Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Матфей 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Аргъауӕг Иоанн

1 Уыцы рӕстӕг фӕзындис Аргъауӕг Иоанн ӕмӕ Иудейы ӕдзӕрӕг быдыры хъусын кодта:

2 «Уӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнут, уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад ӕрхӕстӕг ис».

3 Иоанн уыди, пехуымпар Исайа рагагъоммӕ афтӕ кӕй тыххӕй загъта: «Ӕдзӕрӕг быдыры хъуысы фидиуӕджы хъӕлӕс: „Ӕрцӕттӕ кӕнут Бардарӕгӕн фӕндаг, сӕмраст Ын кӕнут Йӕ цӕуӕнтӕ“».

4 Иоаннӕн йӕ уӕлӕдарӕс уыди теуайы хъуынӕй, йӕ астӕуыл дардта гӕрзӕй рон; хъӕддаг бындзыты мыд ӕмӕ мӕтыхтӕ уыдысты йӕ хӕринаг.

5 Йерусалим ӕмӕ ӕгас Иудей, Иорданы алфамбылай цӕрджытӕ йӕм иууылдӕр цыдысты,

6 ӕргомӕй састысты сӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ сыл Иоанн аргъуыдта Иорданы цӕугӕдоны.

7 Фарисейтӕ ӕмӕ йӕм саддукейтӕй саргъауынмӕ бирӕтӕ кӕй цӕуынц, Иоанн уый куы федта, уӕд сын загъта: «Калмы цот! Чи уын загъта, ӕмӕ сымах сомбоны азарӕй аирвӕздзыстут?

8 Кӕд ӕцӕг зӕрдиагӕй ӕрфӕсмон кодтат, уӕд ӕй хъуыддагӕй равдисут.

9 Нӕ фыдӕл Авраам у, зӕгъгӕ, ма дзурут уӕхинымӕр. Зӕгъын уын, Хуыцауӕн ацы дуртӕй дӕр Йӕ бон у Авраамӕн цот скӕнын.

10 Фӕрӕт ныридӕгӕн бӕласы рӕбын цӕттӕйӕ лӕууы: йӕ дыргъ цы бӕласӕн нӕ фӕбӕззы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц.

11 Уӕ фӕсмоны нысанӕн уыл ӕз ӕрмӕстдӕр донӕй аргъауын, фӕлӕ мӕ фӕдыл Чи ӕрбацӕуы, Уый мӕнӕй тыхджындӕр у; ӕз Ын Йӕ дзабыртӕ хӕссыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Ӕмӕ уыл Уый аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй.

12 Йӕ фыййаг Йӕ къухы ис, ӕмӕ Йӕ мус ссыгъдӕг кӕндзӕн. Мӕнӕу Йӕ хордоны бафснайдзӕн, зыгуым та ӕнӕхуысгӕ арты басудздзӕн».


Иоанн саргъуыдта Йесойыл

13 Уыцы рӕстӕг Йесо Галилейӕ ӕрцыдис Иорданмӕ, цӕмӕй Йыл Иоанн донӕй саргъауа.

14 Иоанн Ӕй урӕдта ӕмӕ Йын дзырдта: «Уый Ды хъуамӕ саргъауай мӕныл, Ды та мӕнмӕ ӕрбацыдтӕ?»

15 Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Ныр уал афтӕ уӕд. Афтӕмӕй мах Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕндзыстӕм». Ӕмӕ уӕд Иоанн сразы ис.

16 Аргъуыды фӕстӕ, Йесо донӕй куыд рахызти, афтӕ Йӕ сӕрмӕ арвы дуар фегом ис, ӕмӕ федта: Хуыцауы Уд бӕлоны хуызы ӕрцӕуы ӕмӕ Йӕм ӕрбахӕстӕг кӕны.

17 Ӕмӕ уӕлӕрвтӕй ӕрыхъуысти: «Ай мӕ уарзон Фырт у. Ӕз Ыл аудын».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan