Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Неемиа 12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Шеалтиелы фырт Зоровавел ӕмӕ Йешуаимӕ уацарӕй ӕрбаздӕхтысты сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ. Сауджынтӕ: Серай, Йеремиа, Езра,

2 Амариа, Маллух, Хаттуш,

3 Шеханиа, Рехум, Меремот,

4 Иддо, Гинетой, Авийа,

5 Миамин, Маадиа, Билга,

6 Шемайа, Иоарив, Иедайа,

7 Саллу, Амохъ, Хилкиа, Иедайа. Уыдон — алчер Йешуайы рӕстӕджы сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕ.

8 Левиттӕ: Йешуа, Биннуй, Кадмиел, Шеревиа, Иудӕ, кады зарӕг кӕнгӕйӕ сӕйраг чи у, уыцы Маттаниа йӕхӕдӕг ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ,

9 Бакбукиа ӕмӕ Унни та, се ’фсымӕртӕ, семӕ ӕмзард кодтой иннӕ къорды.

10 Йешуайӕ райгуырди Иоаким, Иоакимӕй — Елиашив, Елиашивӕй райгуырди Иоада,

11 Иоадайӕ — Йонатан, Йонатанӕй — Йадуа.

12 Иоакимы рӕстӕг сауджынтӕ, хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ, уыдысты: Серайы хӕдзары — Мерайа, Йеремиайы хӕдзары — Хананиа,

13 Езрайы хӕдзары — Мешуллам, Амариайы хӕдзары — Йоханан,

14 Маллухийы хӕдзары — Йонатан, Шеваниайы хӕдзары — Йосеф,

15 Харимы хӕдзары — Адна, Мерайоты хӕдзары — Хелкай,

16 Иддойы хӕдзары — Захариа, Гинетоны хӕдзары — Мешуллам,

17 Авийайы хӕдзары — Зихри, Миниамины хӕдзары, Моадиайы хӕдзары — Пилтай,

18 Билгайы хӕдзары — Шаммуа, Шемайайы хӕдзары — Йонатан,

19 Иоаривы хӕдзары — Маттенай, Иедайайы хӕдзары — Уззи,

20 Саллуйы хӕдзары — Каллай, Амокы хӕдзары — Евер,

21 Хилкиайы хӕдзары — Хашавиа, Иедайайы хӕдзары — Нетанел.

22 Левиттӕ, хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ, номхыгъдмӕ хаст ӕрцыдысты алчертӕ Елиашив, Иоада, Йоханан ӕмӕ Йадуайы рӕстӕджыты, сауджынты мыггӕгтӕ та — Персаг Дарийы паддзахиуӕджы заман.

23 Левийы фырттӕ, хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ, азфыстмӕ хаст ӕрцыдысты Елиашивы фырт Йохананы рӕстӕджы онг.

24 Левитты хистӕртӕ: Хашавиа, Шеревиа, Кадмиелы фырт Йешуа се ’фсымӕртимӕ арфӕйы рӕстӕг кады зарджытӕ хъуамӕ зарой, Хуыцауы уарзон адӕймаг Давиды амындмӕ гӕсгӕ, кӕрӕдзийы ивгӕйӕ.

25 Маттаниа, Бакбукиа, Овадиа, Мешуллам, Талмон, Аккув — хъахъхъӕнджытӕ, кулдуӕртты раз ӕфснайӕн бынӕтты хъахъхъӕнджытӕ.

26 Уыдон цардысты Иоакимы, Иоцадакы фырт Йешуайы фырты рӕстӕджы, облӕсты хицау Неемиа ӕмӕ динамонӕг Езра-сауджыны рӕстӕджы.

27 Йерусалимы сис срухс кӕныны рӕстӕг левиттӕм фӕсидтысты ӕмӕ сӕ Йерусалиммӕ ’рбацӕуын кодтой сӕ цӕрӕн бынӕттӕй, цӕмӕй, Дунедарӕгӕн кад кӕнгӕйӕ, скувой ӕмӕ хъӕлдзӕг бӕрӕгбон скӕной зард ӕмӕ далатӕ, дыууадӕстӕнонты, хъисфӕндырты цагъдимӕ.

28 Зарӕггӕнджыты хӕдзарвӕндӕгтӕ ӕрбамбырд сты Йерусалимы зылд ӕмӕ Нетофы хъӕутӕй;

29 Бет-Гилгал, Гевӕ ӕмӕ Азмаветы быдыртӕй, уымӕн ӕмӕ уыцы зарӕггӕнджытӕ ӕрцардысты Йерусалиммӕ хӕстӕг.

30 Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ сӕхи дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр ссыгъдӕг кодтой, ссыгъдӕг кодтой кулдуӕрттӕ ӕмӕ къул дӕр.

31 Уӕд ӕз Иудейы хицӕутты ахуыдтон сисы сӕрмӕ. Зарӕггӕнджыты дыууӕ стыр къорды цӕуынӕввонг ӕрлӕууын кодтон. Къордтӕй иу сисы сӕрты араст рахизӕрдӕм, Фаджыскалӕн кулдуары ’рдӕм.

32 Йӕ фӕстӕ араст сты Хошаи ӕмӕ Иудейы хицӕуттӕн се ’мбис,

33 Азариа, Езра ӕмӕ Мешуллам,

34 Иудӕ, Бениамин, Шемайа ӕмӕ Йеремиа.

35 Уым уыдысты сауджынтӕ хӕтӕлтимӕ ӕмӕ Йонатаны фырт Захариа (йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Шемайа, Маттаниа, Миха, Заккур, Асаф)

36 ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ: Шемайа, Азарел, Милалай, Гилалай, Маай, Нетанел, Иудӕ, ӕмӕ Ханани Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Давиды уадынгӕрзтимӕ, сӕ разӕй — динамонӕг Езра.

37 Суадоны кулдуары раз, сис Давиды сахармӕ кӕм фӕхӕрд кодта, уым уӕлӕмӕ сӕ фӕндаг адардтой ӕмӕ Давиды хӕдзары сӕрты бахӕццӕ сты Донхӕссӕн кулдуармӕ скӕсӕнӕрдыгӕй.

38 Зарӕггӕнджыты дыккаг къорд сисыл цыди сӕ ныхмӕ, сӕ фӕдыл та адӕмы иннӕ хаимӕ цыдтӕн ӕз: Пецы мӕсыджы рӕзты Фӕтӕн сисы онг.

39 Фӕтӕн сисӕй нӕ фӕндаг цыди Ефремы кулдуармӕ, Зӕронд кулдуары рӕзты ӕрцыдыстӕм, Кӕсаджы кулдуарыл ахызтыстӕм, Хананелы мӕсыг ӕмӕ Сӕдӕйы мӕсыджы цурты Фысвосы кулдуармӕ ӕрхӕццӕ стӕм ӕмӕ ӕрлӕууыдыстӕм Хъахъхъӕнджыты кулдуары раз.

40 Уый фӕстӕ зарӕггӕнджыты дыууӕ къорды дӕр Хуыцауы хӕдзары раз ӕрлӕууыдысты, семӕ — ӕз, хицӕуттӕн се ’мбис

41 ӕмӕ сауджынтӕ: Елиаким, Маасеа, Миниамин, Миха, Елйоенай, Захариа, Хананиа сӕ сыкъа хӕтӕлтимӕ;

42 ӕмӕ семӕ — Маасеа, Шемайа, Елеазар, Уззи, Йоханан, Малкиа, Елам ӕмӕ Езер. Хъӕрӕй зарыдысты, зарӕгамонӕг та сын уыди Израхиа.

43 Уыцы бон бирӕ нывӕндтӕ ӕрхастой ӕмӕ хъӕлдзӕг уыдысты, уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау стыр цин ӕрхаста. Сылгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сабитӕ дӕр хъӕлдзӕг уыдысты. Йерусалимы цины хъӕртӕ дардмӕ хъуыстысты.

44 Уыцы бон, хоры сӕртӕ ӕмӕ дӕсӕймаг хӕйттӕ кӕдӕм хӕсгӕ уыдысты, уыцы къӕбицты цур сӕрмагонд лӕгтӕ лӕууыд, цӕмӕй, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн цы хӕйттӕ ’мбӕлы, уыдон сахары алыварс цӕрӕг зӕхкусджытӕй ӕмбырд кӕной. Уымӕн ӕмӕ иудейӕгтӕ цин кодтой сауджынты ӕмӕ левитты уазлӕггадыл.

45 Уыдон уыдысты зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ дуаргӕстӕ, уазлӕггад кодтой сӕ Хуыцауӕн, архайдтой сыгъдӕг кӕныны хъуыддӕгты, Давид ӕмӕ йӕ фырт Соломонӕй куыд фӕдзӕхст уыди, афтӕ.

46 Уымӕн ӕмӕ раджы, Давиды ӕмӕ Асафы рӕстӕджыты, амынд ӕрцыдысты зарӕггӕнджыты сӕргълӕуджытӕ ӕмӕ Хуыцауы стыд ӕмӕ арфӕйы зарджытӕ.

47 Зоровавелы рӕстӕг ӕмӕ Неемиайы рӕстӕг израилӕгтӕ иууылдӕр зарӕггӕнджытӕн ӕмӕ дуаргӕстӕн лӕвӕрдтой сӕ боны хардз, левиттӕн сӕ уаз хай лӕвӕрдтой, левиттӕ та дзы хай кодтой Аароны фырттӕн.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan