Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Матфей 26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Сусӕгвӕнд Йесойы ныхмӕ

1 Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта:

2 «Сымах зонут: дыууӕ боны фӕстӕ уыдзӕни Куадзӕн, ӕмӕ Адӕймаджы Фырты дзуарыл байтындздзысты».

3 Уыцы рӕстӕг алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ӕрӕмбырд сты алчер Каиафӕйы галуаны

4 ӕмӕ бауынаффӕ кодтой Йесойы хинӕй ӕрцахсын ӕмӕ Йӕ амарын.

5 Фӕлӕ дзырдтой: «Ӕрмӕст бӕрӕгбоны нӕ, науӕд адӕм сызмӕнтдзысты».


Йесойы байсӕрстой хӕрздӕфгӕнӕнӕй

6 Йесо уыди Вифанийы, хъотырджын Симоны хӕдзары.

7 Уырдӕм Ӕм ӕрбацыд иу сылгоймаг зынаргъ хӕрздӕфгӕнӕнӕй дзаг дурынимӕ ӕмӕ, Йесо фынгыл бадти, афтӕмӕй Йын хӕрздӕфгӕнӕн райдыдта Йӕ сӕрыл уадзын.

8 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд смӕсты сты ӕмӕ дзырдтой: «Цӕмӕн хъуыди уый бӕрц хардз кӕнын?

9 Ацы хӕрздӕфгӕнӕн уыди стыр аргъыл ауӕй кӕнӕн ӕмӕ уыцы ӕхца мӕгуыртӕн раттӕн».

10 Йесо бамбӕрста, цӕуыл дзурынц, уый ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн къӕмдзӕстыг кӕнут сылгоймаджы? Уый Мӕнӕн хорз хъуыддаг сарӕзта.

11 Уымӕн ӕмӕ мӕгуыртӕ ӕдзух уӕ фарсмӕ сты, Ӕз та ӕдзух уемӕ нӕ уыдзынӕн.

12 Ацы хӕрздӕфгӕнӕн Мын Мӕ буарыл кӕй ауагъта, уымӕй Мӕ ӕрцӕттӕ кодта ныгӕнынмӕ.

13 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Фарны Уац ӕппӕт дунейы кӕмдӕриддӕр айхъуыса, уым-иу, ацы сылгоймаджы ӕрымысынӕн, цы сарӕзта, уый кой ракӕндзысты».


Уӕйгӕнӕг Иудӕ

14 Уӕд дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, Иудӕ Искариот, ацыди алчертӕм

15 ӕмӕ сын загъта: «Цы мын ратдзыстут, уӕ къухы уын Ӕй куы бафтын кӕнон, уӕд?» Уыдон ын радтой дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы.

16 Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Иудӕ агуырдта Йесойы сын сӕ къухтӕм раттыны фадат.


Куадзӕны ӕхсӕвӕрмӕ цӕттӕтӕ

17 Донгонд дзулты бӕрӕгбоны фыццаг бон Йесомӕ бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Куыд Дӕ фӕнды, кӕм Дын ӕрӕвӕрӕм Куадзӕны фынг?»

18 Уый сын дзуапп радта: «Ацӕут сахармӕ, иу лӕгмӕ, ӕмӕ йын зӕгъут: „Ахуыргӕнӕг зӕгъы: Мӕ рӕстӕг ӕрӕввахс ис, ӕмӕ Мӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Куадзӕн дӕ хӕдзары бӕрӕг кӕндзынӕн“».

19 Ахуыргӕнинӕгтӕ бакодтой, Йесо сын куыд загъта, афтӕ ӕмӕ Куадзӕны фынг ӕрӕвӕрдтой.


Куадзӕны фынг. Уӕйгӕнӕджы тыххӕй рагзагъд

20 Куы баизӕр ис, уӕд Йесо Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагимӕ ӕрбадти фынджы уӕлхъус.

21 Куы хордтой, уӕд Йесо загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уӕ иу Мыл гадзрахатӕй рацӕудзӕн».

22 Уыдон тынг ӕрӕнкъард сты ӕмӕ Йӕ радыгай фӕрсын райдыдтой: «Уый, мыййаг, ӕз уыдзынӕн, Хицау?»

23 Йесо сын дзуапп радта: «Цӕхдоны Мемӕ йӕ къӕбӕр чи атылдта, уый Мӕ ауӕй кӕндзӕн.

24 Ӕниу, Адӕймаджы Фырт фӕцӕуы, Сыгъдӕг Фыст Дзы куыд зӕгъы, афтӕ. Фӕлӕ сар йӕ сӕр, гадзрахатӕй Йыл чи рацӕуа, уымӕн. Уыцы адӕймаг куы нӕ райгуырдаид, уӕд ын хуыздӕр уыдаид».

25 Уӕд Йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ дӕр загъта: «Уый, мыййаг, ӕз уыдзынӕн, Равви?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс».


Ног Фидыд

26 Хӕргӕ ма куы кодтой, уӕд Йесо райста дзул, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, асаста йӕ, ахуыргӕнинӕгтӕм ӕй алӕвӕрдта ӕмӕ загъта: «Айсут ӕмӕ хӕрут — уый Мӕ Буар у».

27 Уый фӕстӕ райста сӕны кӕхц, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, алӕвӕрдта сӕм ӕй ӕмӕ загъта: «Уе ’ппӕт дӕр дзы бануазут,

28 уымӕн ӕмӕ уый Мӕ Туг у — уымӕй фидаргонд цӕуы Ног Фидыд, ӕмӕ бирӕтӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныббарыны сӕраппонд ныккӕлдзӕн.

29 Зӕгъын уын, амӕй фӕстӕмӕ нал бануаздзынӕн ацы сӕнӕфсиры сӕнӕй, цалынмӕ Мӕ Фыды Паддзахады уемӕ ног сӕн бануазон, уӕдмӕ».

30 Стӕй азарыдысты арфӕйы зарджытӕ ӕмӕ ацыдысты Елеоны хохмӕ.


Йесойы рагзагъд Петры тыххӕй

31 Уӕд сын Йесо загъта: «Ахсӕв Мӕ уе ’ппӕт дӕр ныууадздзыстут, уымӕн ӕмӕ фыст ис: „Ӕрцӕвдзынӕн фыййауы, ӕмӕ ныххӕлиу уыдзӕни фысты дзуг“.

32 Фӕлӕ куы райгас уон, уӕд уӕ разӕй ацӕудзынӕн Галилеймӕ».

33 Петр афтӕ бакодта: «Се ’ппӕт дӕр Дӕ куы ныууадзой, уӕд дӕр Дӕ ӕз никуы ныууадздзынӕн».

34 Йесо йын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын, ахсӕв уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи».

35 Петр Ын загъта: «Демӕ мӕ амӕлын куы бахъӕуа, уӕд дӕр Дыл ӕз мӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕн». Афтӕ дзырдтой иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр.


Йесо кувы Гефсиманийы

36 Уый фӕстӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ӕрцыди, Гефсимани, зӕгъгӕ, уыцы бынатмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Сымах уал ам абадут, Ӕз та уал иуварс ацӕуон ӕмӕ бакувон».

37 Йемӕ акодта Петры, стӕй Зеведейы дыууӕ фырты. Йӕхимидӕг райдыдта хъынцъым ӕмӕ ӕрхӕндӕг кӕнын.

38 Ӕмӕ сын загъта: «Мӕ уд мӕлӕтон хъынцъым кӕны; фӕлӕуут ам Мӕ фарсмӕ, ма-иу бафынӕй ут».

39 Йӕхӕдӕг иу чысыл ӕддӕдӕр ацыд, зӕххыл ныддӕлгом ис ӕмӕ куывта: «Мӕ Фыд, кӕд гӕнӕн ис, уӕд Мӕ ацы хъизӕмӕртты кӕхцӕй бахиз. Ӕниу, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд».

40 Йесо бацыди Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сӕ фынӕйӕ куы баййӕфта, уӕд Петрӕн загъта: «Ау, ӕнӕ фынӕйӕ иу сахат куыд нӕ бафӕрӕзтат Мемӕ?

41 Ма бафынӕй ут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фӕлварӕны ма бахауат. Уд фидар у, буар та — ӕдых».

42 Ногӕй та фӕхибар кодта Йӕхи ӕмӕ куывта: «Мӕ Фыд, кӕд Мын ацы хъизӕмӕртты кӕхцӕн ӕнӕ бануазгӕ нӕй, уӕд, Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд».

43 Куы сӕм ӕрбацыд, уӕд та сӕ баййӕфта фынӕйӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ цӕстытӕ хуыссӕгӕй ӕруӕззау сты.

44 Ӕмӕ та сӕ уым ныууагъта, ацыд ӕмӕ ӕртыккаг хатт дӕр афтӕ скуывта.

45 Уый фӕстӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕрбаздӕхт ӕмӕ сын загъта: «Ныр дӕр ма фынӕй кӕнут ӕмӕ уӕ фӕллад уадзут? Мӕнӕ ӕрхӕстӕг ис, Адӕймаджы Фырты тӕригъӕдджынты къухмӕ кӕд ратдзысты, уыцы рӕстӕг.

46 Сыстут ӕмӕ ацӕуӕм. Мӕнӕ Мӕ уӕйгӕнӕг ӕрбаввахс ис».


Йесойы ӕрцахстой

47 Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзындис Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу. Алчертӕ ӕмӕ йын адӕмы хистӕртӕ йемӕ рарвыстой бирӕ адӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ.

48 Йесойы уӕйгӕнӕг сын радта ахӕм нысан: «Кӕмӕн аба кӕнон, Уый у, ӕмӕ Йӕ ӕрцахсут».

49 Комкоммӕ Йесомӕ бацыд ӕмӕ загъта: «Дзӕбӕх у, Равви!» Ӕмӕ Йын аба кодта.

50 Йесо йын загъта: «Ам дӕ, Мӕ хӕлар?» Уӕд адӕм Йесомӕ фӕлӕбурдтой ӕмӕ Йӕ ӕрцахстой.

51 Йесоимӕ чи уыди, уыдонӕй иу фелвӕста йӕ кард, алчеры цагъары дзы ӕрцавта ӕмӕ йын йӕ хъус ахауын кодта.

52 Уӕд ын Йесо загъта: «Дӕ кард йӕ кӕрддзӕмы нывӕр — кард чи сиса, уый йӕ мӕлӕт кардӕй ссардзӕн.

53 Ӕви афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ, ныртӕккӕ Мӕ Фыдӕй куы ракурин, уӕд Мын Уый дыууадӕс легионӕй фылдӕр зӕдтӕ нӕ рарвитид?

54 Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕ куы не ’рцӕуой, уӕд куыд сӕххӕст уыдзӕн, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый?»

55 Ӕмӕ Йесо адӕмӕн загъта: «Цыма абырӕг дӕн, уыйау Мӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ куы рацыдыстут ахсынмӕ. Афтӕмӕй та Ӕз ӕрвылбон Кувӕндоны бадтӕн ӕмӕ уӕ ахуыр кодтон, ӕмӕ Мӕ уӕд нӕ ахстат.

56 Фӕлӕ ӕппӕт адӕттӕ уымӕн цӕуынц, цӕмӕй сӕххӕст уа, пехуымпартӕ цы ныффыстой, уый». Уӕд Ӕй ахуыргӕнинӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ныууагътой ӕмӕ фӕлыгъдысты.


Йесо — синедрионы

57 Йесойы чи ӕрцахста, уыдон Ӕй акодтой алчер Каиафӕмӕ. Уым ӕмбырдӕй уыдысты динамонджытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ.

58 Петр дӕрддзӕфгомау цыди Йӕ фӕдыл. Бацыд алчеры кӕртмӕ ӕмӕ уым хъахъхъӕнджытимӕ ӕрбадти, цӕмӕй фена, хъуыддаг цӕуыл ахицӕн уыдзӕн, уый.

59 Алчертӕ ӕмӕ ӕппӕт синедрион Йесойы ныхмӕ агуырдтой мӕнг ӕвдисӕйнӕгтӕ, цӕмӕй Йын амарыны тӕрхон рахӕссой.

60 Фӕлӕ сӕ къухы ницы бафтыд, кӕд сӕм бирӕ мӕнгӕвдисӕнтӕ ӕрбацыди, уӕддӕр. Фӕстагмӕ ма дыууӕ мӕнгӕвдисӕны ӕрбацыд

61 ӕмӕ загътой: «Уый дзырдта: „Мӕ бон у Хуыцауы Кувӕндон фехалын ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ саразын“».

62 Уӕд алчер йӕ бынатӕй сыстад ӕмӕ Йесойӕн загъта: «Дӕ ныхмӕ Дын цы дзурынц, уымӕн ницы дзуапп дӕттыс?»

63 Фӕлӕ Йесо ницы дзырдта. Алчер Ын загъта: «Расомы кӕн цардӕгас Хуыцауы раз, раст ныхас нын кӕй зӕгъдзынӕ, уый тыххӕй: Ды дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?»

64 Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс. Фӕлӕ уын зӕгъын: нырӕй фӕстӕмӕ „Адӕймаджы Фырты уындзыстут Ӕппӕтхъомысы рахизфарс бадгӕ ӕмӕ ӕрвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ“».

65 Уыцы ныхӕстӕм алчер фӕйнӕрдӕм арӕдывта йӕ дарӕс ӕмӕ загъта: «Хуыцауы рафаудта! Цӕй ӕвдисӕнтӕ ма нӕ хъӕуы? Мӕнӕ уӕхӕдӕг куы фехъуыстат, Хуыцауы куыд фауы, уый!

66 Цы хъуыды уӕм ис?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Аххосджын у, хъуамӕ мард ӕрцӕуа».

67 Ӕмӕ Йын иутӕ Йӕ цӕсгомыл тутӕ кӕнын райдыдтой, иннӕтӕ Йын цавтой Йӕ рустӕ

68 ӕмӕ дзырдтой: «Чырысти, кӕд пехуымпар дӕ, уӕд-ма базон, чи Дӕ ныццавта, уый».


Петр йӕхи атигъ кодта Йесойыл

69 Ныр Петр та кӕрты бадти. Иу лӕггадгӕнӕг сылгоймаг ӕм бацыди ӕмӕ йын загъта: «Ды дӕр Галилейаг Йесоимӕ уыдтӕ».

70 Фӕлӕ Йыл Петр се ’ппӕты раз йӕхи атигъ кодта: «Цӕй кой кӕныс, уый нӕ зонын».

71 Кулдуармӕ куы фӕцӕйцыди, уӕд та йӕ ӕндӕр лӕггадгӕнӕг сылгоймаг базыдта ӕмӕ, уым чи уыди, уыдонӕн загъта: «Ай Назаретаг Йесоимӕ уыди».

72 Петр та нӕ басасти, сомытӕгӕнгӕ дзырдта: «Ӕз уыцы Адӕймаджы нӕ зонын».

73 Уым чи лӕууыд, уыдон дӕр чысыл фӕстӕдӕр бацыдысты Петрмӕ ӕмӕ йын загътой: «Ды дӕр бӕлвырд уыдонӕй дӕ — де ’взаджы здӕхт дыл комдзог цӕуы».

74 Уӕд Петр ард хӕрын ӕмӕ Хуыцауӕй сомы кӕнын райдыдта: «Ӕз уыцы Адӕймаджы нӕ зонын». Уыйадыл уасӕг ныууасыди,

75 ӕмӕ Петры зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йесо йын цы загъта, уый: «Уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи». Петр ӕддӕмӕ рацыд ӕмӕ судзаг цӕссыгӕй ныккуыдта.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan