Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Михей 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Иудейаг паддзӕхтӕ Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заман Дунедарӕг Йӕ ныхас фехъусын кодта морешетаг Михайӕн; цӕстылуайӕны йын раргом чындӕуыд, Самари ӕмӕ Йерусалиммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый:

2 «Байхъусут, ӕппӕт адӕмтӕ, байхъусут лӕмбынӕг, ӕгас зӕхх ӕмӕ йе ’ппӕт цӕрджытӕ! Дунедарӕг Хуыцау уӕ ныхмӕ ӕвдисӕн ныллӕууӕд, Йӕ уаз Кувӕндонӕй рацӕуӕд Бардарӕг!

3 Мӕнӕ Дунедарӕг рацӕуы Йӕ сыгъдӕг цӕрӕнӕй, ӕрцӕудзӕн ӕмӕ зӕххы бӕрзӕндтӕ бассӕнддзӕн.

4 Хӕхтӕ атайдзысты Йӕ быны; мыдадз артӕй куыд акъӕртт вӕййы, къӕдзӕхы фахсыл дон куыд рацӕйзгъоры, афтӕ дӕлвӕзтӕ фӕркгай фӕхаудзысты.

5 Ӕппӕт адӕттӕ ’рцӕудзысты Йаковы ӕнӕхуыцау миты, Израилы тӕригъӕдты аххосӕй. Самари — мӕнӕ ис Йаковы тӕригъӕд! Йерусалим — мӕнӕ ис Иудейы уаз къуыпп!

6 Уыдӕтты тыххӕй Ӕз Самарийы фестын кӕндзынӕн ӕдзӕрӕг быдыр, хӕлддзӕгты кӕритӕ, сӕндӕттӕ кӕм сараздзысты, ахӕм бынат; йӕ дуртӕ йын фехсдзынӕн дӕлвӕзмӕ, йӕ бындуртӕ йын разынын кӕндзынӕн.

7 Йӕ гуымирытӕ иууылдӕр ӕрцӕудзысты пырх, йӕ хӕтыны тыххӕй йын цыдӕриддӕр бафыстой, уыдон та — сыгъд, йӕ гуымирыты йын фесафдзынӕн. Ахӕм фиддон хъахбай айсдзӕн йӕ хӕтыны тыххӕй».

8 Ӕз кӕудзынӕн ӕмӕ дзыназдзынӕн ууыл, бӕгъӕввад ӕмӕ бӕгънӕгӕй цӕудзынӕн; хъӕддаг куыдзау ниудзынӕн ӕмӕ страусау мӕ цӕссыг згъалдзынӕн,

9 уымӕн ӕмӕ нӕй сдзӕбӕхгӕнӕн йӕ хъӕдгомӕн. Стыр бӕллӕх ӕрбахӕстӕг Иудеймӕ, суанг мӕ адӕмы кулдуары раз, Йерусалимы цур ӕрбалӕууыд.

10 Уыцы хабар Гаты ма ахъӕр кӕнут, уым-иу ма кӕут! Бет-ле-Афрейы сахары рыджы сӕвдулут уӕхи!

11 Шафиры цӕрджытӕ! Ӕгадӕй ӕмӕ бӕгънӕгӕй ӕцӕгӕлон бӕстӕм ацӕут! Цаананы цӕрӕг нӕ алидздзӕнис; Бет-Ха-Эцелӕй хъарӕг хъуысы, фӕлӕ ӕххуыс нӕ фендзысты.

12 Кӕуы йӕ исбоныл Мароты цӕрӕг, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕвирхъау фыдбылыз ӕруагъта Йерусалимы кулдуарыл.

13 Лахишы цӕрӕг, дӕ бӕхтӕ уӕрдоны сифтындз! Сионы чызгӕн йӕ тӕригъӕдтӕ дӕуӕй райдыдтой! Израилы фыдракӕндты аххосджын ды дӕ!

14 Морешет-Гаты сахармӕ дӕ чындздзон хуынтӕ арвитдзынӕ; Ахзивы хъӕуы цӕрджытӕ фыдӕнхъӕл фӕкӕндзысты Израилы паддзӕхты.

15 Марешайы цӕрӕг, тыхгӕнӕджы дӕм ӕрбакӕндзынӕн, ӕмӕ суанг, Израил сӕрыстыр кӕмӕй у, уыцы Адулламы онг ныххӕццӕ уыдзӕн.

16 Дӕ сӕрыхъуынтӕ адас, ныхъхъарӕг кӕн дӕ уарзон хъӕбултыл! Хӕдмӕлхорау ныггӕмӕх кӕн дӕ сӕр, уымӕн ӕмӕ дын дӕ сабиты уацары акодтой!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan