Матфей 24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстКувӕндоны тыххӕй рагзагъд 1 Йесо Кувӕндонӕй куы рацӕйцыди, уӕд Ӕм бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, цӕмӕй Йын Кувӕндоны бӕстыхӕйттӕ фенын кӕной. 2 Йесо сын загъта: «Уынут ацы бӕстыхӕйттӕ? Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: афтӕ ныппырх уыдзысты, ӕмӕ дзы дур дурыл нал баззайдзӕн». Дунейы хъизӕмӕрттӕ 3 Йесомӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Елеоны хохмӕ бацыдысты ӕмӕ Йӕ хибарӕй бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, кӕд уыдзӕн, стӕй цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕнис Де ’рцыды афон ӕмӕ, дунейы кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ ис, уый?» 4 Йесо сын дзуапп радта: «Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ мачи фӕсайа. 5 Уымӕн ӕмӕ Мӕ номӕй бирӕтӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Ӕз Чырысти дӕн“, ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты. 6 Сымах хъусдзыстут ӕввахс ӕмӕ дард хӕстыты кой. Ма тӕрсут — ӕппӕт уыдӕттӕн ӕнӕ ӕрцӕугӕ нӕй, фӕлӕ уый нырма кӕрон нӕ уыдзӕни. 7 Сыстдзысты адӕм адӕмы ныхмӕ ӕмӕ паддзахад паддзахады ныхмӕ, ранӕй-рӕтты скӕндзӕни стонг рӕстӕг, уыдзӕни зӕххӕнкъуыстытӕ. 8 Ӕппӕт уыдӕттӕ арӕг сылгоймаджы хъизӕмӕртты райдайӕнау уыдзысты. 9 Уӕд уӕ ӕгъатырӕй ӕфхӕрдзысты, мардзысты уӕ, ӕмӕ Мӕ номы тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕн суыдзыстут ӕнӕуынон. 10 Уӕд бирӕтӕ уырнындзинад ныууадздзысты, кӕрӕдзиуыл гадзрахатӕй цӕудзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕнӕуынон суындзысты. 11 Фӕзындзӕни бирӕ мӕнгпехуымпартӕ ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты. 12 Тӕригъӕд кӕй сарӕх уыдзӕн, уый аххосӕй бирӕтӕн сӕ уарзондзинад бамынӕг уыдзӕн. 13 Фӕлӕ, кӕронмӕ чи бафӕраза, уый фервӕздзӕн. 14 Ацы Фарны Уац фӕхӕццӕ уыдзӕн дунейы ӕппӕт кӕрӕттӕм, Уӕларвон Паддзахады тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусдзысты, ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕни кӕрон. Израилы хъизӕмӕрттӕ 15 Уӕдӕ, пехуымпар Даниил куыд загъта, афтӕ уаз бынаты „ӕлгъаг заууат“ куы фенат, — чиныгкӕсӕг ӕй бамбарӕд, — 16 уӕд, Иудейы чи уа, уыдон ӕвӕстиатӕй лидзӕнт хӕхтӕм. 17 Уӕлхӕдзар кӕй ӕрӕййафа, уый уырдыгӕй ма ӕрхизӕд йӕ хӕдзарӕй исты рахӕссынмӕ. 18 Быдыры чи уа, уый дӕр ма раздӕхӕд йӕ дарӕс рахӕссынмӕ. 19 Додойаг уыдзысты сывӕрджын ӕмӕ дзидзидарӕг сылгоймӕгтӕ! 20 Кувут, цӕмӕй уӕ лидзын зымӕгон кӕнӕ сабатбон ма бахъӕуа. 21 Уымӕн ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзысты, Хуыцау дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ чи нӕма ӕрцыд ӕмӕ нал ӕрцӕудзӕнис, ахӕм стыр бӕллӕхтӕ. 22 Ӕмӕ уыцы бонтӕ куы нӕ фӕкъаддӕр уыдаиккой, уӕд иу адӕймаг дӕр нӕ фервӕзтаид. Фӕлӕ ӕвзӕрстыты сӕраппонд Хуыцау уыцы бонтӕ фӕкъаддӕр кӕндзӕн. Ма ӕууӕндут алы дамтӕ ӕмӕ мӕнг пехуымпартыл 23 Уӕд уын исчи афтӕ куы зӕгъа: „Мӕнӕ ам ис Чырысти“ кӕнӕ: „Уӕртӕ уым ис“, — ма уӕ бауырнӕд. 24 Уымӕн ӕмӕ фӕзындзысты мӕнгчырыститӕ ӕмӕ мӕнгпехуымпартӕ, равдисдзысты стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ, цӕмӕй, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, ӕвзӕрстыты дӕр асайой. 25 Ӕз уӕ уыдӕтты тыххӕй уӕ рагацау фӕдзӕхсын. 26 Уӕдӕ уын исчи афтӕ куы зӕгъа: „Чырысти ӕдзӕрӕг быдыры ис“, — ма-иу ацӕут, кӕнӕ: „Мӕнӕ рӕбинаг уаты ис“, — ма-иу уӕ бауырнӕд. 27 Уымӕн ӕмӕ, арвӕрттывд скӕсӕнӕй суанг ныгуылӕнмӕ куыд фӕзыны, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыд дӕр. 28 Холы кӕм уа, уым ӕрӕмбырд уыдзысты хӕдмӕлхор мӕргътӕ дӕр. 29 Уыцы бӕллӕхты хӕдуӕлвӕд хур баталынг уыдзӕни, мӕй нал ратдзӕн йӕ рухс, стъалытӕ ӕрхаудзысты арвӕй, ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ нынкъуысдзысты. 30 Уӕд арвыл фӕзындзӕн Адӕймаджы Фырты ӕвдисӕйнаг. Зӕххон адӕмтӕ иууылдӕр ныккӕудзысты ӕмӕ „Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр хъомыс ӕмӕ кадимӕ ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ“. 31 Сыкъауадындз хъӕрӕй ныууасдзӕн, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт рарвитдзӕн Йӕ зӕдты, ӕмӕ Йын Йе ’взӕрстыты алы рӕттӕй ӕрӕмбырд кӕндзысты — арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ. Легъуи бӕласы ӕмбисонд 32 Райсут цӕвиттонӕн легъуи бӕлас: йӕ къалиутӕ куы ракъуыбар вӕййынц ӕмӕ сыфтӕр куы рафтауы, уӕд фӕзонут, сӕрдмӕ бирӕ кӕй нал ис. 33 Уӕдӕ сымах дӕр ӕппӕт уыдӕттӕ куы фенат, уӕд-иу зонут: афон ӕрӕввахс, ныридӕгӕн Уый къӕсӕрыл лӕууы. 34 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр нӕма аивгъуыйдзӕн, афтӕмӕй ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцӕудзысты. 35 Арв ӕмӕ зӕхх нал уыдзысты, Мӕ ныхӕстӕ та мыггагмӕ дӕр уыдзысты сӕ тыхы. Иудадзыг цӕттӕ уӕвынмӕ сидт 36 Уыцы бон ӕмӕ сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт — ӕрмӕст ӕй Фыд зоны. 37 Фӕлӕ Нойы заман куыд уыдис, афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд дӕр. 38 Доныхъаймӕты размӕ, суанг цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бахызти, уӕдмӕ адӕм хордтой ӕмӕ нуӕзтой, устытӕ хастой ӕмӕ моймӕ цыдысты. 39 Уыдон ӕнхъӕл дӕр нӕ уыдысты, афтӕмӕй доныхъаймӕт ӕрцыд ӕмӕ се ’ппӕты дӕр фесӕфта. Адӕймаджы Фырты ӕрцыд дӕр афтӕ уыдзӕн. 40 Уӕд, дыууӕйӕ быдыры куы уой — сӕ иу ист ӕрцӕудзӕн, иннӕ та баззайдзӕн. 41 Дыууӕ сылгоймаджы ӕрмгуыройыл сдзысты хор — сӕ иу ист ӕрцӕудзӕн, иннӕ та баззайдзӕн. 42 Уӕдӕ къӕрцхъус ут, уымӕн ӕмӕ уӕ Хицау кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут. 43 Сымах зонут: хӕдзары хицау, хуыснӕг ӕм кӕцы сахат ӕрбацӕудзӕн, уый куы зонид, уӕд фынӕй дӕр нӕ бакӕнид ӕмӕ йӕ къуымтӕ фӕкъахын дӕр нӕ бауадзид. 44 Уӕдӕ сымах дӕр цӕттӕ ут, уымӕн ӕмӕ, ӕнхъӕл кӕд нӕ уат, уӕд ӕрцӕудзӕнис Адӕймаджы Фырт. Ӕнӕууӕнк цагъары ӕмбисонд 45 Чи у уыцы иузӕрдион ӕмӕ зондджын цагъар, йӕ хицау йӕ хӕдзаронты кӕй бар бакӕндзӕн ӕмӕ сын афоныл хӕринаг дӕттыны хӕс кӕуыл сӕвӕрдзӕн? 46 Тӕхудиаг уыдзӕн уыцы цагъар, йӕ хицау, ӕрбаздӕхгӕйӕ, уыцы куыст ӕххӕстгӕнгӕйӕ кӕй ӕрӕййафа. 47 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: йе ’ппӕт исбон дӕр бакӕндзӕни йӕ бар. 48 Фӕлӕ уыцы цагъар фыдзӕрдӕ куы уа ӕмӕ хинымӕр афтӕ куы зӕгъа, мӕ хицау нырма рӕхджы не ’рцӕудзӕни, зӕгъгӕ, 49 ӕмӕ уыйадыл йе ’мбӕлтты нӕмын, расыггӕнджытимӕ цӕл кӕнын ӕмӕ нуазын куы райдайа, 50 уӕд уыцы цагъарӕн йӕ хицау, цы бон ӕм не ’нхъӕлмӕ кӕса, уыцы бон ӕмӕ, ӕнхъӕл кӕд нӕ уа, уыцы сахат фӕзындзӕнис, 51 ӕгъатырӕй йӕ бафхӕрдзӕн ӕмӕ йын дыдзӕсгӕмтты хал ахӕрын кӕндзӕн. Се ’хсӕнӕй ма йӕ кӕуын ӕмӕ йӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс хъуысдзӕни. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia