Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Матфей 27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Йесойы ӕрбакодтой Пилатмӕ

1 Куы сбон ис, уӕд алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Йесойӕн марыны тӕрхон рахӕссой.

2 Уыйадыл Ӕй сбастой, акодтой Йӕ ӕмӕ Йӕ Иудейы бӕстыхицау Пилаты къухмӕ радтой.


Иудӕйы мӕлӕт

3 Йесойӕн мӕлӕты тӕрхон кӕй рахастой, уый Йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ куы базыдта, уӕд йӕхиуыл ӕрхудти, дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы фӕстӕмӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕм бахаста

4 ӕмӕ загъта: «Ӕз фӕтӕригъӕдджын дӕн, ӕназым туг кӕй ауӕй кодтон, уымӕй». Фӕлӕ йын уыдон дзуапп радтой: «Уый махмӕ нӕ хауы. Дӕхи хъуыддаг у».

5 Иудӕ ӕвзист ӕхцатӕ аппӕрста Кувӕндоны, рацыд ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта.

6 Алчертӕ систой ӕвзист ӕхцатӕ ӕмӕ загътой: «Кувӕндоны хӕзнадоны сын нывӕрын не ’мбӕлы, уымӕн ӕмӕ туджы аргъ сты».

7 Бауынаффӕ кодтой ӕмӕ дзы бӕлццӕтты ныгӕнынӕн балхӕдтой, дурынгӕнӕджы зӕхх кӕй хуыдтой, уый.

8 Уымӕ гӕсгӕ уыцы зӕхх абон дӕр хонынц «Туджы зӕхх».

9 Афтӕ сӕххӕст ис, пехуымпар Йеремиайы уылты цы загъдӕуыд, уый: «Ӕмӕ райстой дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы — Израилы фырттӕ Йын цы аргъ скодтой, уый.

10 Ӕмӕ уыдонӕй дурынгӕнӕджы зӕххы аргъ бафыстой, Хуыцау мын куыд загъта, афтӕ».


Пилаты тӕрхон

11 Ныр Йесо та ӕрлӕууыди бӕстыхицауы раз, ӕмӕ Йӕ уый бафарста: «Ды дӕ иудейаг Паддзах?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс».

12 Фӕлӕ Йӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ зылын кӕнын куы райдыдтой, уӕд сын Йесо ницы дзуапп радта.

13 Уӕд Ын Пилат загъта: «Дӕ ныхмӕ куыд бирӕ адӕм ӕвдисӕн кӕнынц, уый нӕ хъусыс?»

14 Фӕлӕ йын Йесо йӕ иу фарстӕн дӕр дзуапп нӕ радта, ӕмӕ бӕстыхицау стыр дисы бафтыди.

15 Бӕстыхицаумӕ уыдис ахӕм ӕгъдау: бӕрӕгбоны-иу суӕгъд кодта, адӕмы-иу кӕй бафӕндыдис, иу ахӕм ахӕсты.

16 Уыцы рӕстӕг сӕм уыди, Вараввӕ, зӕгъгӕ, зындгонд ахӕст,

17 ӕмӕ, адӕм куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сӕ Пилат бафарста: «Куыд уӕ фӕнды, кӕй уын рауадзон: Вараввӕйы ӕви, Чырысти кӕй хонынц, уыцы Йесойы?»

18 Уымӕн ӕмӕ зыдта, Йесойы йын йӕ къухмӕ сӕ фыр хӕлӕгӕй кӕй радтой, уый.

19 Ноджы ма, Пилат тӕрхонгӕнӕджы бынаты куы бадти, уӕд ӕм йӕ ус дӕр барвыста афтӕ зӕгъынмӕ: «Мацы Йын ракӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы Рӕстгӕнӕджы тыххӕй дысон бирӕ фӕудхар кодтон мӕ фыны».

20 Фӕлӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ сардыдтой адӕмы, цӕмӕй сӕрибар ракурой Вараввӕйӕн, Йесойы та амарын кӕной.

21 Бӕстыхицау сӕ бафарста: «Куыд уӕ фӕнды, ацы дыууӕйӕ уын кӕй рауадзон?» Уыдон загътой: «Вараввӕйы».

22 Пилат та сӕ ногӕй бафарста: «Ӕмӕ уӕд, Чырысти Кӕй хонынц, уыцы Йесойӕн та цы бакӕнон?» Ӕмӕ иууылдӕр схор-хор кодтой: «Дзуарыл тыгъд ӕрцӕуӕд!»

23 Пилат бафарста: «Уагӕр ӕвзӕрӕй цы ракодта?» Фӕлӕ уыдон ноджы тынгдӕр хъӕр кодтой: «Дзуарыл тыгъд ӕрцӕуӕд!»

24 Пилат федта, йӕ бон саразын кӕй ницы у, уый ӕмӕ змӕст тынгӕй-тынгдӕр кӕй кӕны. Уӕд райста дон, адӕмы раз йӕ къухтӕ цӕхсадта ӕмӕ загъта: «Ӕз ацы тугкалды аххосджын нӕ дӕн. Уӕ бар уӕхи».

25 Адӕм ын ӕмхъӕлӕсӕй дзуапп радтой: «Йӕ туг махӕн ӕмӕ нӕ зӕнӕгӕн фидинаг фӕуӕд!»

26 Уӕд сын Пилат рауагъта Вараввӕйы, Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй Йӕ дзуарыл байтындзой.


Ӕфсӕддонтӕ ӕфхӕрынц Йесойы

27 Уыйадыл бӕстыхицауы ӕфсӕддонтӕ Йесойы акодтой галуанмӕ, ӕмӕ ӕппӕт ӕфсӕддон хай уым Йӕ алыварс ӕрӕмбырд ис.

28 Раластой Йын Йӕ дарӕс ӕмӕ Йыл сырх-сырхид пӕлӕз скодтой.

29 Сбыдтой сындзын кады худ ӕмӕ Йын ӕй ӕркодтой Йӕ сӕрыл, Йӕ рахиз къухмӕ та Йын радтой лӕдзӕг. Сӕ зонгуытыл ӕрлӕууыдысты Йӕ разы ӕмӕ Йӕ мӕстӕй мардтой: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!»

30 Фӕтутӕ Йыл кодтой, уый фӕстӕ Йын райстой Йӕ лӕдзӕг ӕмӕ Йын дзы Йӕ сӕр цавтой.

31 Дзӕбӕх Дзы куы фӕхынджылӕг кодтой, уӕд Ын раластой Йӕ пӕлӕз, фӕстӕмӕ Йыл Йӕхи дарӕс скодтой ӕмӕ Йӕ байтындзынмӕ акодтой.


Йесойы байтыгътой дзуарыл

32 Куы рацыдысты, уӕд фӕндагыл иу киренӕйаг лӕгыл амбӕлдысты, йӕ ном — Симон, ӕмӕ Йесойы дзуар уымӕн ахӕссын кодтой.

33 Голгофӕ (ома Сӕргӕхцы бынат) кӕй хонынц, уырдӕм куы бахӕццӕ сты,

34 уӕд Ын нуазынӕн радтой сӕн мастимӕ хӕццӕйӕ. Фӕлӕ дзы Уый куы ацахуыста, уӕд ӕй нал бануӕзта.

35 Дзуарыл Ӕй чи байтыгъта, уыдон Ын Йӕ дарӕстыл хӕлттӕ сӕппӕрстой ӕмӕ сӕ се ’хсӕн байуӕрстой.

36 Стӕй сбадтысты ӕмӕ Йӕ хъахъхъӕдтой.

37 Йӕ сӕрмӕ Йын дзуарыл фӕйнӕджы гӕбаз ныххуыдтой, фыст ыл уыди Йӕ азым: «АЙ У ЙЕСО, ИУДЕЙӔГТЫ ПАДДЗАХ».

38 Йемӕ ма дзуӕрттыл байтыгътой дыууӕ абырӕджы, сӕ иуы — Йӕ рахизфарс, иннӕйы та — Йӕ галиуфарс.

39 Йӕ рӕзты-иу чи фӕцӕйцыд, уыдон-иу сӕ сӕртӕ банкъуыстой ӕмӕ Йын алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодтой:

40 «Гъей, Кувӕндон халӕг ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ аразӕг! Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи фервӕзын кӕн ӕмӕ дзуарӕй ӕрхиз».

41 Афтӕ Дзы хынджылӕг кодтой алчертӕ дӕр динамонджытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртимӕ:

42 «Иннӕты ирвӕзын кодта, Йӕхи фервӕзын кӕнын та Йӕ бон нӕу! Израилы Паддзах куы у! Ныртӕккӕ дзуарӕй ӕрхизӕд, ӕмӕ Йыл уӕд баууӕнддзыстӕм.

43 Хуыцауыл Йӕ зӕрдӕ дардта, ӕмӕ Йӕ ныр фервӕзын кӕнӕд, кӕд Хуыцауӕн фӕндон у, уӕд. Афтӕ куы дзырдта: „Ӕз Хуыцауы Фырт дӕн“».

44 Йемӕ Йын кӕй байтыгътой, уыцы абырджытӕ дӕр Ӕй фаудтой.


Йесойы мӕлӕт

45 Ӕхсӕз сахатыл бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг ӕмӕ афтӕ ахаста фараст сахаты онг.

46 Фараст сахатмӕ ӕввахс Йесо хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Эли, Эли, лема сабахтани?» Ома: «Мӕ Хуыцау, Мӕ Хуыцау, цӕмӕн Мӕ ныууагътай?»

47 Уый фехъусгӕйӕ, уым чи лӕууыди, уыдонӕй чидӕртӕ загътой: «Илийамӕ дзуры».

48 Сӕ иу азгъордта, хырыз комраз туаг сӕны стылдта, лӕдзӕгыл ӕй ӕрсагъта ӕмӕ йӕ Йесомӕ дзыхмӕ схаста бануазынмӕ.

49 Иннӕтӕ та дзырдтой: «Фӕлӕуу-ма, бакӕсӕм, кӕддӕра Йӕм Илийа ӕрцӕуид ӕмӕ Йӕ фервӕзын кӕнид».

50 Йесо та ногӕй хъӕрӕй ныууынӕргъыдта ӕмӕ Йӕ уд систа.

51 Уӕд Кувӕндоны мидӕмбӕрзӕн уӕлейӕ дӕлӕмӕ ӕрфасти ӕмӕ дыууӕ дихы фӕцис. Зӕхх нынкъуысыд, ӕмӕ къӕдзӕхтӕ аскъуыдтӕ сты.

52 Ингӕнтӕ байгом сты, ӕмӕ мард сыгъдӕджытӕй бирӕтӕ райгас сты.

53 Растадысты ингӕнӕй ӕмӕ фӕстӕдӕр, Йесойы райгасы фӕстӕ, сыгъдӕг сахармӕ бацыдысты ӕмӕ бирӕтӕм раргом сты.

54 Сӕдӕйыхицау ӕмӕ Йесойы хъахъхъӕнджытӕ зӕххӕнкъуыст ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты ӕмӕ дзырдтой: «Уый ӕцӕгӕй Хуыцауы Фырт уыди».

55 Уым уыдысты ӕмӕ дардӕй кастысты, Йесойӕн лӕггад кӕнынмӕ Галилейӕ Йӕ фӕдыл чи рацыди, уыцы сылгоймӕгтӕ дӕр.

56 Се ’хсӕн — магдалӕйаг Мариа, Йаков ӕмӕ Йосефы мад Мариа, стӕй Зеведейы фыртты мад.


Йесойы баныгӕдтой

57 Куы баизӕр, уӕд ӕрцыд аримафейаг хъӕздыг лӕг Йосеф. Уый дӕр Йесойы ахуыргӕнинаг уыди.

58 Бацыди Пилатмӕ ӕмӕ дзы Йесойы мард ракуырдта. Пилат ын ӕй радта.

59 Йосеф рахаста марды, гӕн хъуымацы йӕ батыхта

60 ӕмӕ йӕ бавӕрдта, къӕдзӕхы кӕй скъахта, уыцы ног зӕппадзы. Бахизӕныл бафӕлдӕхта стыр дур ӕмӕ ацыди.

61 Магдалӕйаг Мариа ӕмӕ иннӕ Мариа дӕр уыдысты уым ӕмӕ зӕппадзӕн йӕ бакомкоммӕ бадтысты.


Зӕппадзы хъалагъур

62 Дыккаг бон — уый уыди сабат — алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ ӕрӕмбырд сты Пилатмӕ

63 ӕмӕ йын загътой: «Не ’лдар, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, уыцы сайӕгой ма удӕгас куы уыди, уӕд афтӕ кӕй дзырдта: „Ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзынӕн“.

64 Уӕдӕ ратт зӕппадз ӕртӕ боны хъахъхъӕныны бардзырд, цӕмӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ма бацӕуой, ма Йӕ адавой ӕмӕ адӕмӕн афтӕ ма зӕгъой: „Уый мӕрдтӕй райгас ис“. Уӕд фӕстаг сайд фыццагӕй фыддӕр уыдзӕн».

65 Пилат сын загъта: «Мӕнӕ уын ӕфсӕддонтӕ, ацӕут ӕмӕ уӕ куыд фӕнды, афтӕ Йӕ хъахъхъӕнут».

66 Уыдон ацыдысты ӕмӕ зӕппадзӕн йӕ разы хъахъхъӕнджытӕ сӕвӕрдтой, бахизӕны дурыл та — мыхуыр.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan