Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Михей 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Байхъусут, Йаковы ӕлдӕрттӕ, Израилы хӕдзары фӕтӕгтӕ! Сымах хъуамӕ, рӕстдзинад цы у, уый ма зонат?

2 Фӕлӕ уын хорздзинад ӕнӕуынон у, ӕвзӕрдзинӕдтӕ уарзут. Сӕ царм бастыгътат адӕмӕн, се стджытӕ сын разынын кодтат!

3 Мӕ адӕмы фыдтӕ Мын хӕрут, сӕ царм сын стигъут, се стджытӕ сын ныммур кӕнут; дзидза аджы сфыцынӕн, цӕджджинаджы ныккалынӕн куыд скӕрдынц, уыйау сӕ ныкъкъуыхтӕ кӕнут.

4 Дунедарӕгмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сӕ Уый нӕ фехъусдзӕн, уыцы заман сӕ Йӕ цӕсгом бамбӕхсдзӕн сӕ фыдракӕндты аххосӕй.

5 Дунедарӕг пехуымпарты тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Мӕ адӕмы Мын рӕдийын кӕнынц, сабыр цардӕй сын зӕрдӕтӕ ӕвӕрынц, фӕлӕ сын сӕ гуыбынтӕ чи не ’фсады, уыдоны ныхмӕ расидынц хӕст.

6 Уый тыххӕй сӕм цӕстылуайӕнты бӕсты ӕнхъӕлмӕ кӕсы тар ӕхсӕв, рагуацты бӕсты — саудалынг. Хур сыл баталынг уыдзӕн, боны рухс нал фендзысты.

7 Пехуымпартӕ къӕмдзӕстыгӕй баззайдзысты, дӕсныфӕрсджытӕ фӕхудинаг уыдысты, сӕ цӕсгӕмттӕ ӕрӕмбӕрздзысты, уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг дзуапп нал ратдзӕн».

8 Ӕз та дзаг дӕн Дунедарӕджы Уды хъаруйӕ, рӕстдзинад ӕмӕ ӕхсарӕй, цӕмӕй Йаковӕн, йӕ азым цӕй мидӕг ис, уый зӕгъон ӕмӕ Израилӕн бамбарын кӕнон йӕ тӕригъӕд.

9 Байхъусут, Йаковы ӕлдӕрттӕ, Израилы хӕдзары фӕтӕгтӕ! Сымах ӕлгъ кӕнут раст тӕрхоныл, растӕй цы ис, уый ныггалиутӕ кӕнут.

10 Сион самадтат туджы фӕрцы, Йерусалим — ӕнӕхуыцау миты руаджы!

11 Йе ’лдӕрттӕ тӕрхон кӕнынц гӕртӕмттыл, сауджынтӕ зонд амонынц фиддоныл, пехуымпартӕ сӕ рагуацтӕ уӕй кӕнынц ӕхцайыл, афтӕмӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Дунедарӕджы ӕххуысмӕ ӕмӕ дзурынц: «Ау, Дунедарӕг не ’хсӕн нӕй? Фыдбылыз ныл не ’рцӕудзӕн».

12 Сымах тыххӕй Сион быдырау бахуым кӕндзысты, Йерусалим дуррӕдзӕгъдтӕ фестдзӕни, Кувӕндон цы хохыл лӕууы, уый та бӕлӕсты бын фӕуыдзӕни.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan