Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Михей 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Байхъусут, Дунедарӕг цы зӕгъы, уымӕ: «Сыст, дӕ хъаст хӕхты размӕ рахӕсс, уадз ӕмӕ дын къуыбыртӕ дӕ хъӕлӕс фехъусой!

2 Байхъусут, хӕхтӕ, Дунедарӕджы тӕрхонмӕ, хъусгӕ кӕнут сымах дӕр, зӕххы фидар бындуртӕ! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн тӕрхон кӕны, азымджын кӕны Израилы.

3 Мӕ адӕм, цы уын кодтон? Цавӕр маст уӕ бауагътон? Дзуапп Мын раттут.

4 Ӕз уӕ ракодтон Мысырӕй, цагъайрӕгтӕ цы зӕххыл уыдыстут, уым уын бафыстон уӕ ахӕстаргъ, уӕ разӕй уын арвыстон Моисей, Аарон ӕмӕ Мариамы.

5 Мӕ адӕм! Ӕрхъуыды-ма кӕнут, Моавы паддзах Балак цы сфӕнд кодта ӕмӕ йын Беоры фырт Балаам цавӕр дзуапп радта, уый, стӕй уыл Ситтимӕй Гилгалы онг цытӕ ӕрцыдис, уыдӕттӕ, — уӕд бамбардзыстут, Дунедарӕг уын цас хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уый».

6 Цӕимӕ ӕрлӕууон Дунедарӕджы раз, уӕларвы Хуыцаумӕ цӕимӕ бакувон? Йӕ цурмӕ иууылсудзинаг нывӕндтимӕ кӕнӕ афӕдздзыд родтимӕ бацӕуон?

7 Фӕлӕ Дунедарӕджы зӕрдӕ мингай фыстӕй кӕнӕ оливӕйы сойы цӕугӕдӕттӕй чи балхӕндзӕн? Мӕ фыдракӕнд ныббарыны охыл мӕ фыццаг зӕнӕджы тӕригъӕды нывондӕн ӕрхӕссон, мыййаг?

8 О адӕймаг! Хорздзинад цы у ӕмӕ дӕ Дунедарӕг цы домы, уый дын загъдӕуыди: рӕстдзинады фӕдыл цу, адӕмӕн хорздзинад ӕвгъау ма кӕн, сӕрныллӕгӕй цӕр дӕ Хуыцауы раз.

9 Дунедарӕджы хъӕлӕс сиды сахармӕ (куырыхон зонды нысан — тас Дӕ номы раз): хъусут лӕдзӕгмӕ, стӕй, Чи йӕ сӕвӕрдта, Уымӕ.

10 Хӕрам миты фӕрцы цы хӕдзӕрттӕ ӕмӕ цы хӕзнатӕ фӕзынди, стӕй, сайгӕ цы ’лгъаг барӕнтӕ кӕнынц, уыдонмӕ, ау, афтӕ кӕсдзынӕн?

11 Сайаг тӕрӕзтӕ ӕмӕ фӕливӕг уӕзбарӕнтӕ Ӕз куыд хъуамӕ банымайон растыл?

12 Ацы сахары хъӕздгуытӕ сӕ фыдмитӕй кӕй нал ӕфсӕдынц, йӕ цӕрджытӕ мӕнгард кӕй сты ӕмӕ сӕ раст ныхас кӕй нал хъуысы,

13 уый тыххӕй сӕ Ӕз ныззыгуым кӕндзынӕн, гӕныстонмӕ сӕ ӕркӕндзынӕн сӕ тӕригъӕдты аххосӕй.

14 Хӕрдзынӕ, фӕлӕ не ’фсӕддзысты, сӕ хӕринаг сын нал тайдзӕни. Фӕстауӕрцӕн цы бавӕрай, уыдон дӕ бон бахъахъхъӕнын не суыдзӕн, цы ма дӕм аззайа, уыдон карды амӕттаг бакӕндзынӕн.

15 Таугӕ цы бакӕнай, уый не ’ркӕрддзынӕ; сойы гагатӕ балӕмардзынӕ, фӕлӕ дӕхи сойӕ нӕ байсӕрддзынӕ, сӕнӕфсиртӕ бассӕнддзынӕ, фӕлӕ сӕн нӕ нуаздзынӕ.

16 Ды ӕххӕст кодтай Амрийы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ фӕзмыдтай Ахавы фӕдонты хъуыддӕгтӕ, уыдоны уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрыс. Уымӕ гӕсгӕ дӕ Ӕз ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, дӕ цӕрджыты дын сӕгад кӕндзынӕн, адӕмтӕн хынджылӕггаг суыдзыстут.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan