Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Наум 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дӕ ныхмӕ рацыди дӕрӕнгӕнӕг! Дӕ фидӕрттӕ ӕмӕ дӕ фӕндӕгтӕ хъахъхъӕн, дӕ астӕу ӕрбабӕтт ӕмӕ дӕ тыхтӕ ӕрбамбырд кӕн.

2 Дунедарӕг ногӕй скадджын кӕндзӕн Израилы, кӕд ӕй абырджытӕ бастыгътой ӕмӕ йын йӕ сӕнӕфсиры талатӕ бассӕстой, уӕддӕр.

3 Йӕ хӕстонтӕн сӕ уӕртытӕ — сырх, йе ’фсӕддонтыл — туджызылд дарӕс; хӕстӕввонгӕй ӕрттивынц йӕ тохуӕрдӕттӕ, фӕйлауынц ӕрцытӕ.

4 Хӕстон уӕрдӕттӕ фӕцӕйтӕхынц уынгты, фӕзты дыууӕрдӕм кӕнынц, цырӕгътау цӕхӕртӕ калынц, ӕрвӕрттывдау ферттивынц.

5 Ассирийы паддзах йӕ хуыздӕр хӕстонтӕм сиды, фӕкӕлфӕкӕлгӕнгӕ, фезгъорынц. Сахары систӕм сбырыдысты, фӕлӕ ныридӕгӕн сӕ разы знаджы гӕнӕхтӕ сырӕзтысты.

6 Цӕугӕдоны ауазӕнтӕ ратыдтой, знӕгтӕ дӕрӕн кӕнынц паддзахы галуан.

7 Уымӕн ӕмӕ ахӕм уынаффӕ рахастӕуыд: Ниневийы сахар гомгӕрццӕй аззайдзӕн, йӕ цӕрджыты йын уацары акӕндзысты. Йӕ унӕуттӕ марой кӕнынц, сӕ риутӕ хойынц бӕлӕттау!

8 Аразгӕ цады дон йӕ ауазӕнтӕй куыд ратоны, уыйау адӕм лидзынц Ниневийӕ. Хъӕр сӕм кӕнынц: «Ӕрлӕуут-ма! Ӕрлӕуут!» Фӕлӕ дзы иу дӕр не здӕхы фӕстӕмӕ.

9 Хӕлоф кӕнут ӕвзистыл! Сыгъзӕрин давут! Сӕ хӕзнатӕ ӕнӕнымӕц сты, банымайӕн дӕр сын нӕй.

10 Сафтид ис, хӕлӕттаг фӕци, гӕныстонмӕ ’рцыди сахар. Адӕмӕн фыр тӕссӕй сӕ зӕрдӕтӕ фегуыппӕг вӕййынц, сӕ уӕрджытӕ сӕхи хойынц кӕрӕдзиуыл, сӕ буӕрттӕн сӕ дыз-дыз цӕуы, сӕ цӕсгӕмттӕ ныффӕлурс сты.

11-12 Кӕм ис ныр Ниневи, домбӕйтты лӕгӕт, сырдты цӕрӕнуат чи уыди, уый? Нӕл ӕмӕ дзы мадӕл домбӕйттӕ ’мбӕхстысты, сӕ лӕппынты сын уым хъыгдарӕг нӕ уыд. Нӕл домбай йӕ цотӕн цыди цуаны, мадӕл домбӕйттӕн амӕттӕгты хурх кодта, йӕ лӕгӕттӕ-иу байдзаг кодта ӕфтиӕгтӕй, мард цӕрӕгойтӕй.

13 Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: — Ӕз дӕ ныхмӕ сыстадтӕн! Дӕ тохуӕрдӕттӕ дын арты фӕздӕджы басудздзынӕн, дӕ лӕппынты дын кардӕй ныццӕгъдын кӕндзынӕн, де ’фтиӕгтӕ дын иууылдӕр фесафдзынӕн зӕххыл! Дӕ минӕвӕрттӕ дын дунейыл дӕ кады хабӕрттӕ нал айхъуысын кӕндзысты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan