Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Неемиа 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1-2 Хакалиайы фырт Неемиа загъта. Кислевы мӕйы, Артаксеркс ссӕдзӕм аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд, ӕз уыдтӕн Шушаны сахары фидары, ӕмӕ мӕм ме ’фсымӕртӕй иу, Ханани, цалдӕр иудейагимӕ ’рбацыди. Ӕз сӕ бафарстон, уацары чи нӕ уыди, уыцы иудейӕгтӕй ма ӕгас чи уыди, уыдоны, стӕй Йерусалимы тыххӕй.

3 Уыдон мын загътой, уацары чи нӕ бахауди, уыдон, дам, уым, сӕ бӕстӕйы, удӕгас бӕргӕ сты, фӕлӕ сӕ фыр ӕдзӕллаг ӕмӕ ӕгадӕй арвмӕ асинтӕ ӕвӕрынц; Йерусалимы къул дӕрӕнгонд ӕрцыди, йӕ кулдуӕрттӕ та арты хай баисты.

4 Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, ӕз сбадтӕн ӕмӕ ныккуыдтон, цалдӕр боны хъынцъым кодтон, ком дардтон ӕмӕ куывтон уӕларвон Хуыцаумӕ:

5 Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, цытджын ӕмӕ тасӕфтауӕг, фидыд зӕрдыл дарӕг, чи Йӕ уарзы ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн фарн дӕттӕг Хуыцау!

6 Байхъус мӕм лӕмбынӕг, Дӕ цӕстытӕй мӕм ӕркӕс ӕмӕ мын айс мӕ куывд! Бон дӕр ӕмӕ ӕхсӕв дӕр Дӕумӕ у ме скаст, ӕмӕ саккаг кӕн: батӕригъӕд кӕн израилӕгтӕн, ныххатыр нын кӕн, ӕз дӕр ӕмӕ мӕ фыды хӕдзар дӕр Дӕ разы цы тӕригъӕдты бацыдыстӕм, уыдон!

7 Мах тӕригъӕд ракодтам Дӕ разы ӕмӕ, Дӕ цагъар Моисейӕн кӕй бафӕдзӕхстай, уыцы фӕдзӕхстытӕ, уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ не ’ххӕст кодтам.

8-9 Фӕлӕ ма Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, Дӕ цагъар Моисейӕн кӕй загътай, уыцы ныхас — гадзрахатӕй, дам, куы рацӕуат Мӕныл, уӕд уӕ Ӕз ныххӕлиу кӕндзынӕн адӕмты ’хсӕн; кӕд ӕмӕ Мӕм фӕстӕмӕ раздӕхат ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ уӕ зӕрдыл дарат ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнат, уӕд та уӕ арвы кӕрӕттӕй дӕр иумӕ ӕрбамбырд кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ Ме ’взӕрст бынатмӕ ӕркӕндзынӕн, цӕмӕй дзы Мӕ ном ӕрцӕра.

10 Дӕ цагъартӕ ӕмӕ Дӕ адӕм куы сты, Де стыр хъару ӕмӕ Дӕ хъомысджын къухы фӕрцы кӕй фервӕзын кодтай, уыдон!

11 Дӕумӕ кувын, Дунедарӕг! Фехъуысӕд Дӕм Дӕ цагъары куывд ӕмӕ, Дӕ номӕн Дын кад чи кӕны, Дӕ уыцы цагъарты куывд! Дӕ рӕстаудӕнӕй мӕ фӕхайджын кӕн, ацы адӕймаджы хорзӕх мын ратт. (Уыцы заман ӕз дзагдар уыдтӕн паддзахӕн.)

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan