Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Нымӕцтӕ 13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уый фӕстӕ адардтой сӕ фӕндаг Хацеротӕй ӕмӕ уал Параны ӕдзӕрӕг быдыры ӕрлӕууыдысты.

2 Дунедарӕг Моисейӕн загъта:

3 «Арвит лӕгтӕ, цӕмӕй ӕркӕсой Ханаанмӕ, израилӕгтӕн дӕттинаг кӕй дӕн, уыцы бӕстӕм. Алы мыггагӕй дӕр арвитут фӕйнӕ лӕджы, сӕ фӕтӕгты».

4 Ӕмӕ йын Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ Параны ӕдзӕрӕг быдырӕй Моисей разӕй лӕгтӕ арвыста, се ’ппӕт дӕр — израилӕгты фӕтӕгтӕ.

5 Номхуындӕй сты: Рувимы мыггагӕй — Шаммуа, Заккуры фырт;

6 Симеоны мыггагӕй — Шафат, Хорийы фырт;

7 Иудӕйы мыггагӕй — Калев, Иефоннейы фырт;

8 Иссахары мыггагӕй — Игал, Йосефы фырт;

9 Ефремы мыггагӕй — Хошеа, Нуны фырт;

10 Бениамины мыггагӕй — Палти, Рафуйы фырт;

11 Зевулоны мыггагӕй — Гаддиел, Содийы фырт.

12 Йосефы мыггагӕй (Менассиайы мыггагӕй), — Гадди, Сусийы фырт;

13 Даны мыггагӕй — Аммиел, Гемалийы фырт;

14 Асиры мыггагӕй — Сетур, Михаелы фырт;

15 Неффалимы мыггагӕй — Нахби, Вафсийы фырт;

16 Гады мыггагӕй — Геуел, Махийы фырт.

17 Уыдон сты, Моисей бӕстӕуынӕг кӕй арвыста, уыцы лӕгтӕ номхуындӕй. (Хошеайӕн та, Нуны фыртӕн, Моисей радта ном Йешуа.)

18 Моисей сӕ Ханаанмӕ бӕстӕуынӕг куы ӕрвыста, уӕд сын загъта: «Негевыл ацӕут ӕмӕ хӕхбӕстӕм ссӕут.

19 Ӕркӕсут уыцы зӕхмӕ, кӕддӕра цыхуызӕн у. Чи дзы цӕры, уыцы адӕм хъаруйӕ ӕххӕст сты ӕви нӕ, нымӕцӕй чысыл сты ӕви бирӕ?

20 Сӕ бӕстӕ куыд у — хорз у ӕви ӕвзӕр? Сӕ сахартӕ быгъдӕг сты ӕви бырутӕй ӕхгӕд?

21 Сӕ зӕххыхъӕд куыд у — сойджын у ӕви мӕгуыр, бӕлӕстӕ дзы зайы ӕви нӕ? Ӕнӕмӕнг ын йӕ дыргътӕй ӕрбахӕссут». Сӕнӕфсирафон уыди.

22 Ӕрвыст лӕгтӕ ссыдысты ӕмӕ ӕркастысты бӕстӕм — Цины ӕдзӕрӕг быдырӕй Лево-Хаматмӕ хӕстӕг Реховы онг.

23 Негевыл ахызтысты ӕмӕ Хевронмӕ, Анакы байзӕддӕгтӕ Ахиман, Шешай ӕмӕ Талмай кӕм цардысты, уырдӕм бахӕццӕ сты. (Хеврон та Мысыры сахар Цоанӕй авд азы раздӕр сырӕзт.)

24 Ешколы дӕлвӕзмӕ бафтыдысты ӕмӕ дзы сӕнӕфсиры къабуз ӕд цупал ракодтой ӕмӕ йӕ хъилыл дыууӕйӕ рахастой, ноджы ма — гранаттӕ ӕмӕ легъуитӕ.

25 (Уыцы бынат схуыдтой Ешколы дӕлвӕз, израилӕгтӕ дзы сӕнӕфсиры цупал кӕй ракодтой, уый тыххӕй.)

26 Дыууиссӕдз боны рацыд, афтӕ ӕрвыст лӕгтӕ, бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй куы басгӕрстой, уӕд фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты.

27 Моисей, Аарон ӕмӕ ӕппӕт израилаг дзыллӕйы раз куы ӕрбалӕууыдысты Параны ӕдзӕрӕг быдыры, Кадешы, уӕд Моисей, Аарон ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйӕн, цы федтой, уый радзырдтой, уырдыгон дыргътӕ сын равдыстой.

28 Рахабар кодтой: «Уыдыстӕм, цы бӕстӕм нӕ арвыстай, уым. Ӕцӕг хъары йӕ зӕххӕй ӕхсыр ӕмӕ мыд. Мӕнӕ йӕ дыргътӕ.

29 Фӕлӕ уыцы бӕстӕйы цӕрӕг адӕм тыхджын сты, сӕ сахартӕ та стыр ӕмӕ бырухгӕд. Суанг ма дзы Анакы фӕдонтыл дӕр амбӕлдыстӕм.

30 Амалекӕгтӕ цӕрынц Негевы, хеттӕгтӕ, йевусӕгтӕ ӕмӕ аморӕгтӕ — хӕхты, ханаанӕгтӕ — денджызы был ӕмӕ Иорданы былгӕрӕтты».

31 Моисейы алыварс цы адӕм уыд, уыдоны Калев разӕнгард кодта: «Цом ӕмӕ нӕхи бакӕнӕм уыцы бӕстӕ! Фӕтых сыл уыдзыстӕм!»

32 Фӕлӕ, уырдӕм йемӕ цы лӕгтӕ ацыд, уыдон дзырдтой: «Уыцы адӕмы ныхмӕ мах ницы бакӕндзыстӕм, уыдон махӕй тыхджындӕр сты!»

33 Ӕмӕ тауыстӕ кодтой израилӕгты ’хсӕн, уынӕг цы бӕсты уыдысты, уый тыххӕй: «Цы бӕстӕм фӕцыдыстӕм, уый, чи дзы ӕрцӕра, уыдоны бахӕрдзӕн. Кӕйдӕриддӕр дзы федтам — иууылдӕр ӕнахуыр бӕрзонд адӕм сты.

34 Уӕйыгӕнгӕс адӕмы дӕр дзы федтам (Анакы байзӕддӕгтӕ уӕйгуыты мыггагӕй сты). Сӕ разы нӕхимӕ цъырцъырӕгты хуызӕн кастыстӕм ӕмӕ цъырцъырӕгтӕй уӕлдай нӕ уыдыстӕм уыдоны цӕсты дӕр».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan