Наум 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Додой йӕ къона тугӕйдзаг сахарӕн! Йемыдзаг у фӕлывд ӕмӕ лӕгмарӕй, стигъынӕн дзы нӕй кӕрон! 2 Ехсы къӕрццытӕ, цӕлхыты гыбар-гыбур хъуысынц, бӕхты мыр-мыр цӕуы, тохуӕрдӕттӕ гыбар-гыбур кӕнынц. 3 Размӕ тӕхы бӕхӕфсад, цӕхӕртӕ калынц ӕрцытӕ, ӕрттивынц кӕрдтӕ. Цас мӕрдтӕ ис, цас! Мӕрдты кӕритӕ, ӕнӕнымӕц мӕрдтӕ! Адӕм сыл фӕкӕл-фӕкӕл кӕнынц. 4 О, хӕтаг сылгоймаг, рӕсугъд ӕмӕ дӕсны кӕлӕнгӕнӕг! Адӕмты ӕмӕ знӕмты ныууӕй кодтай дӕ хӕтын ӕмӕ дӕ кӕлӕнтӕй. Ӕз уый тыххӕй сыстадтӕн дӕ ныхмӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — 5 дӕ фӕччи дын дӕ цӕсгомы онг сфӕлдахдзынӕн, адӕмтӕн дӕ равдисдзынӕн бӕгънӕгӕй, дӕ худинаг дын паддзахӕдтӕн фенын кӕндзынӕн. 6 Фаджысы бын дӕ фӕкӕндзынӕн, куыд сӕгад дӕ, уый алчидӕр куыд уына, афтӕ. 7 Чи дӕ фена, уый дӕ цурӕй алидздзӕн ӕмӕ зӕгъдзӕн: «Ныззыгуым ис Ниневи!» Ничи дыл скӕудзӕн, ничи дын фӕтӕригъӕд кӕндзӕн. 8 Цӕмӕй хуыздӕр дӕ Но-Амоны сахарӕй, цӕугӕдӕтты астӕу чи ис, уымӕй? Уымӕн йӕ алыварс — дон, денджыз — йӕ гӕрӕн, йӕ систӕ — доны уылӕнтӕ. 9 Эфиопийы цӕрджытӕ ӕмӕ мысырӕгты ӕнӕнымӕц ӕфсӕдтӕ йӕм ӕххуысмӕ цыдысты, Пут ӕмӕ Ливийы цӕрджытӕ уыдысты йӕ цӕдисонтӕ. 10 Фӕлӕ уӕддӕр хаст ӕрцыдысты йӕ адӕм, уацары сӕ акодтой. Йӕ сабиты йын, фӕндаг кӕм акъабуз ис, ахӕм рӕтты фӕмардтой. Хӕлттӕ сӕппӕрстой, ӕмӕ йын се ’хсӕн байуӕрстой йӕ уӕздӕтты, се ’ппӕты дӕр рӕхыстӕй сбастой. 11 Гъемӕ уӕдӕ ды дӕр ныррасыг уыдзынӕ, знӕгтӕй фервӕзыныл дзӕгъӕлы архайдзынӕ. 12 Дӕ фидӕрттӕ сты легъуи бӕласы рӕгъӕд дыргъты хуызӕн: куы сӕ бауигъай, уӕд, чи сӕ хӕры, уымӕн йӕ дзыхмӕ ’рхаудзысты. 13 Дӕ хӕстонтӕ тӕппуд сты сылгоймӕгтау. Дӕ бӕстӕйы кулдуӕрттӕ уӕрӕх байгом сты дӕ фыдгултӕн, се ’вдузӕнтӕ арты басыгъдысты. 14 Дон сис дӕхицӕн ӕмӕ йӕ ӕрӕфснай, уымӕн ӕмӕ дыл знӕгтӕ ӕрхъула кӕндзысты. Дӕ гӕнӕхтӕм дӕр базил! Ӕлыг змӕнт, агуыридуртӕ араз, сфидар кӕн дӕ систӕ! 15 Уӕддӕр басудздзынӕ арты, карды амӕттаг бауыдзынӕ! Цыма дӕ мӕтыхтӕ бахордтой, уыйау де сӕфт ӕрцӕудзӕн. О, сбирӕ у мӕтыхтау! 16 Арвыл стъалытӕ уый бӕрц нӕй, дӕумӕ сӕудӕджертӕ цас ис, фӕлӕ сӕ базыртӕ айтындздзысты ӕмӕ мӕтыхтау атӕхдзысты. 17 Дӕ хӕстонтӕ ӕнӕнымӕц сты мӕтыхтау, де ’фсӕддон хицӕуттӕ сбирӕ сты бындзытау. Уазал бон систӕм сбырынц, фӕлӕ, куыддӕр хур ракӕсы, афтӕ алырдӕмты фӕтӕхынц, ӕмӕ сын сӕ фӕд ссарӕн дӕр нал вӕййы. 18 Ассирийы паддзах! Дӕ фыййӕуттӕ фынӕй кӕнынц, де ’лдӕрттӕ хуыссынц. Дӕ адӕм ныххӕлиу сты хӕхты, чи сӕ ӕрӕмбырд кӕна, уый дӕр нӕй. 19 Дӕ цӕф дын ничи сдзӕбӕх кӕндзӕн, нӕ байгас уыдзӕн дӕ хъӕдгом. Дӕ фыдбылызы хабар дын чидӕриддӕр фехъуса, уый нымдзӕгъд кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ дын де ’нӕкӕрон ӕгъатырдзинад йӕхиуыл чи нӕ бавзӕрста, ахӕм нал баззад. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia