Неемиа 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Къул куы срӕвдз ӕмӕ кулдуары хӕйттӕ сӕ бынӕттӕ куы ссардтой, уӕд дуаргӕстӕ, зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ левиттӕ нысангонд ӕрцыдысты. 2 Ме ’фсымӕр Ханани ӕмӕ фидары хицау Хананиайы (Хуыцауы тас кӕмӕ уыд, ахӕм ӕууӕнкджын лӕджы) Йерусалимы сӕргъы сӕвӕрдтон. 3 Загътон сын: цалынмӕ хур дзӕбӕх ӕндавы, уӕдмӕ Йерусалимы кулдуӕрттӕ ма гом кӕнут. Адӕм цалынмӕ бадгӕ кӕнынц, уӕдмӕ дуӕрттӕ ӕхгӕнут ӕмӕ гуыдыртӕ ӕвӕрут. Хъахъхъӕнджытӕй сӕвӕрдтон Йерусалимы цӕрджыты, алкӕй дӕр — йӕ хӕдзары акомкоммӕ. 4 Фӕлӕ сахар парахат ӕмӕ егъау уыд, адӕм та дзы — хӕрз чысыл, хӕдзӕрттӕ дӕр арӕзт нӕ уыдысты. 5 Уӕд Хуыцауы фӕндӕй мӕ зӕрдыл ӕрӕфтыд номдзыддӕртӕ, хицӕуттӕ ӕмӕ иннӕ адӕмы ӕрӕмбырд кӕнын ӕмӕ сын ӕрфыст саразын. Ссардтон, уацарӕй раздӕр чи ӕрбаздӕхт, уыдоны хӕдзарвӕндаггай номхыгъд. Фыст дзы уыди: 6 «Вавилоны паддзах Навуходоносор уацары кӕй акодта, уыцы израилӕгтӕй фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ ӕмӕ Иудеймӕ, алчидӕр йӕхи сахармӕ, 7 Зоровавелимӕ, Йешуаимӕ, Неемиаимӕ, Азариаимӕ, Раамиаимӕ, Нахаманиаимӕ, Мардохеимӕ, Билшанимӕ, Миспаримӕ, Бигваимӕ, Нехумимӕ, Ваанаимӕ ӕрбаздӕхти. Мӕнӕ Израилы адӕмы номхыгъд: 8 Парошы мыггагӕй — дыууӕ мин сӕдӕ ӕвдай дыууӕ; 9 Шефатийы мыггагӕй — ӕртӕсӕдӕ ӕвдай дыууӕ; 10 Арахы мыггагӕй — ӕхсӕзсӕдӕ фӕндзай дыууӕ; 11 Пахат-Моавы мыггагӕй (Йешуа ӕмӕ Йоавы байзӕддӕгтӕ) — дыууӕ мин астсӕдӕ ӕстдӕс; 12 Еламы мыггагӕй — иу мин дыууӕсӕдӕ фӕндзай цыппар; 13 Заттуйы мыггагӕй — астсӕдӕ цыппор фондз; 14 Заккайы мыггагӕй — авдсӕдӕ ӕхсай; 15 Биннуйы мыггагӕй — ӕхсӕзсӕдӕ цыппор аст; 16 Бевайы мыггагӕй — ӕхсӕзсӕдӕ дыууын аст; 17 Азгады мыггагӕй — дыууӕ мин ӕртӕсӕдӕ дыууын дыууӕ; 18 Адоникамы мыггагӕй — ӕхсӕзсӕдӕ ӕхсай авд; 19 Бигвайы мыггагӕй — дыууӕ мин ӕхсай авд; 20 Адины мыггагӕй — ӕхсӕзсӕдӕ фӕндзай фондз; 21 Атеры мыггагӕй (Езекиайы хӕдзарӕй) — нӕуӕдз аст; 22 Хашумы мыггагӕй — ӕртӕсӕдӕ дыууын аст; 23 Бецайы мыггагӕй — ӕртӕсӕдӕ дыууын цыппар; 24 Харифы мыггагӕй — сӕдӕ дыууадӕс; 25 Гивоны мыггагӕй — нӕуӕдз фондз; 26 Вифлеем ӕмӕ Нетофы цӕрджытӕй — сӕдӕ ӕстай аст; 27 Анатоты цӕрджытӕй — сӕдӕ дыууын аст; 28 Бет-Азмаветы цӕрджытӕй — цыппор дыууӕ; 29 Кирйат-Иарим, Кефира ӕмӕ Беероты цӕрджытӕй — авдсӕдӕ цыппор ӕртӕ; 30 Рама ӕмӕ Гевӕйы цӕрджытӕй — ӕхсӕзсӕдӕ дыууын иу; 31 Михмасы цӕрджытӕй — сӕдӕ дыууын дыууӕ; 32 Вефил ӕмӕ Гайы цӕрджытӕй — сӕдӕ дыууын ӕртӕ; 33 иннӕ Невойы цӕрджытӕй — фӕндзай дыууӕ; 34 иннӕ Еламы мыггагӕй — иу мин дыууӕсӕдӕ фӕндзай цыппар; 35 Харимы мыггагӕй — ӕртӕсӕдӕ дыууын; 36 Йерихоны мыггагӕй — ӕртӕсӕдӕ цыппор фондз; 37 Лод, Хадид ӕмӕ Онойы мыггӕгтӕй — авдсӕдӕ дыууын иу; 38 Сенаайы мыггагӕй — ӕртӕ мин фарастсӕдӕ ӕртын. 39 Сауджынтӕ: Иедайайы мыггагӕй (Йешуайы байзӕддӕгтӕй) — фарастсӕдӕ ӕвдай ӕртӕ; 40 Иммеры мыггагӕй — иу мин фӕндзай дыууӕ; 41 Пашхуры мыггагӕй — иу мин цыппор авд; 42 Харимы мыггагӕй — иу мин ӕвддӕс. 43 Левиттӕ: Йешуа ӕмӕ Кадмиелы байзӕддӕгтӕй (Ходевайы хӕдзарӕй) — ӕвдай цыппар. 44 Зарӕггӕнджытӕ: Асафы байзӕддӕгтӕй — сӕдӕ цыппор аст. 45 Аргъуанхъахъхъӕнджытӕ: Шаллумы, Атеры, Талмоны, Аккувы, Хатитайы, Шовайы байзӕддӕгтӕй — сӕдӕ ӕртын аст. 46 Кувӕндоны кусджытӕ: Цихайы, Хасуфайы, Таббаоты фырттӕ; 47 Керосы, Сиайы, Падоны фырттӕ; 48 Леванайы, Хагавайы, Шалмайы фырттӕ; 49 Хананы, Гидделы, Гахары фырттӕ; 50 Реаиайы, Рецины, Некодайы фырттӕ; 51 Газамы, Уззайы, Пасеахы фырттӕ; 52 Бесайы, Меунимы, Нефушсимы фырттӕ; 53 Бакбукы, Хакуфайы, Хархуры фырттӕ; 54 Бацлиты, Мехидайы, Харшайы фырттӕ; 55 Баркосы, Сисерайы, Темахы фырттӕ; 56 Нециахы, Хатифайы фырттӕ. 57 Соломоны лӕггадгӕнджыты байзӕддӕгтӕй: Сотайы, Софереты, Феридайы фырттӕ; 58 Иалайы, Дарконы, Гидделы фырттӕ; 59 Шефатийы, Хаттилы фырттӕ, Покерет-Цеваимы, Амоны фырттӕ. 60 Кувӕндоны кусджытӕ ӕмӕ Соломоны цагъарты байзӕддӕгтӕ ӕдӕппӕтӕй — ӕртӕсӕдӕ нӕуӕдз дыууӕ. 61 Мӕнӕ, Тел-Мелах, Тел-Харша, Керув, Аддон ӕмӕ Иммерӕй чи ӕрбацыд, фӕлӕ израилаг сты ӕви нӕ, уый тыххӕй сӕ бон ӕвдисӕнтӕ ’рхӕссын кӕмӕн нӕ баци, уыдон: 62 Делаи, Товиа ӕмӕ Некодайы байзӕддӕгтӕ — ӕхсӕзсӕдӕ цыппор дыууӕ. 63 Сауджынтӕй: Ховайайы, Хакоцы ӕмӕ, йӕ галаадаг каисты ном хӕссын чи райдыдта, уыцы Барзиллайы байзӕддӕгтӕ. 64 Сӕ фыдӕлты тыххӕй исты фыст кӕм ис, ахӕм ӕрмӕг фӕцагуырдтой, фӕлӕ ницы ссардтой, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ сауджынтыл нал банымадтой. 65 Иудейы хицау сын загъта, цалынмӕ, дам, урим ӕмӕ туммимимӕ кувӕг сауджын фӕзына, уӕдмӕ сыгъдӕг нывондагӕй ма хӕрут, зӕгъгӕ. 66 Чи ӕрбаздӕхти, уыцы дзыллӕ ӕдӕппӕтӕй иумӕ уыдысты цыппор дыууӕ мин ӕртӕсӕдӕ ӕхсай адӕймаджы. 67 Уыдонимӕ нымад не ’рцыдысты сӕ лӕггадгӕнӕг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ — авд мин ӕртӕсӕдӕ ӕртын авд, стӕй зарӕггӕнджытӕ — нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ — дыууӕсӕдӕ цыппор фондз. 68 Бӕхтӕ сӕм уыдис авдсӕдӕ ӕртын ӕхсӕз, хайуантӕ — дыууӕсӕдӕ цыппор ӕртӕ, 69 теуатӕ — цыппарсӕдӕ ӕртын фондз, хӕрджытӕ — ӕхсӕз мин авдсӕдӕ дыууын. 70 Хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕй иуӕй-иутӕ, цӕмӕй куыст размӕ цӕуа, уымӕн стыр ахъаз бакодтой. Тиршата хӕзнадонмӕ радта: сыгъзӕрин — мин драхмӕйы; кӕхцытӕ — фӕндзай; сауджыны фӕлыст — фӕндзай ӕртын фӕлтӕры. 71 Хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕй чидӕртӕ хӕзнадонмӕ радтой: сыгъзӕрин — ссӕдз мин драхмӕйы; ӕвзист — дыууӕ мин дыууӕсӕдӕ минӕйы. 72 Иннӕ адӕмӕй чидӕртӕ радтой: сыгъзӕрин — ссӕдз мин драхмӕйы; ӕвзист — дыууӕ мин минӕйы; сауджыны фӕлыст — ӕхсай авд фӕлтӕры. 73 Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ, дуаргӕстӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ, адӕм ӕмӕ Кувӕндоны кусджытӕ, израилӕгтӕ иууылдӕр ӕрбынӕттон сты сӕ сахарты». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia