Михей 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Додойаг фӕдӕн! Цыма сӕрды бӕркад ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕнӕфсиртӕ ӕфснайд ӕрцыдысты, уыйау иунӕг гага дӕр никуыуал ис, рӕгъӕд дыргъы мур нал зыны бӕстыл. 2 Зӕххыл хӕларзӕрдӕ адӕм нал ис, раст лӕджы никуыуал ссардзынӕ. Иууылдӕр систы лӕгмартӕ, алчи йе ’фсымӕры къӕппӕджы ’ппары. 3 Ӕрмӕст фыдбылызтӕ аразынмӕ сты дӕсны: барджын агуры лӕвӕрттӕ, тӕрхоны лӕг — гӕртӕмттӕ; бӕстӕйы хицау, цы йӕ бахъӕуы, уый ӕрдомы, иууылдӕр кӕрӕдзиимӕ сты ныхасгонд. 4 Хуыздӕр сӕ чи у, уый дӕр — какон сындз, сӕ рӕстдзинад — сындзджын кауӕй фыддӕр. Фӕлӕ мӕнӕ, Дӕ пехуымпартӕ цы бонӕй дзырдтой, уый ӕрхӕццӕ кӕны, Дӕ тӕрхоны бон ӕрбаввахс ис, ӕмӕ ныр сӕмтъеры уыдзысты. 5 Ма ӕууӕнд дӕ хионыл, де ’рдхордыл дӕ зӕрдӕ ма дар, дӕ хуыссӕнуаты чи фынӕй кӕны, уымӕн дӕр-иу мацы схъӕр кӕн. 6 Уымӕн ӕмӕ фырт худинаг кӕны йӕ фыды, чызг ралӕууы йӕ мады ныхмӕ, чындз — йе ’фсины ныхмӕ: адӕймагӕн йӕ хӕдзаронтӕ йе знӕгтӕ суыдзысты. 7 Ӕз та мӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл дардзынӕн, Хуыцау мӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн, мӕ Хуыцау мӕ фехъусдзӕн. 8 Ме знаг, райгондӕй мӕм ма кӕс! Кӕд ахаудтӕн, уӕддӕр та сыстдзынӕн, кӕд мӕ алыварс баталынг ис, уӕддӕр Дунедарӕг у мӕ рухс. 9 Ӕз Дунедарӕджы раз тӕригъӕдджын дӕн, ӕмӕ Йын уымӕ гӕсгӕ фӕраздзынӕн Йӕ мастӕн, цалынмӕ мын мӕ хъуыддаг равзара ӕмӕ мын тӕрхон рахӕсса, уӕдмӕ. Уый мӕ ракӕндзӕни рухсмӕ, ӕмӕ Йын фендзынӕн Йӕ рӕстдзинад. 10 Ме знаг дӕр уыдӕттӕ фендзӕнис ӕмӕ къӕмдзӕстыгӕй баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ дзырдта: «Кӕм ис дӕ Дунедарӕг Хуыцау?» Уынджы йӕ цъыфау куыд бассӕнддзысты, уымӕ ӕхсызгонӕй кӕсдзынӕн. 11 Дӕ систӕ амайыны рӕстӕг ӕрхӕццӕ уыдзӕн, дӕ арӕнтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕндзынӕ. 12 Уыцы бон дӕм дунейы алы кӕрӕттӕй адӕм цӕудзысты: Ассирийӕ — Мысыры сахарты онг, Мысырӕй — Евфраты онг, иу денджызӕй иннӕ денджызмӕ, хохӕй хохмӕ. 13 Уыцы зӕхх та йӕ цӕрджыты азымы тыххӕй, сӕ хъуыддӕгты аххосӕй, ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕни. 14 Хиз Дӕ лӕдзӕгӕй Дӕ адӕмы, Дӕ исбоны дзуг, хибарӕй Кармелы хъӕдты чи ӕрцардис, уыдоны. Уадз ӕмӕ та, рагзаманты куыд уыдис, афтӕ Башан ӕмӕ Галаады хизой! 15 — Мысырӕй куы рацыдтӕ, уыцы заман куыд уыд, афтӕ та дын фенын кӕндзынӕн Мӕ диссӕгтӕ. 16 Адӕмтӕ уый куы феной, уӕд, цыфӕнды хъомысджын куы уой, уӕд дӕр къӕмдзӕстыгӕй баззайдзысты; сӕ дзыхтӕ ахгӕндзысты къухӕй, сӕ хъустӕ бакъуырма уыдзысты. 17 Калмау сдӕрдзысты рыг, уаллӕттау ралӕсдзысты сӕ фидӕрттӕй, фӕтӕрсдзысты Дӕуӕй, нӕ Дунедарӕг Хуыцауӕй. 18 Кӕм ис Дӕу хуызӕн Хуыцау? Дӕуау сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ чи ныббары, Йӕ исбонӕй ма чи аирвӕзт, уыцы адӕмӕн? Хуыцау ӕнусмӕ нӕ мӕсты кӕны, уымӕн ӕмӕ хорзӕхджын у. 19 Ныббардзӕн та нын, ссыгъдӕг нын кӕндзӕн нӕ тӕригъӕдтӕ, денджызы арфмӕ сӕ нывзилдзӕни. 20 Ды иузӕрдион уыдзынӕ Йаковыл, фӕтӕригъӕд кӕндзынӕ Авраамӕн, райдианы нӕ фыдӕлтӕн сомы куыд ракодтай, афтӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia