Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Нымӕцтӕ 11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Адӕм хъуыр-хъуыр кодтой, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг хъуыста. Куы сӕ фехъуыста, уӕд сӕм Йӕ маст рафыхти, ныггуыпп кодта Дунедарӕджы арт ӕмӕ рӕсӕнуаты кӕрон аныхъуырдта.

2 Адӕм Моисейӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдтой; Моисей Дунедарӕгмӕ скуывта, ӕмӕ арт ахуыссыд.

3 Уыцы бынат схуыдтой Тавера, уымӕн ӕмӕ уыцы ран се ’хсӕн Дунедарӕджы арт ныггуыпп ласта.

4 Ӕндӕрмыггаг адӕмтӕй семӕ чи бамбал ис, уыдонӕн сӕ зӕрдӕ алцытӕ агуырдта, ӕмӕ та уыдонмӕ гӕсгӕ ногӕй сдзынӕзтой израилӕгтӕ дӕр: «Ныр дзидзайы комдзаг дӕ дзыхы акӕн!

5 Мысыры нын лӕвар бӕргӕ лӕвӕрдтой кӕсӕгтӕ, джитъритӕ, неситӕ, зайӕгхӕлттӕ, хъӕдындзтӕ, нурытӕ!

6 Ам та маннӕ йеддӕмӕ ницы уынӕм, ӕмӕ нӕ удтӕ бастадысты».

7 Маннӕ у хъонтхорайы мыггаджы ӕнгӕс, хуызӕй — хӕрздӕфгӕнаг хус чъиуы хуызӕн.

8 Адӕм цыдысты ӕмӕ йӕ ӕмбырд кодтой, ӕрмгуырӕйтты йӕ ссадтой, нурыхойӕнты йӕ хостой, афтӕмӕй йӕ аджы фыхтой, гуылтӕ дзы кодтой, ӕмӕ сын сойыфыхы ад уыди.

9 Ӕхсӕвы ӕртӕхимӕ-иу фӕзынди маннӕ дӕр.

10 Фехъуыста Моисей, адӕмӕй алчи йӕ бинонтимӕ йӕ цатыры бахизӕны раз кӕй кӕуы, уый. Рафыхти сӕм Дунедарӕджы маст, ӕмӕ бамӕгуыр ис Моисейы зӕрдӕ.

11 Загъта Дунедарӕгӕн: «Дӕ цагъары цӕуыл удхарӕй марыс, цы ракодта? Ӕппӕт ацы адӕмы мын ме ’ккой цӕмӕн сӕвӕрдтай?

12 Ацы адӕмы ӕз равзӕрын кодтон исты, ӕз сӕ ныййардтон? Мӕ хъӕбысы мын сӕ, дыджызӕ дзидзидайы куыд хӕсса, уыйау цӕмӕн хӕссын кӕныс, сӕ фыдӕлтӕн сын зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдтай, уырдӕм?

13 Ӕппӕт ацы адӕмӕн ӕз дзидза кӕцӕй хъуамӕ ӕрхӕссон, куы кӕуынц ӕмӕ мӕ дзидза куы агурынц, уӕд?

14 Утӕппӕт адӕмы бӕрны цӕуын мын иунӕгӕй зын у, уыцы уаргъ хӕссын нӕ фӕразын.

15 Кӕд мын Дӕ цӕст ӕндӕр ницы уарзы, уӕд мын фӕлтау уыцы хорзӕх ракӕн, ӕмӕ мӕ амар, цӕмӕй мӕ хъизӕмарӕй фервӕзон».

16 Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Ӕрбамбырд Мӕм кӕн Израилы хистӕртӕй дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзы — Израилы хистӕртӕ, йӕ раздзӕуджытӕ сты, зӕгъгӕ, кӕмӕй зӕгъдзынӕ, ахӕм лӕгты. Фембӕлды Цатыры размӕ сӕ ӕрбахон, ӕмӕ ӕрлӕууӕнт уыцы ран демӕ.

17 Ӕз раргом уыдзынӕн уым ӕмӕ демӕ дзурдзынӕн. Цы Уд дыл ис, уымӕй райсдзынӕн ӕмӕ дзы уыцы лӕгты схайджын кӕндзынӕн, цӕмӕй ацы адӕмыл мӕт кӕной демӕ ӕмӕ ды уыцы уаргъ иунӕгӕй мауал хӕссай.

18 Адӕмӕн та зӕгъ, цӕмӕй райсоммӕ сӕхи ссыгъдӕг кӕной ӕмӕ дзидза хӕрынмӕ цӕттӕ уой. Дунедарӕгмӕ, зӕгъ, дзынӕзтат, фыдызгъӕл домдтат, Мысыры уын хуыздӕр уыди, дзырдтат. Уӕдӕ уын Дунедарӕг фыдызгъӕл ратдзӕни ӕмӕ дзы уӕхи бафсаддзыстут.

19 Иу бон, дыууӕ боны, фондз, дӕс кӕнӕ ссӕдз боны йӕ нӕ хӕрдзыстут,

20 фӕлӕ ӕнӕхъӕн мӕй, цалынмӕ уӕ хъӕлӕсӕй кӕлын байдайа ӕмӕ йыл ӕлгъ кӕнын райдайат, уӕдмӕ! Уый уын, уе ’хсӕн Чи ис, Уыцы Дунедарӕгыл уӕхи кӕй атигъ кодтат, Йӕ разы кӕй дзынӕзтат ӕмӕ, Мысырӕй цӕмӕн рацыдыстӕм, зӕгъгӕ, кӕй хъуыр-хъуыр кодтат, уый тыххӕй».

21 Моисей загъта: «Ам, мемӕ, фистӕг хӕстонтӕ ӕхсӕзсӕдӕ мины ис, Ды та афтӕ зӕгъыс, мӕйваг сын фыдызгъӕл ратдзынӕн, зӕгъгӕ.

22 Лыстӕг фос ӕмӕ нӕм стуртӕй цы ис, уыдон иууылдӕр куы аргӕвдӕм, уӕд дӕр куынӕ сфаг уыдзысты! Кӕсаджы мыггагӕй денджызы цы ис, уыдон иууылдӕр куы ӕрцахсӕм, уӕд дӕр куынӕ сфаг уыдзысты!»

23 Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Исты Дунедарӕджы къух цыбыр у? Мӕ ныхас куыд ӕрцӕудзӕн, уымӕ-иу уӕдӕ дӕхӕдӕг кӕс!»

24 Рацыди Моисей адӕммӕ ӕмӕ сын фехъусын кодта Дунедарӕджы ныхӕстӕ. Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз хистӕры ӕрбамбырд кодта ӕмӕ сӕ Фембӕлды Цатыры алыварс ӕрлӕууын кодта.

25 Дунедарӕг ӕврагъы раргом ис ӕмӕ ныхас кодта Моисеимӕ. Райста, цы Уд ыл уыдис, уымӕй ӕмӕ дзы ӕвдай хистӕры схайджын кодта. Хистӕртӕ Удӕй куы схайджын сты, уӕд пехуымпариуӕг кӕнын райдыдтой, фӕлӕ сын уый бирӕ нӕ ахаста.

26 Дыууӕ лӕджы, сӕ иуы ном — Елдад, иннӕйы ном — Медад, рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ нӕ ракастысты. Хистӕрты номхыгъды уыдысты, фӕлӕ Цатыры размӕ не ’рбацыдысты. Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауы Удӕй схайджын сты ӕмӕ рӕсӕнуаты пехуымпариуӕг кодтой.

27 Ӕрбазгъордта лӕггадгӕнӕг ӕмӕ фехъусын кодта Моисейӕн: «Елдад ӕмӕ Медад рӕсӕнуаты пехуымпариуӕг кӕнынц!»

28 Йешуа, Нуны фырт, йе ’рыгонӕй фӕстӕмӕ Моисейы ӕххуысгӕнӕг чи уыд, уый фӕхъӕр кодта: «Моисей, мӕ бардар, бауром сӕ!»

29 Фӕлӕ йын Моисей загъта: «Уыцы ӕнувыдӕй мӕ сӕрыл хӕцыс, мыййаг? Тӕхуды ӕмӕ Дунедарӕджы адӕм иууылдӕр пехуымпартӕ куы уаиккой! Тӕхуды, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг куы схайджын кӕнид Йӕ Удӕй!»

30 Ӕмӕ Моисей Израилы хистӕртимӕ фӕстӕмӕ рӕсӕнуатмӕ аздӕхт.

31 Дунедарӕджы фӕндонӕй дымгӕ сыстад ӕмӕ денджызӕй уӕрццыты бал ӕрбахаста рӕсӕнуатмӕ. Рӕсӕнуаты алфамбылӕйтты, рӕсӕнуатӕй бонцау ӕддӕдӕр алырдӕм дӕр, дыууӕ ӕлмӕрины бӕрц зӕххы сӕрмӕ ныццӕнд сты уӕрццытӕ.

32 Адӕм ныххӕррӕтт кодтой ӕмӕ сӕ ӕнӕхъӕн бон ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв, стӕй дыккаг бон суанг изӕрмӕ ӕмбырд кодтой. Къаддӕр кӕмӕн бантыст, уый дӕр дӕс хомеры уӕддӕр ӕрӕмбырд кодта, ӕмӕ сӕ рӕсӕнуаты алыварс равӕрдтой сӕхицӕн.

33 Фӕлӕ сын уыцы фыдызгъӕл ӕууылд нӕма фӕци, афтӕ сӕм Дунедарӕджы маст ссыгъди ӕмӕ сыл рын сыстын кодта.

34 Уыцы бынат схуыдтой Киврот-Хаттава, уымӕн ӕмӕ зындард адӕмы уым баныгӕдтой.

35 Киврот-Хаттавайӕ адӕм ацыдысты Хацеротмӕ ӕмӕ Хацероты ӕрлӕууыдысты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan