Неемиа 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Санбаллат ӕмӕ Тобиа, араббаг Гешем ӕмӕ нӕ иннӕ фыдгултӕ куы фехъуыстой, ӕз къул амад фӕдӕн ӕмӕ дзы къахыртӕ нал ис, уӕвгӕ уӕдмӕ кулдуӕрттӕ ӕмӕ сӕ хӕйттӕ рӕвдз нӕма уыдысты, 2 уӕд мӕм Санбаллат ӕмӕ Гешем ӕрбарвыстой, рацу ӕмӕ, дам, Онойы дӕлвӕзы хъӕутӕй иуы фембӕлӕм: мӕнӕн исты фыдбылыз саразыны фӕнд сӕм уыди. 3 Фӕлӕ сӕм ӕз арвыстон, стыр хъуыддаджы лӕуд дӕн ӕмӕ мӕ цӕуынмӕ нӕ равдӕлдзӕн, зӕгъгӕ. Куы йӕ, зӕгъын, ныууадзон ӕмӕ сымахмӕ куы ацӕуон, уӕд бакъуылымпы уыдзӕни. 4 Цыппар хатты мӕм ӕрбаминӕвар кодтой, ӕмӕ сын цыппар хатты дӕр уыцы иу дзуапп лӕвӕрдтон. 5 Уӕд мӕм Санбаллат фӕндзӕм хатт ӕрбарвыста йӕ лӕггадгӕнӕджы, йӕ къухы — гом фыстӕг. 6 Фыстӕджы уыди: «Адӕм хъус-хъус кӕнынц, стӕй Гашму дӕр афтӕ зӕгъы, ды ӕмӕ, дам, иудейӕгтӕ паддзахы ныхмӕ растынмӕ хъавут. Къул дӕр, дам, уый тыххӕй амайыс. Уыимӕ, дам, дӕ зӕрды ис уыдонӕн паддзах суӕвын. 7 Цӕмӕй дӕ спаддзах кӕной, пехуымпарты дӕр, дам, Йерусалимы уый тыххӕй баурӕдтай. Иудейаг паддзах, зӕгъгӕ, дӕу хонынц ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ паддзахмӕ фӕхӕццӕ уыдзысты. Уӕдӕмӕ ӕрбацу ӕмӕ иумӕ ауынаффӕ кӕнӕм». 8 Фӕлӕ йӕм ӕз арвыстон: «Ды цы дзурыс, ахӕмӕй дзы ницы ис. Дӕхи ӕрымысӕггаг сты». 9 Иууылдӕр нӕ тӕрсын кодтой, цӕмӕй нӕ ныфс асӕтта ӕмӕ хъуыддагӕй мацы рауайа. Фӕлӕ ӕз Хуыцаумӕ куывтон, цӕмӕй мын мӕ къух ноджы фидардӕр кӕна. 10 Иу бон куы уыд, уӕд Шемайайы, Делаийы фырт, Мегетабелы фырты фырты хӕдзармӕ бацыдтӕн. Уый хибар уаты цард Кувӕндоны ӕмӕ загъта, цом, дам, Хуыцауы хӕдзармӕ, Кувӕндоны хуылфмӕ, ӕмӕ дуар нӕ фӕстӕ сӕхгӕнӕм, уымӕн ӕмӕ, дам, дӕумӕ марынмӕ ӕрбацӕудзысты, ӕхсӕвыгон, дам, ӕрбацӕудзысты дӕ марынмӕ. 11 Ӕз загътон, мӕ хуызӕн адӕймагӕн, зӕгъын, лидзын кӕм фидауы? Удӕгасӕй баззайыны охыл мӕ хуызӕн адӕймагӕн Кувӕндоны бамбӕхсын кӕм ӕмбӕлы? Нӕ, зӕгъын, бацӕудзынӕн. 12 Кӕд пехуымпариуӕг кодта, уӕддӕр ӕз зыдтон, Хуыцауы ӕрвыст адӕймаг нӕ, фӕлӕ Тобиа ӕмӕ Санбаллаты ӕлхӕд лӕг кӕй у, уый. 13 Ӕлхӕнгӕ та йӕ уый тыххӕй бакодтой, цӕмӕй мӕ фӕтӕрсын кӕна, йӕ коммӕ бакӕсон ӕмӕ уыцы тӕригъӕд мӕхимӕ райсон. Уӕд сӕ цӕсты бафтыдаин ӕмӕ цӕрӕнбонты фидиссаг фӕуыдаин. 14 Фӕтӕрсын кӕнынмӕ мӕ чи хъавыди, уыцы Тобиа ӕмӕ Санбаллат, сылгоймаг-пехуымпар Ноадиа ӕмӕ иннӕ пехуымпартӕн сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕн, мӕ Хуыцау! 15 Къул срӕвдз ис дыууадӕс ӕмӕ дыууиссӕдз бонмӕ, елулы мӕйы дыууын фӕндзӕм бон. 16 Уыцы хабар нӕ фыдгултӕ куы фехъуыстой, нӕ алыварс адӕмтӕ йӕ иууылдӕр сӕхи цӕстӕй куы федтой, уӕд сӕхимӕ ӕгад ӕркастысты: бамбӕрстой, хъуыддаг нӕ Хуыцауы фӕндӕй кӕй сӕнтысти, уый. 17 Уыцы бонты иудейӕгты уӕздандӕртӕ ӕмӕ Тобиа кӕрӕдзимӕ хъазуатӕй фыстӕджытӕ ӕрвыстой. 18 Йӕ цӕдисонтӕ уыдысты, кӕрӕдзийӕн ард бахордтой. Уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг Арахы фырт Шеханиайы сиахс уыди, йӕ фырт Йоханан та Варахийы фырт Мешулламы чызджы ракуырдта. 19 Суанг ма йӕ хорз хъуыддӕгты кой дӕр кодтой мӕ разы, мӕ ныхӕстӕ та уымӕн фӕзмыдтой. Цӕмӕй мӕ фӕтӕрсын кӕна, Тобиа уый тыххӕй ӕрвыста фыстӕджытӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia