Матфей 9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстӔндзыгнизӕй хъыгдард сдзӕбӕх 1 Уӕд Йесо сбадти бӕлӕгъы, ахызти фаллаг фарсмӕ ӕмӕ Йӕ райгуырӕн сахармӕ ӕрбацыд. 2 Хуыссӕныл Ӕм ӕрбахастой ӕндзыгнизӕй хъыгдарды. Йесо сын федта сӕ уырнындзинад ӕмӕ рынчынӕн загъта: «Ма тӕрс, Мӕ хъӕбул, хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ». 3 Уӕд динамонджытӕй чидӕртӕ сӕхинымӕр дзырдтой: «Ай мӕнӕ Хуыцауы куы фауы!» 4 Йесо сын зыдта сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ загъта: «Ахӕм ӕвзӕр хъуыдытӕ уӕм цӕмӕн сӕвзӕрд? 5 Цы ӕнцондӕр у зӕгъын: „Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ“ ӕви: „Рабад ӕмӕ райдай цӕуын“? 6 Фӕлӕ сымах хъуамӕ зонат: Адӕймаджы Фыртӕн ахӕм бар ис, цӕмӕй зӕххыл тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна». Ӕмӕ ӕндзыгнизӕй хъыгдардӕн загъта: «Рабад, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ ацу уӕхимӕ». 7 Уый рабадт ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ ацыди. 8 Адӕм уый куы федтой, уӕд сӕ тас бацыд ӕмӕ кад кодтой ахӕм хъару адӕмӕн раттӕг Хуыцауӕн. Тӕригъӕдджынтимӕ — ӕмвынг 9 Йесо уырдыгӕй куы фӕцӕйцыд, уӕд хъалонисӕн бынаты бадгӕ федта иу лӕджы, йӕ ном — Матфей, ӕмӕ йын загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Уый сыстад ӕмӕ Йӕ фӕдыл ацыди. 10 Йесо Матфейы хӕдзары фынджы уӕлхъус куы бадти, уӕд уырдӕм ӕрбацыди бирӕ хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ, ӕмӕ Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ иу фынгыл ӕрбадтысты. 11 Фарисейтӕ уый куы федтой, уӕд Ын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдтой: «Уӕ Ахуыргӕнӕг хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ иу фынгыл цӕмӕн бады?» 12 Йесо уый куы фехъуыста, уӕд сын загъта: «Дохтыр ӕнӕнизты нӕ, фӕлӕ рынчынты хъӕуы. 13 Ацӕут ӕмӕ базонут, мӕнӕ ацы ныхӕстӕ цы амонынц, уый: „Нывонд Мӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ уарзӕгой зӕрдӕ“. Ӕз ӕрцыдтӕн рӕстгӕнджытӕм нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынтӕм фӕсидынмӕ». Ногдыгъд сӕн 14 Уӕд Ӕм бацыдысты Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йын загътой: «Мах ӕмӕ фарисейтӕ ком арӕх куы дарӕм, уӕд Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕуылнӕ дарынц ком?» 15 Йесо сын загъта: «Цалынмӕ сиахсаг семӕ уа, уӕдмӕ чындзӕхсӕвы хуынд адӕм, мыййаг, ӕнкъард кӕндзысты? Фӕлӕ ралӕудзӕни ахӕм бон, ӕмӕ сиахсаг се ’хсӕнӕй тыхист куы ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уӕд дардзысты ком. 16 Зӕронд дарӕсыл ног хъуымацӕй ӕмпъузӕн ничи ӕвӕры, уымӕн ӕмӕ йӕ лӕзӕрд хъуымац нӕ бауромдзӕн, ӕмӕ скъуыд ноджы фестырдӕр уыдзӕни. 17 Ногдыгъд сӕн дӕр уӕдӕ зӕронд лалымы ничи ныккӕны, науӕд лалымтӕ дӕр аскъуыйдзысты ӕмӕ сӕн дӕр акӕлдзӕни. Ногдыгъд сӕн ныккӕнынц ног лалымты, ӕмӕ уӕд сӕ дыууӕ дӕр ӕнӕхъӕнӕй баззайдзысты». Мард ӕгас кӕныны хъомыс 18 Йесо сын уыдӕттӕ куы дзырдта, уӕд Ӕм ӕрбацыди хицӕуттӕй иу, ӕрзоныг кодта Йӕ разы ӕмӕ Йын загъта: «Ныртӕккӕ амарди мӕ чызг, фӕлӕ цом, Дӕ къух ыл ӕрӕвӕр, ӕмӕ райгас уыдзӕни». 19 Йесо сыстад ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ацыди йӕ фӕдыл. 20 Уым уыди, дыууадӕс азы дӕргъы йӕ туг цӕуынӕй кӕмӕн не ’нцад, иу ахӕм сылгоймаг. Фӕстӕрдыгӕй Йӕм бацыд ӕмӕ Йын андзӕвыд Йӕ пӕлӕзы кӕроныл, 21 уымӕн ӕмӕ хинымӕр дзырдта: «Ӕрмӕст Йӕ дарӕсыл Ын куы андзӕвон, уӕд дӕр сдзӕбӕх уыдзынӕн». 22 Йесо акасти фӕстӕмӕ, федта йӕ ӕмӕ загъта: «Ма тӕрс, Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». Ӕмӕ сылгоймаг уайсахат сдзӕбӕх ис. 23 Йесо уыцы хицауы хӕдзармӕ куы бацыд, уадындзӕй цӕгъдджыты ӕмӕ тыхст адӕмы куы федта, 24 уӕд загъта: «Ацӕут ардыгӕй; чызг мард нӕу, фынӕй у». Ӕмӕ Йыл худтысты. 25 Адӕмы ӕддӕмӕ куы рарвыстой, уӕд Йесо бацыди, чызджы къухыл рахӕцыд, ӕмӕ чызг рабадти. 26 Хабар айхъуыст ӕппӕт уыцы бӕстӕйыл. Дыууӕ куырмы ракастысты сӕ цӕстӕй 27 Йесо уырдыгӕй куы рараст ис, уӕд дыууӕ куырмы рацыдысты Йӕ фӕдыл ӕмӕ хъӕр кодтой: «Батӕригъӕд нын кӕн, Давиды Фырт!» 28 Хӕдзармӕ куы бахӕццӕ ис, уӕд Ӕм уыцы дыууӕ куырмы бацыдысты, ӕмӕ сӕ Йесо бафарста: «Мӕ бон уӕ сдзӕбӕх кӕнын кӕй у, уый уӕ уырны?» Уыдон Ын загътой: «О, Хицау!» 29 Уӕд сын бавнӕлдта сӕ цӕстытӕм ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ уын уӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ рардӕуӕд». 30 Ӕмӕ сӕ цӕстытӕй ракастысты. Йесо сын карзӕй бафӕдзӕхста: «Хъусут, уый тыххӕй мачи хъуамӕ базона». 31 Уыдон та ацыдысты ӕмӕ Йын ӕппӕт уыцы бӕстӕйыл айхъуысын кодтой Йӕ кой. Къуытты хӕйрӕджджын сдзӕбӕх 32 Уыдон куы рацӕйцыдысты, уӕд Йесомӕ ӕрбакодтой къуытты хӕйрӕджджыны. 33 Ӕмӕ Йесо дӕлимоны куы фӕсырдта, уӕд къуытты сдзырдта. Адӕм дисы бафтыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Ахӕм хъуыддаг Израилы никуыма ӕрцыди». 34 Фарисейтӕ та дзырдтой: «Уый дӕлимонты суры дӕлимонты ӕлдары хъаруйӕ». Йесойы фӕлмӕн ахаст адӕммӕ 35 Йесо зылди ӕппӕт сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл, адӕмӕн амыдта синагогӕты, хъусын кодта Фарны Уац Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, рынчынтӕ ӕмӕ нӕфӕразгӕты иууылдӕр дзӕбӕх кодта. 36 Бирӕ адӕмы куы федта, уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта, ӕнӕфыййау фыстау фӕлмӕцыд ӕмӕ ӕвӕгӕсӕг кӕй уыдысты, уый тыххӕй. 37 Уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Кӕрдинаг — бирӕ, фӕлӕ кусджытӕ нӕ фаг кӕны. 38 Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй Йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia