Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Матфей 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Уӕлхох уацамынд

1 Уый бӕрц адӕм фенгӕйӕ, Йесо ссыди хохы сӕрмӕ. Куы ӕрбадти, уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты,

2 ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын райдыдта:


Ӕцӕг амонд

3 Тӕхудиаг сты, Хуыцауы сӕраппонд мӕгуыр чи у, — Уӕларвон Паддзахад уыдоны у.

4 Тӕхудиаг сты кӕуджытӕ — Хуыцау сӕ барӕвдаудзӕн.

5 Тӕхудиаг сты сӕрныллӕгтӕ — зӕхх сӕ хай бауыдзӕн.

6 Тӕхудиаг сты, стонгау ӕмӕ, дойны кӕмӕн у, уыйау рӕстдзинадмӕ чи бӕллы, уыдон, — Хуыцау сӕ бафсаддзӕн.

7 Тӕхудиаг сты баронтӕ — Хуыцау сын сӕхицӕн дӕр ныббардзӕн.

8 Тӕхудиаг сты сыгъдӕгзӕрдӕтӕ — уыдон фендзысты Хуыцауы.

9 Тӕхудиаг сты фидауынгӕнджытӕ — Хуыцауы хъӕбултӕ сӕ схондзысты.

10 Тӕхудиаг сты рӕстдзинады тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафджытӕ — Уӕларвон Паддзахад уыдоны у.

11 Тӕхудиаг стут, Мӕн тыххӕй уын фидис куы кӕной, куы уӕ ӕфхӕрой ӕмӕ уыл алы даутӕ куы мысой, уӕд.

12 Цин кӕнут ӕмӕ райут — уӕлӕрвты уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хорзӕх: афтӕ уӕ размӕ пехуымпарты дӕр ӕфхӕрдтой.


Цӕхх ӕмӕ рухс

13 Сымах зӕххӕн йӕ цӕхх стут. Цӕххы ад куынӕуал уа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ? Адӕмы къӕхты бынмӕ аппарыны йеддӕмӕ ницӕмӕнуал бӕззы.

14 Сымах стут дунейы рухс. Хохы цъуппыл цы сахар ис, уымӕн бамбӕхсӕн нӕй.

15 Цырагъ куы ссудзынц, уӕд ӕй мигӕнӕны бын не ’вӕрынц, фӕлӕ цырагъдарӕныл, цӕмӕй хӕдзары алкӕмӕн дӕр рухс кӕна.

16 Афтӕ уӕ рухс дӕр кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй уын уыной уӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кад кӕной уӕ Уӕларвон Фыдӕн.


Йесо ӕмӕ Ӕгъдау

17 Афтӕ ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ Ӕз Моисейы Ӕгъдау кӕнӕ пехуымпарты ахуырад аивынмӕ ӕрцыдтӕн. Ӕз сӕ аивынмӕ нӕ, — сӕххӕст кӕнынмӕ ӕрцыдтӕн.

18 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: цалынмӕ арв ӕмӕ зӕхх сты, уӕдмӕ Ӕгъдауӕй иу дамгъӕ кӕнӕ иу хахх дӕр нӕ фӕхъӕудзӕн — ӕппӕт дӕр сӕххӕст уыдзӕн.

19 Уӕдӕ ацы фӕдзӕхстытӕн сӕ иууыл къаддӕры сӕрты дӕр чи ахиза ӕмӕ адӕмы дӕр афтӕ бакӕныныл чи сардауа, уый Уӕларвон Паддзахады нымад уыдзӕни ӕппӕты къаддӕрыл. Фӕлӕ сӕ чи сӕххӕст кӕна ӕмӕ сӕ адӕмӕн дӕр чи бацамона, уый Уӕларвон Паддзахады нымад уыдзӕни стырыл.

20 Зӕгъын уын: уӕ рӕстад динамонджытӕ ӕмӕ фарисейты рӕстадӕй уӕлдӕр куынӕ уа, уӕд Уӕларвон Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзыстут.


Маст хӕссыны тыххӕй

21 Сымах фехъуыстат, рагон адӕмӕн цы загъд уыди, уый: «Ма амар». Чи амара, уый дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз.

22 Ӕз та уын зӕгъын: суанг йе ’фсымӕрмӕ йӕ зӕрдӕйы маст чи хӕссы, уый дӕр дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз; йе ’фсымӕрӕн, «ницӕйаг дӕ», зӕгъгӕ, чи зӕгъа, уый дзуапп дӕтдзӕни синедрионы раз; «ӕнӕзонд» ӕй чи рахона, уымӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны арт.

23 Уӕдӕ ды дӕ нывондимӕ нывондхӕссӕнмӕ куы бацӕуай ӕмӕ дӕм де ’фсымӕр цӕйдӕр тыххӕй кӕй фӕхъыг ис, уый дӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууа,

24 уӕд дӕ кувинӕгтӕ уым, нывондхӕссӕны раз, ныууадз, ацу, бафидау уал де ’фсымӕримӕ, стӕй раздӕх ӕмӕ дӕ кувинаджы кой бакӕн.

25 Исчи дӕ истӕмӕй зылын кӕны, уӕд тӕрхондонмӕ фӕндагыл йемӕ ӕвӕстиатӕй бафидау, цӕмӕй дӕ тӕрхонгӕнӕгмӕ ма бакӕна, уый та дӕ хъахъхъӕнӕджы къухтӕм ма ратта ӕмӕ дӕ ахӕстоны ма баппарой.

26 Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: цы дарыс, уый цалынмӕ фӕстаг кодранты онг бафидай, уӕдмӕ уырдыгӕй нӕ рацӕудзынӕ.


Сылгоймагмӕ ахастдзинады тыххӕй

27 Сымах фехъуыстат, рагон адӕмӕн цы загъд уыди, уый: «Ма хӕт».

28 Ӕз та уын зӕгъын: сылгоймагмӕ мондаджы цӕстӕй чи кӕсы, уый ныридӕгӕн йӕ мидзӕрдӕйы фӕхатти йемӕ.

29 Дӕ рахиз цӕст дӕ рӕдийын кӕны, уӕд ӕй фелвас ӕмӕ йӕ аппар — ӕгасӕй дӕр зындонмӕ бахауыны бӕсты фӕлтау дӕ буары хӕйттӕй иу фӕхъӕуӕд.

30 Дӕ рахиз къух дӕ рӕдийын кӕны, уӕд ӕй ралыг кӕн ӕмӕ йӕ аппар — ӕгасӕй дӕр зындонмӕ бахауыны бӕсты дӕ буары уӕнгтӕй иу фӕхъӕуӕд.


Ус ауадзыны тыххӕй

31 Афтӕ дӕр ма загъд уыди: «Йӕ усы чи ауадза, уый йын ахицӕны гӕххӕтт раттӕд».

32 Ӕз та уын зӕгъын: хӕтыны азым ӕм ма уӕд, уымӕй дарддӕр йӕ усы чидӕриддӕр ауадза, уый йӕ хӕтыныл ӕфтауы. Уагъд усы чи ракура, уый дӕр хӕтгӕ кӕны.


Сомыйы тыххӕй

33 Сымах фехъуыстат, уӕ рагфыдӕлтӕн афтӕ загъд кӕй уыди: «Дӕ сомы ма фӕсай, фӕлӕ, Хуыцауӕн цы дзырд радтай, уый сӕххӕст кӕн».

34 Ӕз та уын зӕгъын: сомы ма кӕнут ӕппындӕр — нӕдӕр арвӕй, уымӕн ӕмӕ уый Хуыцауы бадӕн у;

35 нӕдӕр зӕххӕй, уымӕн ӕмӕ уый Йӕ къӕхты ӕнцойгӕнӕн у; нӕдӕр Йерусалимӕй, уымӕн ӕмӕ уый стыр Паддзахы сахар у.

36 Мадӕр дӕ сӕрӕй сомы кӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ сӕрыхъуынтӕй иу дӕр урс кӕнӕ сау скӕнын дӕ бон нӕу.

37 Фӕлӕ уӕ «о» хъуамӕ «о» уа, уӕ «нӕ» та — «нӕ»; уымӕй уӕлдай цы ис, уый та хӕйрӕгӕй у.


Мастисыны тыххӕй

38 Сымах фехъуыстат, цы загъд уыди, уый: «Цӕстӕн — цӕст ӕмӕ дӕндагӕн — дӕндаг».

39 Ӕз та уын зӕгъын: дӕ бафхӕрӕджы ма бафхӕр. Уый нӕ, фӕлӕ дын дӕ рахиз ӕхсӕрфарс чи ныццӕва, уымӕ галиу дӕр бадар.

40 Дӕ хӕдон байсыны тыххӕй дыл тӕрхондонмӕ чи бахъаст кӕна, уымӕн ратт дӕ пӕлӕз дӕр.

41 Фӕндагыл дӕ йемӕ километр ӕмӕ ӕрдӕгмӕ ӕввахс чи фӕцӕуын кӕна, уыимӕ ма иу ахӕм ацу.

42 Курӕгӕн ратт, ӕфстау агурӕгыл дӕхи ма атигъ кӕн.


Знӕгты тыххӕй

43 Сымах фехъуыстат, цы загъд уыди, уый: «Уарз дӕ хионы ӕмӕ де сӕфт уын де знагӕй».

44 Ӕз та уын зӕгъын: уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй.

45 Ӕмӕ уӕд уыдзыстут уӕ Уӕларвон Фыды хъӕбултӕ — Уый хур скӕсын кӕны хӕларзӕрдӕтыл дӕр ӕмӕ фыдзӕрдӕтыл дӕр, къӕвда рауадзы рӕстгӕнджытыл дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтыл дӕр.

46 Чи уӕ уарзы, уыдоны куы уарзат, уӕд уын уый тыххӕй цавӕр хӕрзиуӕг хъуамӕ уа? Хъалонисджытӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц, ӕви?

47 Кӕд уарзон салам ӕрмӕстдӕр уе ’фсымӕртӕн дӕттут, уӕд уым уадиссагӕй цы ис? Муртаттӕгтӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц, ӕви?

48 Уӕдӕ ут ӕнаипп, уӕ Уӕларвон Фыд ӕнаипп куыд у, афтӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan