Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Нымӕцтӕ 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Израилӕгты сфыст

1 Дунедарӕг загъта Моисейӕн Синайы ӕдзӕрӕг быдыры, Фембӕлды Цатыры, Мысырӕй куы рацыдысты, уымӕн йӕ дыккаг азы дыккӕгӕм мӕйы фыццаг бон:

2 «Израилы дзыллӕйы мыггаггай, хӕдзаргай банымайут — нӕлгоймӕгты се ’ппӕты дӕр номхуындӕй.

3 Израилы хӕстхъомтӕй ссӕдз азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, уыдоны нымӕц Ааронимӕ бахынцут.

4 Алы мыггагӕй дӕр уын фӕйнӕ лӕджы ӕххуыс кӕндзысты — мыггаджы хистӕртӕ.

5 Мӕнӕ, ӕххуыс уын чи кӕндзӕн, уыцы адӕймӕгты нӕмттӕ: Рувимы мыггагӕй — Елицур, Шедеуры фырт;

6 Симеоны мыггагӕй — Шелумиел, Цуришаддайы фырт;

7 Иудӕйы мыггагӕй — Нахшон, Аминадавы фырт;

8 Иссахары мыггагӕй — Нетанел, Цуары фырт;

9 Зевулоны мыггагӕй — Елиав, Хелоны фырт;

10 Йосефы байзӕддӕгтӕй: Ефремы мыггагӕй — Елишама, Аммиуды фырт; Менассиайы мыггагӕй — Гамлиел, Педацуры фырт;

11 Бениамины мыггагӕй — Авидан, Гидеонийы фырт;

12 Даны мыггагӕй — Ахиезер, Амишаддайы фырт;

13 Асиры мыггагӕй — Пагиел, Охраны фырт;

14 Гады мыггагӕй — Елйасаф, Деуелы фырт;

15 Неффалимы мыггагӕй — Ахира, Енаны фырт.

16 Уыдон — дзыллӕйы нымаддӕртӕ, мыггӕгты хистӕртӕ, мингай израилӕгты фӕтӕгтӕ».

17 Моисей ӕмӕ Аарон, кӕй нӕмттӕ загъдӕуыд, уыцы адӕймӕгтимӕ

18 дыккаг мӕйы фыццаг бон ӕгас дзыллӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр ӕппӕт нӕлгоймӕгты дӕр, фӕстаг лӕджы онг, хӕдзаргай, хӕдзарвӕндаггай, номгай сфыстой.

19 Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ сӕ банымадта Моисей Синайы ӕдзӕрӕг быдыры.

20 Рувимы, Израилы хистӕр фырты байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты, хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.

21 Рувимы мыггагӕй хыгъд ӕрцыд цыппор ӕхсӕз мин фондзсӕдӕ адӕймаджы.

22 Симеоны байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.

23 Симеоны мыггагӕй хыгъд ӕрцыд фӕндзай фараст мин ӕртӕсӕдӕ адӕймаджы.

24 Гады байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.

25 Гады мыггагӕй хыгъд ӕрцыд цыппор фондз мин ӕхсӕзсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы.

26 Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.

27 Иудӕйы мыггагӕй хыгъд ӕрцыд ӕвдай цыппар мин ӕхсӕзсӕдӕ адӕймаджы.

28 Иссахары байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.

29 Иссахары мыггагӕй фыст ӕрцыди фӕндзай цыппар мин цыппарсӕдӕ адӕймаджы.

30 Зевулоны байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.

31 Зевулоны мыггагӕй хыгъд ӕрцыд фӕндзай авд мин цыппарсӕдӕ адӕймаджы.

32 Йосефы байзӕддӕгтӕ, Ефремы байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.

33 Ефремы мыггагӕй хыгъд ӕрцыд цыппор мин фондзсӕдӕ адӕймаджы.

34 Менассиайы байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.

35 Менассиайы мыггагӕй хыгъд ӕрцыд ӕртын дыууӕ мин дыууӕсӕдӕ адӕймаджы.

36 Бениамины байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.

37 Бениамины мыггагӕй нымад ӕрцыди ӕртын фондз мин цыппарсӕдӕ адӕймаджы.

38 Даны байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты, номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.

39 Даны мыггагӕй хыгъд ӕрцыд ӕхсай дыууӕ мин авдсӕдӕ адӕймаджы.

40 Асиры байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.

41 Асиры мыггагӕй хыгъд ӕрцыд цыппор иу мин фондзсӕдӕ адӕймаджы.

42 Неффалимы байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.

43 Неффалимы мыггагӕй хыгъд ӕрцыд фӕндзай ӕртӕ мин цыппарсӕдӕ адӕймаджы.

44 Уый, Моисей ӕмӕ Аарон ӕмӕ Израилы дыууадӕс фӕтӕджы, алы мыггагӕй дӕр — фӕйнӕ, кӕй банымадтой, уыдон.

45 Хӕдзарвӕндаггай фыст чи ӕрцыд, Израилы уыцы хӕстхъомтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕртӕ, ӕдӕппӕтӕй

46 уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мин фондзсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы.


Левиттӕ цӕуылнӕ бахаудтой сфыстмӕ

47 Левиттӕ нӕ бахаудтой сфыстмӕ.

48 Дунедарӕг Моисейӕн загъта:

49 «Левийы мыггаджы ма бахӕсс сфыстмӕ ӕмӕ сӕ иннӕ израилӕгтимӕ ма банымай.

50 Левиттӕн бабар кӕн, цӕмӕй сӕ цӕст дарой Фембӕлды Цатыр ӕмӕ йе ’ппӕт мигӕнӕнтӕ, цыдӕриддӕр ӕм хауы, уыдонмӕ. Хӕссӕнт Цатыр ӕмӕ йе ’ппӕт мигӕнӕнтӕ, сӕ цӕст дарӕнт Цатырмӕ. Сӕ рӕсӕнуат — йӕ алыварс.

51 Уаз Цӕрӕн сисын куы хъӕуа, уӕд ӕй левиттӕ райхалӕнт, сӕвӕрын ӕй куы хъӕуа, уӕд дӕр-иу ӕй уыдон ӕрцаразӕнт. Уаз Цӕрӕнмӕ ’ндӕр исчи куы ӕрбаввахс уа, уӕд уый та амарын хъӕуы.

52 Къордгай ӕрбынат кӕнӕнт израилӕгтӕ рӕсӕнуаты, алы хӕстон дӕр — йӕхи ӕфсадимӕ, йӕхи къордимӕ.

53 Левиттӕ та хъуамӕ Фембӕлды Цатыры алыварс ӕрбынат кӕной, цӕмӕй Хуыцауы азар ма баййафа Израилы дзыллӕйы: Фембӕлды Цатыр левитты бӕрны ис».

54 Дунедарӕг Моисейӕн куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, алцыдӕр афтӕ бакодтой израилӕгтӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan