Матфей 28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЧырыстийы райгас 1 Сабат куы аивгъуыдта, уӕд, къуырийӕн йӕ фыццаг бон, магдалӕйаг Мариа ӕмӕ иннӕ Мариа сӕударӕй ӕрцыдысты зӕппадз бабӕрӕг кӕнынмӕ. 2 Ӕвиппайды зӕхх тынг нынкъуысти: Хуыцауы зӕд ӕрцыди уӕларвӕй, дур афӕлдӕхта ӕмӕ йыл ӕрбадти. 3 Уый уыди арвӕрттывды ӕнгӕс, йӕ дарӕс — урс-урсид митау. 4 Хъахъхъӕнджытӕ фыр тӕссӕй ныррызтысты ӕмӕ мардау фесты. 5 Зӕд сылгоймӕгтӕн загъта: «Ма тӕрсут! Ӕз зонын, дзуарылтыгъд Йесойы кӕй агурут, уый. 6 Ам нӕй — райгас ис, куыд загъта, афтӕ. Ӕрбацӕут ӕмӕ фенут, кӕм ӕвӕрд уыди, уыцы бынат. 7 Цӕугӕут рӕвдздӕр ӕмӕ Йын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕгъут, мӕрдтӕй райгас ис, зӕгъгӕ. Уый уӕ разӕй цӕуы Галилеймӕ, ӕмӕ Йӕ уым фендзыстут. Уый уын мӕ зӕгъинаг». 8 Сылгоймӕгтӕ ратындзыдтой зӕппадзы цурӕй ӕмӕ цинӕмхӕццӕ тасимӕ азгъордтой хабар ахуыргӕнинӕгтӕн фехъусын кӕнынмӕ. 9 Фӕндагыл ӕвиппайды сӕ размӕ рацыди Йесо ӕмӕ сын загъта: «Цин кӕнут!» Уыдон Ӕм базгъордтой, сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой Йӕ разы ӕмӕ Йын ныттыхстысты Йӕ къӕхтыл. 10 Уӕд сын Йесо загъта: «Ма тӕрсут. Ацӕут, фехъусын кӕнут Ме ’фсымӕртӕн, цӕмӕй Галилеймӕ ацӕуой; уым Мӕ фендзысты». Хъахъхъӕнджыты ныхӕстӕ 11 Сылгоймӕгтӕ ма фӕндагыл уыдысты, афтӕ хъахъхъӕнджытӕй чидӕртӕ бахӕццӕ сты сахармӕ ӕмӕ, цы ӕрцыди, уыдӕттӕ алчертӕн радзырдтой. 12 Уыдон ӕрӕмбырд сты адӕмы хистӕртимӕ ӕмӕ бауынаффӕ кодтой. Ӕфсӕддонтӕн бирӕ ӕхца радтой 13 ӕмӕ сын бафӕдзӕхстой: «Зӕгъут афтӕ: „Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрцыдысты ӕмӕ Йӕ ӕхсӕвы, мах фынӕй куы уыдыстӕм, уӕд адавтой“. 14 Кӕд уыцы хабар бӕстыхицаумӕ бахӕццӕ уа, уӕд ӕй мах ууыл баууӕндын кӕндзыстӕм ӕмӕ уӕ мастӕй бахиздзыстӕм». 15 Уыдон райстой ӕхца ӕмӕ, куыд сын бацамыдтой, афтӕ бакодтой. Уыцы хабар иудейӕгты ӕхсӕн суанг абон дӕр хъуыстгонд у. Йесойы фӕдзӕхст Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн 16 Иуӕндӕс ахуыргӕнинаджы Галилеймӕ, Йесо цы хохмӕ загъта, уырдӕм ацыдысты 17 ӕмӕ Йӕ куы федтой, уӕд Йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой. Фӕлӕ дзы иуӕй-иутӕ уӕддӕр гуырысхо кодтой. 18 Йесо сӕм ӕрбахӕстӕг ис ӕмӕ сын загъта: «Арв ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт бартӕ дӕр Мӕнӕн лӕвӕрд сты. 19 Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ ӕппӕт адӕмты Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ скӕнут. Аргъаут сыл Фыды, Фырты ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй. 20 Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia