Неемиа 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Мыхуыртӕ сӕвӕрдтой: Хакалиайы фырт Неемиа, бӕстыхицау, ӕмӕ Цедекиа; 2 Серай, Азариа, Йеремиа, 3 Пашхур, Амариа, Малкиа, 4 Хаттуш, Шеваниа, Маллух, 5 Харим, Меремот, Овадиа, 6 Даниил, Гинетон, Барух, 7 Мешуллам, Авийа, Миамин, 8 Маазиа, Билгай, Шемайа. 9 Левиттӕ: Азаниайы фырт Йешуа; Хенадады байзӕддӕгтӕй: Биннуй, Кадмиел; 10 се ’фсымӕртӕ Шеваниа, Ходиа, Келита, Пелаиа, Ханан, 11 Миха, Рехов, Хашавиа, 12 Заккур, Шеревиа, Шеваниа, 13 Ходиа, Бани, Бенину. 14 Адӕмы хистӕртӕ: Парош, Пахат-Моав, Елам, Затту, Бани, 15 Бунни, Азгад, Бева, 16 Адониа, Бигвай, Адин, 17 Атер, Езекиа, Азур, 18 Ходиа, Хашум, Бецай, 19 Хариф, Анатот, Невай, 20 Магпиаш, Мешуллам, Хезир, 21 Мешезавел, Цадок, Йадуа, 22 Пелатиа, Ханан, Анайа, 23 Осиа, Хананиа, Хашшув, 24 Халлохеш, Пилха, Шовек, 25 Рехум, Хашавна, Маасеа, 26 Ахийа, Ханан, Анан, 27 Маллух, Харим, Баана. 28 Иннӕ адӕм: сауджынтӕ, левиттӕ, дуаргӕстӕ, зарӕггӕнджытӕ, Кувӕндоны кусджытӕ — ӕндӕрбӕстаг адӕмтӕй чи фӕхицӕн ӕмӕ Хуыцауы Ӕгъдау чидӕриддӕр райста, уыдон ӕд устытӕ ӕмӕ, сӕ цотӕй ӕмбарынхъом чи уыди, уыцы лӕппутӕ ӕмӕ чызджытимӕ. 29 Иууылдӕр израилӕгты дзырддзӕугӕдӕрты фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты. Ард бахордтой ӕмӕ сомы ракодтой, Хуыцауы Ӕгъдаумӕ, Хуыцауы цагъар Моисейы къухӕй лӕвӕрд чи у, уымӕ гӕсгӕ кӕй цӕрдзысты, Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕ, Йе ’гъдӕуттӕ ӕмӕ амындтытӕ иууылдӕр лӕмбынӕг кӕй ӕххӕст кӕндзысты; 30 сӕ чызджыты ӕцӕгӕлон адӕмтӕм моймӕ кӕй нӕ дӕтдзысты ӕмӕ сын сӕ чызджыты та сӕ фырттӕн кӕй нӕ курдзысты; 31 ӕцӕгӕлон адӕмтӕ исты уӕй кӕнынмӕ ӕрбаластой сабаты, зӕгъгӕ, уӕд сын дзы сабаты дӕр ӕмӕ бӕрӕгбоны дӕр кӕй не ’лхӕндзысты; цыфӕнды хӕс ма уӕд, ӕвдӕм аз-иу ӕй сӕ хӕсджынӕн кӕй ныббардзысты, стӕй ма — ӕвдӕм аз зӕххӕн улӕфыны фадат кӕй дӕтдзысты, уый тыххӕй. 32 Ноджы ма нӕхицӕн фӕткыл банымадтам, нӕ Хуыцауы хӕдзар хъуаг цӕмӕй ӕййафа, уыдӕттӕн афӕдз шекелы ӕртыккаг хай дӕттын: 33 ӕрвылбоны хойраджы хуынтӕн ӕмӕ ӕрвылбоны иууылсудзинӕгтӕн; сабӕттӕн; мӕйногтӕн; бӕрӕгбӕттӕн; Кувӕндоны уаз дзауматӕн; Израилы йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй нывондӕгтӕн ӕмӕ, нӕ Хуыцауы хӕдзары лӕггад кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уыдӕттӕн. 34 Сауджынтӕ, левиттӕ ӕмӕ дзыллӕ хӕлттӕ сӕппӕрстой, нысангонд рӕстӕгмӕ нӕ хӕдзарвӕндӕгтӕй суг кӕцы хъуамӕ ӕрбаласа нӕ Хуыцауы хӕдзармӕ, уый тыххӕй, цӕмӕй, Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ, арт судза Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, нывондхӕссӕныл. 35 Нӕхицӕн фӕткыл банымадтам алы аз дӕр нӕ хуымты бӕркад ӕмӕ дыргъы сӕртӕй Дунедарӕджы хӕдзармӕ хӕссын. 36 Ноджы ма нӕ Хуыцауы хӕдзары лӕггадгӕнӕг сауджынты къухмӕ хъуамӕ, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, раттӕм нӕ хистӕр фыртты, стӕй нӕ стурвос ӕмӕ фысвосы сӕртӕ. 37 Нӕ хоры фыццаг ссадӕй хуын, нӕ дыргътӕй, нӕ сӕн ӕмӕ сойӕ сауджынтӕн сӕ хай хӕсдзыстӕм, нӕ Хуыцауы хӕдзары цур цы къӕбицтӕ ис, уырдӕм. Нӕ зӕххы бӕркады дӕсӕймаг хай та — левиттӕн. Левитты уыдзӕн нӕ тыллӕджы дӕсӕймаг хай, нӕ сахартӕй зӕххы куыст кӕмдӕриддӕр чындӕуы, уым. 38 Цы дӕсӕймаг хай сын ӕмбӕлы, уый куы исой левиттӕ, уӕд сӕ разы лӕудзӕни сауджын, Аароны байзӕддаг, сӕ дӕсӕймаг хайы дӕсӕймаг хай левиттӕ нӕ Хуыцауы галуанмӕ, къӕбицы уӕттӕм куыд ласой, афтӕ. 39 Уымӕн ӕмӕ уыцы уӕттӕм израилӕгты ӕмрӕнхъ левиттӕ дӕр хъуамӕ хӕссой хуынтӕ: дзул, сӕн ӕмӕ сой. Уым сты кувӕн мигӕнӕнтӕ, лӕггадгӕнӕг сауджынтӕ, дуаргӕстӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ дӕр. Мах нӕ Хуыцауы хӕдзар нӕ ныууадздзыстӕм. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia