Матфей 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстХъотырджын сдзӕбӕх 1 Йесо хохӕй дӕлӕмӕ куы ӕрцыд, уӕд Йӕ фӕдыл ацыди бирӕ адӕм. 2 Иу хъотырджын Ӕм ӕрбацыд, ӕрзоныг кодта Йӕ разы ӕмӕ Йын загъта: «Хицау, ӕрмӕст Дӕ бафӕндӕд, ӕндӕр мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ». 3 Йесо йӕм Йӕ къух бадаргъ кодта, бандзӕвыд ыл ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ. Сдзӕбӕх у». Ӕмӕ уыйадыл уый ссыгъдӕг ис йӕ хъотырӕй. 4 Йесо йын загъта: «Хъусыс, ацы хабар макӕмӕн радзур, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн ӕмӕ, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ ӕрхӕсс нывонд — кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн». Сӕдӕйыхицауы уырнындзинад 5 Йесо Капернауммӕ куы ӕрцыди, уӕд Ӕм сӕдӕйыхицау бацыди ӕмӕ Йын балӕгъстӕ кодта: 6 «Хицау, мӕ лӕггадгӕнӕг хӕдзары хуыссы: ӕндзыгниз ӕй ӕрцахста, ӕмӕ тынг удхар кӕны». 7 Йесо йын загъта: «Ӕз бацӕудзынӕн ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕн». 8 Сӕдӕйыхицау Ын афтӕ: «Хицау, ӕз уый аккаг нӕ дӕн, ӕмӕ Ды мӕ хӕдзары къӕсӕрӕй бахизай. Фӕлӕ ӕрмӕст Дӕ дзыхӕй ныхас рацӕуӕд, ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг сдзӕбӕх уыдзӕн. 9 Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕр кӕйдӕр дӕлбар дӕн, ӕмӕ мӕ дӕлбар дӕр ис ӕфсӕддонтӕ. Иуӕн дзы фӕзӕгъын: „Ацу уырдӕм“, ӕмӕ ацӕуы; иннӕмӕн: „Ардӕм рацу“, ӕмӕ ӕрбацӕуы; мӕ цагъарӕн фӕзӕгъын: „Уый бакӕн“, ӕмӕ йӕ бакӕны». 10 Йесо уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд, Йӕ фӕдыл чи цыди, уыдонӕн, дисгӕнгӕйӕ, загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: суанг Израилы дӕр Ӕз ахӕм уырнындзинад никӕмӕ федтон. 11 Зӕгъын уын: бирӕтӕ ӕрцӕудзысты скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, ӕмӕ Уӕларвон Паддзахады Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковимӕ иу фынгыл ӕрбаддзысты. 12 Паддзахад нысангонд кӕмӕн уыд, уыдон та ӕппӕрст ӕрцӕудзысты ӕддӕмӕ, талынгмӕ; ӕмӕ уырдыгӕй хъуысдзӕни сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс». 13 Йесо сӕдӕйыхицауӕн загъта: «Ацу, ӕмӕ дӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ сӕххӕст уӕд дӕ фӕндон». Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг уыцы сахат сдзӕбӕх ис. Петры усы мад сдзӕбӕх 14 Йесо Петры хӕдзармӕ куы бацыди, уӕд ын йӕ усы мады баййӕфта тӕвднизӕй сӕйгӕйӕ. 15 Йесо йын бавнӕлдта йӕ къухмӕ, ӕмӕ сылгоймагӕн йӕ тӕвд ӕрхауди; сыстад ӕмӕ Йын лӕггад кӕнын райдыдта. Бирӕ рынчынтӕ ӕмӕ хӕйрӕджджынтӕ сдзӕбӕх сты 16 Куы баизӕр ис, уӕд Ӕм ӕрхуыдтой бирӕ хӕйрӕджджынты, ӕмӕ Йесо Йӕ ныхасӕй фӕсырдта ӕнӕзӕгъинӕгты ӕмӕ ӕппӕт рынчынты дӕр сдзӕбӕх кодта. 17 Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпар Исайа цы загъта, уый: «Уый нын райста нӕ рынтӕ ӕмӕ нын ахаста нӕ низтӕ». Йесойы фӕдыл 18 Йесо Йӕ алыварс бирӕ адӕм куы федта, уӕд загъта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, цӕмӕй Йемӕ ахизой денджызы фаллаг фарсмӕ. 19 Уӕд Ӕм иу динамонӕг бацыд ӕмӕ Йын загъта: «Ахуыргӕнӕг, Ды кӕдӕмфӕнды куы цӕуай — ӕз дӕр ацӕудзынӕн Дӕ фӕдыл». 20 Йесо йын дзуапп радта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, уӕларвон мӕргътӕн — ахстӕттӕ. Адӕймаджы Фыртӕн та, Йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй». 21 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй Йын ӕндӕр загъта: «Хицау, мӕ фыды баныгӕнынмӕ уал мӕ ауадз». 22 Фӕлӕ йын Йесо дзуапп радта: «Мӕ фӕдыл рацу, мӕрдтӕ сӕхӕдӕг ныгӕнӕнт сӕ мӕрдты». Уад ӕмӕ денджыз Йесойы коммӕ кӕсынц 23 Йесо бӕлӕгъмӕ бахызт, ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр бахызтысты Йӕ фӕдыл. 24 Уалынмӕ денджыз афтӕ тынг сабухта, ӕмӕ уылӕнтӕ бӕлӕгъы сӕрты калдысты; Йесо та фынӕй уыди. 25 Уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты, райхъал Ӕй кодтой ӕмӕ Йын загътой: «Хицау, фервӕзын нӕ кӕн, сӕфӕм!» 26 Йесо сын дзуапп радта: «Афтӕ тӕппуд цӕмӕн стут, лӕмӕгъуырнджытӕ?» Сыстади, уад ӕмӕ денджызӕн бардзырд радта, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр ис. 27 Иууылдӕр дисы бафтыдысты, ӕмӕ дзырдтой: «Уый Чи у, уад ӕмӕ денджыз Кӕй коммӕ кӕсынц?» Хӕйрӕджджынтӕ сдзӕбӕх сты 28 Йесо денджызы иннӕ былмӕ, Гадарӕйы бӕстӕм, куы бахӕццӕ ис, уӕд зӕппӕдзтӕй Йӕ размӕ рахызти дыууӕ хӕйрӕджджыны. Уыдон афтӕ знӕт уыдысты, ӕмӕ уыцы фӕндагыл рацӕуынмӕ йӕ ныфс ничи хаста. 29 Хӕйрӕджджынтӕ хъӕр систой: «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Хуыцауы Фырт? Ды ардӕм уый тыххӕй ӕрцыдтӕ, цӕмӕй нӕ ӕмгъуыдӕй раздӕр хъизӕмарӕй марай?» 30 Дӕрддзӕф ран хызти хуыты стыр дзуг, 31 ӕмӕ дӕлимонтӕ лӕгъстӕ кӕнын райдыдтой: «Кӕд нӕ сургӕ кӕныс, уӕд нӕ уӕртӕ уыцы хуыты дзугмӕ бауадз». 32 Йесо сын загъта: «Ацӕут». Уыдон адӕмы ныууагътой ӕмӕ хуыты фӕмидӕг сты. Уӕд дзуг ӕмхуызонӕй къардиуы былӕй денджызмӕ йӕхи фехста ӕмӕ фесӕфти доны. 33 Хуыгӕстӕ удаистӕй азгъордтой, сахармӕ бацыдысты ӕмӕ алцыдӕр радзырдтой, хӕйрӕджджынты хабар дӕр ракодтой. 34 Сахары цӕрджытӕ иууылдӕр рацыдысты Йесойы размӕ. Куы Йӕ федтой, уӕд Ӕм ӕрхатыдысты, цӕмӕй сӕ зӕххӕй ацӕуа. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia