ ныхмӕ рацӕуын цы у, уый“. 35 Ӕз — Дунедарӕг! Куыд загътон, афтӕ бакӕндзынӕн, Мӕ ныхмӕ чи растад, уыцы ӕнаккӕгтӕн. Ацы ӕдзӕрӕг быдыры сӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн, ам амӕлдзысты». 36 Моисей уыцы бӕстӕ бабӕрӕг кӕнынмӕ кӕй арвыста ӕмӕ йӕ, фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхгӕйӕ, чи фаудта ӕмӕ афтӕмӕй ӕппӕт дзыллӕйы Моисейы ныхмӕ чи скодта, 37 уыцы лӕгтӕ — бӕстӕйыл цъыфкалӕн чи кодта, уыдон се ’ппӕт дӕр — рынӕй фӕцагъды сты. Дунедарӕг сыл Йӕ бӕллӕх сӕвӕрдта. 38 Бӕстӕуынӕг чи ацыд, уыдонӕй ма удӕгасӕй баззадысты ӕрмӕстдӕр Йешуа, Нуны фырт, ӕмӕ Калев, Иефоннейы фырт. 39 Моисей израилӕгтӕн Дунедарӕджы ныхӕстӕ фехъусын кодта, ӕмӕ адӕм тынг хъыг кодтой. 40 Дыккаг бон сӕумӕйӕ фестадысты ӕмӕ хӕхтӕм фӕраст сты ахӕм ныхӕстимӕ: «Дунедарӕг нын кӕдӕм загъта, уырдӕм ацӕудзыстӕм. Фӕтӕригъӕдджын стӕм». 41 Моисей загъта: «Цӕуылнӕ хъусут Дунедарӕгмӕ? Хорзмӕ уын нӕ рауайдзӕн. 42 Кӕд Дунедарӕг уемӕ нӕй, уӕд ма ацӕут — знӕгтӕ уӕ ныззыгуым кӕндзысты. 43 Уым разӕй — амалекӕгтӕ ӕмӕ ханаанӕгтӕ, ӕмӕ сӕ кардылӕфтыд фӕуыдзыстут! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгыл уӕхи атигъ кодтат, ӕмӕ Дунедарӕг нӕй уемӕ». 44 Фӕлӕ уыдон ныфсхастӕй хӕхтӕм фӕраст сты, Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕмӕ Моисей та нӕ фенкъуыстысты рӕсӕнуатӕй. 45 Уыцы хӕхты цӕрӕг амалекӕгтӕ ӕмӕ ханаанӕгтӕ сӕ размӕ ралӕууыдысты ӕмӕ сӕ ныппырх кодтой, сӕ уӕлныхты сӕ айстой ӕмӕ сӕ Хормайы раз балӕууын кодтой. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia