Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Матфей 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Искӕй фауыны тыххӕй

1 Иннӕтӕн тӕрхонгӕнӕг ма ут, ӕмӕ уын Хуыцау дӕр не стӕрхон кӕндзӕн,

2 уымӕн ӕмӕ, иннӕтӕн куыд тӕрхон кӕнат, афтӕ уын Хуыцау уӕхицӕн дӕр стӕрхон кӕндзӕн; уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, уыцы барӕнӕй сбардзысты сымахӕн дӕр.

3 Де ’фсымӕры цӕсты ӕрдумӕ цы кӕсыс, дӕхи цӕсты къала бӕлас куы нӕ фиппайыс, уӕд?

4 Куыд хъуамӕ зӕгъай де ’фсымӕрӕн: «Ӕри-ма, дӕ цӕстӕй дын ӕрду райсон», кӕд дӕхи цӕсты къала бӕлас ис, уӕд?

5 Дыдзӕсгом! Дӕхи цӕстӕй уал къала бӕлас сис, стӕй базондзынӕ, де ’фсымӕры цӕстӕй ӕрду куыд райсын хъӕуы, уый дӕр.

6 Уаз цы у, уый куыйтӕн ма ӕппарут ӕмӕ уӕ дзындзытӕ хуыты размӕ ма калут, науӕд сӕ хуытӕ сӕ къӕхты бын ныссӕнддзысты, куыйтӕ та уыл сӕхи ныццӕвдзысты ӕмӕ уӕ аскъуыдтӕ кӕндзысты.

7 Курут ӕмӕ уын ратдзысты, агурут ӕмӕ ссардзыстут, хойут, ӕмӕ уын байгом кӕндзысты.

8 Уымӕн ӕмӕ, чи куры, уымӕн раттынц, чи агуры, уый ссары ӕмӕ, чи хойы, уымӕн дуар байгом вӕййы.

9 Уе ’хсӕн ахӕм исчи ис, йӕ фырт дзы дзул куы кура, уӕд ын дур чи ратта?

10 Кӕнӕ дзы кӕсаг куы кура, уӕд ын калм ратдзӕни?

11 Уӕдӕ сымах фыдзӕрдӕтӕ куы стут ӕмӕ уӕддӕр уӕ зӕнӕгӕн хорзы цӕуын куы зонут, уӕд уӕ Уӕларвон Фыд куыннӕ ратдзӕни фарн, чи Дзы куры, уыдонӕн!

12 Уӕдӕ, адӕммӕ цӕмӕдӕриддӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсут, уый сын аразут уӕхӕдӕг дӕр. Ацы ныхӕсты ис Моисейы Ӕгъдауы ӕмӕ пехуымпарты ахуырады мидис.


Дыууӕ фӕндаджы

13 Бахизут нарӕг кулдуарыл, уымӕн ӕмӕ фӕтӕн кулдуар ӕмӕ сӕфты уӕрӕх фӕндагыл бирӕ цӕуджытӕ ис.

14 Уынгӕг у, цардмӕ чи кӕны, уыцы кулдуар ӕмӕ нарӕг у фӕндаг; чи сӕ ссары, уыдон бирӕ не сты.


Мӕнгпехуымпартӕй хи бахизыны тыххӕй

15 Уӕхи хизут, фысдзармы уӕм чи ӕрцӕуы, афтӕмӕй та тугдзых бирӕгъ чи у, уыцы мӕнгпехуымпартӕй.

16 Сӕ хъуыддӕгтӕй сӕ базондзыстут. Сындзы къутӕрӕй, мыййаг, сӕнӕфсир ӕртонынц кӕнӕ ичъийӕ — легъуи?

17 Уӕдӕ афтӕ: хорз бӕласыл хорз дыргътӕ ӕрзайы, низджын бӕласыл та — ӕвзӕр.

18 Хорз бӕлас ӕвзӕр дыргъ нӕ ратдзӕн, низджын бӕлас та — хорз дыргъ.

19 Хорз дыргъ цы бӕласыл нӕ зайы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц.

20 Уӕдӕ уыцы адӕмы дӕр сӕ хъуыддӕгтӕй базондзыстут.

21 Мӕнмӕ «Хицау! Хицау!» чи дзуры, уыдонӕй алчи Уӕларвон Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзӕни, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр, Мӕ Уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый.

22 Бирӕтӕ Мын уыцы бон дзурдзысты: «Хицау, Хицау, мах Дӕ номӕй пехуымпариуӕг нӕ кодтам? Дӕ номӕй дӕлимонты нӕ сырдтам? Бирӕ диссӕгтӕ не ’вдыстам Дӕ номӕй?»

23 Ӕмӕ сын Ӕз уӕд дзуапп ратдзынӕн: «Ӕз уӕ никуы зыдтон. Ацӕут Мӕ цурӕй, фыдгӕнджытӕ!»


Дыууӕ амайӕджы ӕмбисонд

24 Уӕдӕ Мӕ ацы ныхӕстӕм чидӕриддӕр хъусы ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕны, уый у, йӕ хӕдзар дурыл чи самадта, уыцы зондджын адӕймаджы хуызӕн.

25 Уарын фемӕхсти, дӕттӕ раивылдысты, дымгӕ сыстади, ӕмӕ ахӕцыдысты уыцы хӕдзарыл, фӕлӕ не ’ркалди, уымӕн ӕмӕ дурыл ӕвӕрд уыди.

26 Мӕ ацы ныхӕстӕм чидӕриддӕр хъусы ӕмӕ сӕ не ’ххӕст кӕны, уый та у, йӕ хӕдзар змисыл чи самадта, уыцы ӕнӕзонд адӕймаджы хуызӕн.

27 Уарын фемӕхсти, дӕттӕ раивылдысты, дымгӕ сыстади ӕмӕ сӕхи уыцы хӕдзарыл ӕмцӕф ныккодтой. Хӕдзар ныккалд ӕмӕ дурты кӕри фестад.


Уӕлхох уацамынды кӕрон

28 Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд адӕмы дисы бафтыдта Йӕ ахуырад,

29 уымӕн ӕмӕ сын Уый сӕ динамонджытау нӕ амыдта, фӕлӕ кодта барджын ныхас.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan