Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Нымӕцтӕ 12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Моисейӕн йӕ ус уыди эфиопаг, ӕмӕ йын Мариам ӕмӕ Аарон уый йӕ цӕстмӕ дардтой.

2 Уыдон дзырдтой: «Исты ӕрмӕст Моисеимӕ уыди Йӕ ныхас Дунедарӕгӕн? Ау, махимӕ дӕр нӕ ныхас кодта?» Ӕмӕ фехъуыста уый Дунедарӕг.

3 Моисейы хуызӕн сабыр адӕймаг та зӕххыл нӕ уыд.

4 Ӕмӕ загъта Дунедарӕг ӕваст Моисей, Аарон ӕмӕ Мариамӕн: «Цӕугӕут-ма ӕртӕйӕ дӕр Фембӕлды Цатырмӕ». Ацыдысты се ’ртӕ дӕр,

5 ӕмӕ сӕм раргом ис Дунедарӕг мигъы цӕджындзы, Цатыры бахизӕны ныллӕууыд ӕмӕ басидт Йӕхимӕ Аарон ӕмӕ Мариаммӕ. Куы Йӕм бахӕстӕг сты, уӕд

6 Дунедарӕг загъта: «Байхъусут мӕ ныхӕстӕм: Кӕд уе ’хсӕн Дунедарӕджы пехуымпар вӕййы, уӕд ӕм Ӕз йӕ цӕстылуайӕнты раргом кӕнын Мӕхи, фыны фӕдзурын йемӕ.

7 Мӕ цагъар Моисейы хъуыддаг та ӕндӕр у: уый алцӕмӕй дӕр иузӕрдион у Мӕныл Мӕ Хӕдзары.

8 Уыци-уыцитӕй нӕ, фӕлӕ ӕргом, лӕгӕй-лӕгмӕ дзурын Ӕз йемӕ; уый Дунедарӕджы сурӕт йӕ цӕстӕй куы уыны, уӕд куыд бауӕндыдыстут сымах Мӕ цагъары, Моисейы, ныхмӕ дзурын?»

9 Дунедарӕджы маст сӕм рафыхт, ӕмӕ Йӕхи уырдыгӕй айста.

10 Ӕврагъ Цатырӕй адард ис, Мариамы буар та хъотырӕй митау урс адардта. Аарон бакасти Мариаммӕ ӕмӕ федта, къахӕй сӕрмӕ йыл хъотыр кӕй ис, уый.

11 Ӕмӕ Аарон загъта Моисейӕн: «Мӕ хицау! Ма нӕ бафхӕр — не ’нӕзондӕй бацыдыстӕм тӕригъӕды.

12 Ма ’руадз уый, цӕмӕй Мариам, йӕ мады гуыбынӕй ӕрдӕгӕмбыдӕй чи рацӕуы, уыцы мардӕйгуырд сабийы хуызӕн суа».

13 Ӕмӕ сдзынӕзта Моисей Дунедарӕгмӕ: «О Хуыцау, курын Дӕ, сдзӕбӕх ӕй кӕн!»

14 Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Йӕ фыд ын йӕ цӕсгомыл куы бату кӕнид, уӕд авд боны дӕргъы фыр ӕфсӕрмӕй йӕхи не ’мбӕхсид? Авд боны дӕргъы рӕсӕнуаты ӕдде фӕуӕд ӕмӕ-иу уый фӕстӕ ӕрбацӕуӕд».

15 Ӕмӕ рӕсӕнуаты ӕдде фӕкодтой Мариамы авд боны ӕмгъуыдмӕ. Йе ’рбаздӕхынмӕ израилӕгтӕ сӕ фӕндагыл нӕ ацыдысты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan