Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Михей 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ныр дӕхи хӕстмӕ ӕрцӕттӕ кӕн, ӕфсады чызг! Нӕ алыварс ӕрхъула кодтой знӕгтӕ, Израилы хицауиуӕг чи кӕны, уымӕн йӕ рустӕ лӕдзӕгӕй цӕвдзысты.

2 Ды та, Вифлеем-Ефрафӕ, кӕд Иудӕйы хӕдзарвӕндӕгтӕн сӕ къаддӕр дӕ, уӕддӕр Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ дӕуӕй рацӕудзӕн Израилы Бардарӕг, незаманты, ӕнусты размӕ Чи равзӕрдис, Уый.

3 Уымӕ гӕсгӕ сӕ ныууадздзӕнис рӕстӕгмӕ, цалынмӕ, ӕнхъӕлцау Чи у, уый ныййара, уӕдмӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ, израилӕгты ’фсымӕртӕй ма чи аирвӕза, уыдон сӕм фӕстӕмӕ раздӕхдзысты.

4 Уый фӕзындзӕн ӕмӕ сӕ хиздзӕн Дунедарӕджы хъаруйӕ, Йӕ Дунедарӕг Хуыцауы хъомысджын номимӕ. Ӕмӕ цӕрдзысты ӕдасӕй, уымӕн ӕмӕ уыцы заман зӕххы кӕрӕттӕм аххӕсдзӕни Йӕ хъомыс.

5 Уый ӕрхӕсдзӕн сабырдзинад. Кӕд ассириӕгтӕ нӕ зӕхмӕ ’рбабырсой ӕмӕ нын нӕ сахартӕ ссӕндой, уӕд сын сӕ ныхмӕ авд фыййауы ӕмӕ аст ӕлдары ӕрлӕууын кӕндзыстӕм.

6 Уыдон Ассири ӕмӕ Нимроды зӕххытӕ кӕрдтӕй басӕтдзысты, ӕмӕ нӕ Уый фервӕзын кӕндзӕн Ассирийӕ.

7 Йаковы байзӕддӕгтӕ ӕнӕнымӕц адӕмты ’хсӕн суыдзысты Дунедарӕджы ӕртӕхау, кӕрдӕгыл цы тӕрккъӕвда рауары, уый ӕнгӕс. Сӕ цард адӕймагӕй аразгӕ нал уыдзӕн, ӕмӕ Адамы цотыл сӕ зӕрдӕ нал дардзысты.

8 Йаковы байзӕддӕгтӕй чи аирвӕза, уыдон ӕнӕнымӕц адӕмтӕ ӕмӕ знӕмты астӕу уыдзысты, домбай хъӕды сырдты, лӕппын домбай фысты рӕгъауы ’хсӕн куыд вӕййы, афтӕ: куы сӕм бабырсы, уӕд сӕ ныссӕнды ӕмӕ сӕ аскъуыдтӕ кӕны.

9 Дӕ къух де знӕгты ныхмӕ ист ӕрцӕуӕд, фесӕфӕнт дӕ фыдгултӕ!

10 Уыцы бон дын, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз ныццӕгъддзынӕн дӕ бӕхты, ныппырх дын кӕндзынӕн дӕ бӕхуӕрдӕттӕ;

11 дӕ зӕххы сахартӕ ӕмӕ дӕ фидӕрттӕ дын ныддӕрӕн кӕндзынӕн;

12 дӕ къухтӕй дын стондзынӕн дӕ хинтӕ, ӕмӕ де ’хсӕн кӕлӕнгӕнджытӕ нал баззайдзӕн.

13 Дӕ гуымирытӕ ӕмӕ дӕ табуйаг дуртӕ дын фесафдзынӕн; дӕхи къухӕй кӕй аразыс, уыдӕттӕм нал кувдзынӕ.

14 Ашерӕйы цӕджындзтӕ сӕ рӕбынӕй акалдзынӕн, дӕ сахартӕ дын зӕххимӕ сиу кӕндзынӕн.

15 Мӕнмӕ чи нӕ хъусы, уыцы адӕмтӕй Ӕз Мӕ маст райсдзынӕн.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan