Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Наум 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Рагуац Ниневийы тыххӕй. Елкошаг Наумы чиныг — цӕстылуайӕнты йын цы раргом ис, уый.

2 Дунедарӕг у ӕнувыддзинад домӕг ӕмӕ мастисӕг Хуыцау, Йӕ маст Ын бауромӕн нӕй. Дунедарӕг Йӕ маст райсы Йе знӕгтӕй, йӕ фыдгултӕн нӕ ныббары.

3 Дунедарӕг Йӕ маст исынмӕ нӕ тагъд кӕны. Ӕгӕрон у Йӕ хъомыс, хӕрам митӕ ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууадзы. Уадтымыгъ ӕмӕ тыгъдызӕйы рацӕйцӕуы Дунедарӕг, ӕврӕгътӕ рыджы хуызӕн бассӕнды Йӕ къӕхты бын.

4 Денджызмӕ куы бартхъирӕн кӕна, уӕд бахус уыдзӕн, цӕугӕдӕттӕ байсысдзысты, Башан ӕмӕ Кармелы сӕрвӕттӕ бахус уыдзысты, баруайдзӕн Ливаны рӕсугъддзинад.

5 Хӕхтӕ нынкъуысынц, къуылдымтӕ ныззыр-зыр кӕнынц, зӕхх, ӕппӕт дуне ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ нырризынц Йӕ разы.

6 Чи фӕлӕудзӕн Йӕ масты ныхмӕ? Йӕ масты пиллӕттӕн чи бафӕраздзӕн? Пиллон артау ныккалы Йӕ маст, ӕмӕ Йӕ разы къӕдзӕхтӕ ныппырх вӕййынц!

7 Хӕларзӕрдӕ у Дунедарӕг, бӕллӕхы заман — ӕмбӕхсӕн. Йӕ зӕрдӕ Йыл чи дары, уыдоны нӕ рох кӕны.

8 Фӕлӕ ацы сахар фесафдзӕн, доны бын ӕй фӕкӕндзӕн, Йе знӕгты саудалынгмӕ ныппардзӕн!

9 Дунедарӕджы ныхмӕ фыдвӕндтӕ цӕмӕн аразут? Ныццӕгъддзӕн уӕ, ӕмӕ знаг ногӕй нал сыстдзӕн.

10 Какон сындзытау сыздыхстысты кӕрӕдзиуыл, ныррасыг сты сӕнӕй, хус хъӕмпау басудздзысты!

11 Ниневи, дӕуӕй рантысти, Дунедарӕджы ныхмӕ фыдвӕндтӕ чи аразы, ӕнӕхуыцау уынаффӕтӕ чи кӕны, уый!

12 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Кӕд сын цӕдисонтӕ ис ӕмӕ ӕнӕнымӕц сты, уӕддӕр бабын уыдзысты ӕмӕ сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Дӕу та, Иудей, кӕд ныронг хъизӕмарӕй мардтон, уӕд нырӕй фӕстӕмӕ афтӕ нал уыдзӕн.

13 Ӕз дын ныр де знӕгты ’фсондз ныссӕтдзынӕн, раппардзынӕн ӕй дӕ бӕрзӕйӕ, дӕ рӕхыстӕ дын арӕдувдзынӕн».

14 Ниневи, дӕуӕн та Дунедарӕг афтӕ бакӕндзӕн: дӕ мыггаг дын сыскъуындзынӕн. Дӕ хуыцауы хӕдзары цы джиппыуагъд хуыцаугӕндтӕ ӕмӕ гуымирытӕ ис, уыдон дын ныззыгуым кӕндзынӕн, дӕу та, ницӕйаджы, ингӕны хай бакӕндзынӕн.

15 Хӕхты бӕрзӕндтыл фарны уац хӕссӕг рацӕуы. О, Иудей! Кӕн дӕ бӕрӕгбӕттӕ, ӕрхӕсс дӕ фидыды нывӕндтӕ! Ӕнӕхуыцӕуттӕ нал бацӕудзысты дӕ зӕхмӕ, уымӕн ӕмӕ се сӕфт ӕрцӕудзӕн.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan