Нымӕцтӕ 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстӔвзист сыкъауадындзтӕ 1 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 2 «Рацӕгъд дӕхицӕн дыууӕ ӕвзист сыкъауадындзы, ӕмӕ дын ахъаз уыдзысты дзыллӕмӕ фӕсидынӕн ӕмӕ рӕсӕнуӕттӕ сӕ бынатӕй фенкъуысын кӕнынӕн. 3 Дыууӕ уадындзы уастмӕ дӕм ӕгас дзыллӕ дӕр хъуамӕ Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕрбалӕууа, 4 сӕ иуы уастмӕ та хъуамӕ ӕрбамбырд уой ӕрмӕстдӕр фӕтӕгтӕ, Израилы мингӕйтты раздзӕуджытӕ. 5 Сыкъауадындзтӕ фӕдисы уаст куы ныккӕной, уӕд сӕ фӕндаг дарӕнт, скӕсӕны чи лӕууыд, уыцы ӕфсӕдтӕ; 6 сыкъауадындзтӕ дыккаг хатт куы ныккӕной фӕдисы уаст, уӕд та, хуссары чи лӕууыд, уыдон фӕдисы уастмӕ сӕ бынатӕй фенкъуысынц. 7 Ӕмбырдмӕ сидгӕйӕ дӕр сыкъауадындзтӕй уасгӕ у, ӕрмӕст хуымӕтӕджы уаст. 8 Аароны фырттӕ, сауджынтӕ, уасӕнт сыкъауадындзтӕй; уый уын — мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. 9 Знаг уӕм куы ӕрбабырса ӕмӕ йӕ ныхмӕ куы хӕцат уӕ зӕххыл, уӕд-иу фӕдисы уаст ныккӕнут сыкъауадындзтӕй, ӕмӕ Йӕ зӕрдыл ӕрбалӕудзыстут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ фервӕздзыстут уе знӕгтӕй. 10 Уӕ цины бонты, уӕ бӕрӕгбӕтты ӕмӕ уӕ алы мӕйноджы, сыкъауадындзтӕй уасут, иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ хӕсгӕйӕ, ӕмӕ-иу уый фӕрцы Йӕ зӕрдыл ӕрлӕудзыстут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн; Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау». Синайы хохрӕбынӕй — Уаз зӕхмӕ 11 Дыккаг азӕн йӕ дыккаг мӕйы ссӕдзӕм бон мигъ йӕхи систа Фембӕлды Цатырӕй, 12 ӕмӕ араст сты израилӕгтӕ Синайы ӕдзӕрӕг быдырӕй. Параны ӕдзӕрӕг быдыры мигъ йӕхи ӕруагъта. 13 Уӕд фыццаг хатт сыстадысты сӕ бынатӕй, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 14 Фыццаг уал, къорд къорды фӕдыл, араст ис Иудӕйы байзӕддӕгты ӕфсад, сӕ разӕй — Нахшон, Аминадавы фырт. 15 Иссахары байзӕддӕгты ӕфсадӕн сӕ разӕй — Нетанел, Цуары фырт. 16 Зевулоны байзӕддӕгты ӕфсадӕн — Елиав, Хелоны фырт. 17 Уый фӕстӕ ист ӕрцыди Уаз Цӕрӕн. Гершоны фырттӕ ӕмӕ Мерарийы фырттӕ систой Уаз Цӕрӕн ӕмӕ сӕ фӕндаг адардтой. 18 Уый фӕстӕ, къорд къорды фӕдыл, йӕ бынатӕй фенкъуысти Рувимы ӕфсад, сӕ разӕй — Елицур, Шедеуры фырт. 19 Симеоны байзӕддӕгты ӕфсады разӕй — Шелумиел, Цуришаддайы фырт; 20 Гады байзӕддӕгты ӕфсады разӕй — Елйасаф, Деуелы фырт. 21 Уый фӕстӕ Кехаты байзӕддӕгтӕ уаз дзауматӕ систой ӕмӕ сӕ фӕндаг адардтой. (Сӕ бацыдмӕ Уаз Цӕрӕн хъуамӕ ног бынаты ӕвӕрд ӕрцыдаид.) 22 Уый фӕстӕ, къорд къорды фӕдыл, араст ис Ефремы байзӕддӕгты ӕфсад, сӕ разӕй — Елишама, Аммиуды фырт. 23 Менассиайы байзӕддӕгты ӕфсады разӕй — Гамлиел, Педацуры фырт. 24 Бениамины байзӕддӕгты ӕфсады разӕй — Авидан, Гидеонийы фырт. 25 Ӕппӕты фӕстӕ йӕ бынатӕй, къорд къорды фӕдыл, фенкъуысти Даны байзӕддӕгты ӕфсад, йӕ разӕй — Ахиезер, Амишаддайы фырт. 26 Асиры байзӕддӕгты ӕфсады разӕй — Пагиел, Охраны фырт. 27 Неффалимы байзӕддӕгты ӕфсады разӕй — Ахира, Енаны фырт. 28 Уый — израилӕгты цыды фӕтк фӕндагыл, къорд къорды фӕдыл. Ховав 29 Моисей загъта Ховавӕн, Реуелы фыртӕн, йӕ мидианаг каисӕн: «Мах цӕуӕм, Дунедарӕг нын раттынӕй зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уырдӕм. Цом махимӕ, ӕмӕ дын хорзы бацӕудзыстӕм, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Израилӕн бирӕ хӕрзтӕй зӕрдӕ бавӕрдта». 30 Фӕлӕ уый загъта: «Нӕ цӕуын, фӕлтау мӕхи бӕстӕм, мӕ фыды зӕхмӕ аздӕхдзынӕн». 31 Моисей йын загъта: «Ма нӕ ныууадз! Ды ӕдзӕрӕг быдыры, рӕсӕнуатӕн чи бӕззы, ахӕм бынӕттӕ хорз зоныс ӕмӕ нын фӕндаг бацамон. 32 Немӕ куы ацӕуай, уӕд дӕу дӕр, Дунедарӕгӕй нӕ цы хорзӕх уа, уымӕй схайджын кӕндзыстӕм». 33 Араст сты Дунедарӕджы хохӕй ӕмӕ ӕртӕ боны фӕцыдысты. Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕртӕ бонцауы раздӕр цыди сӕ разӕй, цӕмӕй сын, ӕхсӕв кӕм ӕрлӕууой, уыцы бынӕттӕ амона. 34 Боныгон-иу рӕсӕнуатӕй куы рацыдысты, уӕд та Дунедарӕджы мигъ уыди сӕ сӕрмӕ. 35 Фидыды Чырын-иу куы фезмӕлыди, уӕд-иу Моисей загъта: «Раст, Дунедарӕг! Ныххӕлиу уӕнт Де знӕгтӕ, Дӕ разӕй лидзӕнт Дӕ фыдгултӕ!» 36 Фидыды Чырын-иу куы ’рлӕууыд, уӕд та дзырдта: «Раздӕх, ӕнӕнымӕц израилӕгты Дунедарӕг!» |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia