Матфей 25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЗондджын ӕмӕ ӕнӕзонд чызджыты ӕмбисонд 1 Уӕд Уӕларвон Паддзахад уыдзӕни, сиахсаджы размӕ цырӕгътимӕ чи рацыди, уыцы дӕс чызджы хуызӕн. 2 Уыдонӕй фондз зондджынтӕ уыдысты, фондз та — ӕнӕзӕндтӕ. 3 Ӕнӕзонд чызджытӕ сӕ цырӕгътӕ рахастой, фӕлӕ семӕ сой нӕ райстой. 4 Зондджынтӕ та сӕ цырӕгътимӕ сойы дурынтӕ дӕр рахастой. 5 Сиахсаг афӕстиат ис, ӕмӕ чызджыты хуыссӕг ӕрцахста, се ’ппӕт дӕр бафынӕй сты. 6 Ӕмбисӕхсӕв райхъуысти хъӕр: „Сиахсаг ӕрбацӕуы, йӕ размӕ рацӕут!“ 7 Чызджытӕ иууылдӕр фестадысты ӕмӕ сӕ цырӕгътӕ ӕрцӕттӕ кодтой. 8 Ӕнӕзонд чызджытӕ зондджынтӕм бадзырдтой: „Авӕрут-ма нын уӕ сойӕ, науӕд нӕ цырӕгътӕ фӕхуыссынц“. 9 Зондджынтӕ сын дзуапп радтой: „Цӕмӕй нӕ дыууӕтӕ дӕр сойхъуагӕй ма баззайӕм, уый тыххӕй фӕлтау уӕйгӕнджытӕм ауайут ӕмӕ балхӕнут уӕхицӕн“. 10 Фӕлӕ куыддӕр ӕлхӕнынмӕ ацыдысты, афтӕ сиахсаг ӕрбахӕццӕ ис, ӕмӕ цӕттӕ цы чызджытӕ уыдысты, уыдон йемӕ бацыдысты чындзӕхсӕвмӕ, ӕмӕ дуар ӕхгӕд ӕрцыди. 11 Уӕдмӕ иннӕ чызджытӕ дӕр ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ хъӕр кӕнын райдыдтой: „Хицау, Хицау, дуар нын бакӕн!“ 12 Фӕлӕ сын уый дзуапп радта: „Ӕцӕг уын зӕгъын: ӕз, чи стут, уый нӕ зонын“. 13 Уӕдӕ ӕдзухдӕр уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ нӕ зонут нӕдӕр уыцы бон, нӕдӕр уыцы сахат [Адӕймаджы Фырт кӕд ӕрцӕудзӕни]. Ныгӕд ӕхцайы ӕмбисонд 14 Уӕд уыдзӕнис уыцы ӕмбисондау: иу адӕймаг балцы ацӕуыны размӕ йӕ цагъартӕм фӕсидти ӕмӕ сын йӕ исбон бафӕдзӕхста. 15 Сӕ иуӕн радта фондз таланты, иннӕмӕн — дыууӕ, ӕртыккагӕн — иу, алкӕмӕн дӕр — йӕ арӕхстдзинадмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ ацыди. 16 Фондз таланты чи райста, уый уайтагъд ацыд, спайда сӕ кодта ӕмӕ ма сӕ ноджы фондз таланты бакуыста. 17 Дыууӕ таланты чи райста, уый дӕр ма бакуыста дыууӕ таланты. 18 Иу талант чи райста, уый та ацыди, уӕрм скъахта ӕмӕ дзы йӕ хицауы ӕвзист баныгӕдта. 19 Бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ ӕрыздӕхти уыцы цагъарты хицау ӕмӕ сӕ дзуапп ӕрдомдта. 20 Фондз таланты чи райста, уый бацыд, бахаста йӕм иннӕ фондз таланты ӕмӕ загъта: „Хицау, ды мын радтай фондз таланты, ӕз сӕ спайда кодтон ӕмӕ ма сӕм мӕнӕ фондз таланты бафтыдтон“. 21 Йӕ хицау ын загъта: „Хорз, ды дзӕбӕх ӕмӕ иузӕрдион цагъар дӕ! Гыццыл хъуыддаджы иузӕрдион уыдтӕ, ӕмӕ дын ӕз стырдӕр хъуыддаг бабар кӕндзынӕн. Рацу мидӕмӕ ӕмӕ цин кӕн дӕ хицауимӕ“. 22 Дыууӕ таланты чи райста, уый дӕр ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: „Хицау, ды мын радтай дыууӕ таланты, ӕз сӕ спайда кодтон ӕмӕ ма сӕм ноджы бафтыдтон дыууӕ таланты“. 23 Йӕ хицау ын загъта: „Хорз, мӕ дзӕбӕх ӕмӕ иузӕрдион цагъар! Гыццыл хъуыддаджы иузӕрдион уыдтӕ, ӕмӕ дын ӕз стырдӕр хъуыддаг бабар кӕндзынӕн. Рацу мидӕмӕ ӕмӕ цин кӕн дӕ хицауимӕ“. 24 Иу талант чи райста, уый дӕр бацыд ӕмӕ йын загъта: „Хицау, ӕз зыдтон, ды карз лӕг кӕй дӕ, уый. Кӕм нӕ байтыдтай, уым кӕрдыс, кӕм нӕ райдзӕгътай, уым ӕмбырд кӕныс. 25 Ӕз тарстӕн, ацыдтӕн ӕмӕ дын дӕ талант баныгӕдтон зӕххы. Мӕнӕ айс дӕхион“. 26 Йӕ хицау ын загъта: „Ӕвзӕр ӕмӕ зивӕггӕнаг цагъар! Кӕм нӕ байтыдтон, уым кӕй кӕрдын ӕмӕ, кӕм нӕ райдзӕгътон, уым кӕй ӕмбырд кӕнын, уый кӕд зыдтай, 27 уӕд дын ӕмбӕлди ме ’взист сӕудӕджертӕм раттын, ӕмӕ уӕд, куы ӕрыздӕхтӕн, уӕд ӕй ӕфтиагимӕ райстаин. 28 Райсут ын уӕдӕ йӕ талант ӕмӕ йӕ, дӕс таланты кӕмӕ ис, уымӕн раттут. 29 Уымӕн ӕмӕ, кӕмӕ ис, уымӕн рардӕуыдзӕн ӕмӕ йӕм уыдзӕни бирӕ; кӕмӕ нӕй, уымӕй та ист ӕрцӕудзӕни, цы йӕм ис, уый дӕр. 30 Ацы ницӕйаг цагъары та аппарут ӕддӕмӕ, талынгмӕ: кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс кӕцӕй хъуысдзӕни, уырдӕм“». [Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо хъӕрӕй загъта: «Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»] Фӕстаг тӕрхон 31 «Адӕймаджы Фырт ӕппӕт зӕдтимӕ Йӕ кадимӕ куы ’рцӕуа, уӕд сбаддзӕнис Йӕ кадджын бынаты. 32 Йӕ разы ӕрӕмбырд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ, ӕмӕ иуты фӕхицӕн кӕндзӕн иннӕтӕй, фыййау фысты сӕгътӕй куыд фӕхицӕн кӕны, афтӕ. 33 Фысты ӕрлӕууын кӕндзӕн Йӕ рахизфарс, сӕгъты та — Йӕ галиуфарс. 34 Уӕд, Йӕ рахизфарс чи ис, уыдонӕн Паддзах зӕгъдзӕн: „Ӕрцӕут, Мӕ Фыды арфӕйӕ хайджынтӕ, ӕмӕ райсут, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ уын цӕттӕгонд цы Паддзахад у, уый. 35 Уымӕн ӕмӕ Ӕз уыдтӕн стонг, ӕмӕ Мӕ бафсӕстат; дойны Мын уыди, ӕмӕ Мын дон радтат; уыдтӕн бӕлццон, ӕмӕ Мӕ суазӕг кодтат; 36 уыдтӕн бӕгънӕг, ӕмӕ Мыл дарӕс скодтат; уыдтӕн рынчын, ӕмӕ Мыл батыхстыстут; уыдтӕн ахӕстоны, ӕмӕ Мӕ бабӕрӕг кодтат“. 37 Уӕд Ӕй рӕстгӕнджытӕ фӕрсдзысты: „Хицау, кӕд Дӕ федтам стонгӕй ӕмӕ Дӕ кӕд бафсӕстам? Кӕнӕ Дын дойны кӕд уыди, ӕмӕ Дын дон кӕд радтам? 38 Кӕд Дӕ федтам бӕлццонӕй ӕмӕ Дӕ кӕд суазӕг кодтам? Кӕнӕ Дӕ кӕд федтам бӕгънӕгӕй ӕмӕ Дыл дарӕс кӕд скодтам? 39 Кӕд Дӕ федтам рынчынӕй кӕнӕ ахӕстоны бадгӕйӕ ӕмӕ Дӕ кӕд бабӕрӕг кодтам?“ 40 Ӕмӕ сын Паддзах дзуапп ратдзӕн: „Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ацы кӕстӕр ӕфсымӕртӕй иуӕн цы сарӕзтат, уый Мӕнӕн сарӕзтат“. 41 Уӕд, Йӕ галиуфарс чи ис, уыдонӕн та зӕгъдзӕн: „Ацӕут Мӕнӕй, ӕлгъыстытӕ, хӕйрӕгӕн ӕмӕ йӕ зӕдтӕн цӕттӕгонд цы мыггагмӕйы арт ис, уырдӕм. 42 Уымӕн ӕмӕ Ӕз уыдтӕн стонг, ӕмӕ Мӕ нӕ бафсӕстат; уыди Мын дойны, ӕмӕ Мын дон нӕ радтат; 43 уыдтӕн бӕлццон, ӕмӕ Мӕ не суазӕг кодтат; уыдтӕн бӕгънӕг, ӕмӕ Мыл дарӕс не скодтат; уыдтӕн рынчын ӕмӕ ахӕст, ӕмӕ Мыл нӕ батыхстыстут“. 44 Уӕд Ӕй уыдон дӕр фӕрсдзысты: „Бардарӕг, кӕд Дӕ федтам стонгӕй, кӕнӕ Дын дойны кӕд уыди? Кӕд Дӕ федтам бӕлццонӕй кӕнӕ бӕгънӕгӕй, рынчынӕй кӕнӕ ахӕстӕй ӕмӕ Дын кӕд нӕ балӕггад кодтам?“ 45 Ӕмӕ сын Паддзах дзуапп ратдзӕн: „Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ацы кӕстӕртӕй иуӕн цы нӕ бакодтат, уый Мӕнӕн нӕ сарӕзтат“. 46 Ӕмӕ уыдон ацӕудзысты ӕнусмӕ хъизӕмар кӕнынмӕ, рӕстудтӕ та — ӕнусон цардмӕ». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia