Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Михей 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Додойаг сты, фыдвӕндтӕ чи кӕны, хуыссӕны дӕр фыдбылызтӕ чи мысы ӕмӕ, боныцъӕхтӕ нӕма ралӕууынц, афтӕмӕй сӕ хъаруйы фӕрцы фыдракӕндтӕ чи аразы, уыдон!

2 Быдыр сӕ бахъӕуа — бацахсынц ӕй, хӕдзармӕ бабӕллой — байсынц ӕй; нӕ ауӕрдынц нӕдӕр лӕгыл, нӕдӕр йӕ бинонтыл, байсынц ын йӕ исбон.

3 Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз сфӕнд кодтон ацы адӕмыл, сӕ бӕрзӕйӕ кӕй нӕ сисдзысты, ахӕм бӕллӕх ӕруадзын, ӕмӕ сӕ бон раст цӕуын дӕр нал суыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ралӕудзӕни бӕллӕхы заман.

4 Уыцы бон адӕмӕн хынджылӕггаг суыдзыстут, додой кӕндзыстут ӕмӕ дзурдзыстут: «Ныххӕлӕттаг нӕ кодтой! Мӕ адӕмы исбон мын уӕй кӕнынц! О, додой! Исынц мын мӕ исбон! Уацары нӕ чи райста, уыдонӕн нын байуӕрстой нӕ быдыртӕ!»

5 Уымӕ гӕсгӕ дын дӕ зӕхх адих кӕнынӕн Дунедарӕджы ӕмбырды хӕлттӕ сӕппарӕг нӕ уыдзӕн.

6 Афтӕмӕй та уыдон пехуымпартӕн дзырдтой: «Рагуацтӕ мауал хъусын кӕнут, мах нӕ фӕхудинаг уыдзыстӕм!»

7 Йаковы байзӕддӕгтӕ! Ау, Дунедарӕг быхсаг нал у? Ау, ахӕм сты Йӕ хъуыддӕгтӕ? Раст адӕймагӕн Мӕ ныхӕстӕ сты фарны хос.

8 Мӕ адӕм знӕгты хуызӕн систы. Сабыр фӕндаггонтӕн, хӕрамдзинадӕй йӕхи чи хизы, уыдонӕн сӕ уӕлӕфтаутӕ ӕмӕ сӕ пӕлӕзтӕ байсут.

9 Мӕ адӕмы сылгоймӕгты Мын сӕ уарзон хӕдзӕрттӕй тӕрут, сӕ сабиты сын мыггагмӕ ӕнӕхай кӕнут Мӕнӕй.

10 Сыстут ӕмӕ цӕугӕут, уымӕн ӕмӕ ацы бӕстӕйы ӕнцойдзинад нал уыдзӕн. Йе ’нӕхуыцау миты тыххӕй йӕ ӕгъатырӕй ныххӕлӕттаг кӕндзысты.

11 Цыфӕнды фӕлитой дӕр исты куы ӕрымысид ӕмӕ куы зӕгъид, сӕн ӕмӕ махсымӕйӕн уӕм ныккӕнӕн дӕр нал уыдзӕни, зӕгъгӕ, уӕд уый дӕр ацы адӕмӕн хорз пехуымпар суаид.

12 Йаков! Дӕ байзӕддӕгтӕм дын ӕнӕмӕнг фӕсиддзынӕн, Израилӕй ма чи фервӕза, уыдоны, фысты сӕ бынаты, фысвосы рӕгъау сӕ хизӕнуаты куыд сӕмбырд кӕнынц, афтӕ ӕнӕмӕнг ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, ӕмӕ уыцы бынат байдзаг уыдзӕнис адӕмӕй.

13 Цӕлхдуртӕ пырхгӕнӕг ацӕудзӕни сӕ разӕй, ӕмӕ, сӕ фӕндагыл цы бырутӕ уа, уыдон ныппырх кӕндзысты, кулдуары уылты ахиздзысты ӕмӕ фӕстӕмӕ дӕр рацӕудзысты. Сӕ паддзах сӕ разӕй цӕудзӕн, сӕ сӕргъы та уыдзӕни Дунедарӕг.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan