Матфей 23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстФарисейты ма фӕзмут 1 Уӕд Йесо адӕмӕн ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн райдыдта дзурын: 2 «Моисейы бадӕны ӕрбадтысты динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ. 3 Уымӕ гӕсгӕ, цы уын дзурынц, уый кӕнут, фӕлӕ сын сӕ хъуыддӕгтӕ ма фӕзмут, уымӕн ӕмӕ уыдон, цы фӕзӕгъынц, уый сӕхӕдӕг нӕ кӕнынц. 4 Уӕззау, зынхӕссӕн уӕргътӕ бӕттынц ӕмӕ сӕ адӕмы ӕккой сӕвӕрынц, сӕхӕдӕг та сӕм сӕ ныхы кӕронӕй дӕр не ’вналынц. 5 Сӕ алы хъуыддаг дӕр адӕмы цӕстмӕ кӕнынц. Сӕ чырвӕзтӕ аразынц уӕрӕхдӕр, сӕ дарӕсы хаутӕ та — даргъдӕр; 6 уарзынц минасы фынгтыл кадджындӕр ӕмӕ синагогӕты раззаг бынӕтты бадын; 7 уарзынц, цӕмӕй сын сахарты фӕзты адӕм арфӕтӕ кӕной ӕмӕ сӕм дзурой: „Ахуыргӕнӕг! Ахуыргӕнӕг!“ 8 Сымах та ахуыргӕнджытӕ ма хонӕнт, уымӕн ӕмӕ уын иу Ахуыргӕнӕг ис — Чырысти, уӕхӕдӕг та уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут. 9 Зӕххыл уӕ фыд дӕр макӕй хонут, уымӕн ӕмӕ уын ис иунӕг Фыд — уӕларвы Чи ис, Уый. 10 Зондамонджытӕ дӕр уӕ ма хонӕнт, уымӕн ӕмӕ уын ис иу Зондамонӕг — Чырысти. 11 Уе ’хсӕн уӕлдӕр чи у, уый уын уӕд лӕггадгӕнӕг. 12 Уымӕн ӕмӕ, йӕхи бӕрзонд чи ӕвӕры, уый ӕрныллӕг уыдзӕн. Йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн. Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ! 13 Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Адӕмӕн Уӕларвон Паддзахады дуар ӕхгӕнут; уӕхӕдӕг дӕр ӕм нӕ цӕут ӕмӕ йӕм бацӕуын кӕй фӕнды, уыдоны дӕр нӕ уадзут. 14 [Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Сымах сафтид кӕнут идӕдз устыты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ адӕмы цӕстмӕ кувынӕй не ’фсӕдут. Уый тыххӕй карз ӕфхӕрд баййафдзыстут.] 15 Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Сымах ӕрзилут денджыз ӕмӕ зӕххыл, цӕмӕй уӕ динмӕ иу адӕймаджы уӕддӕр раздахат, ӕмӕ уый уӕ къухы куы бафты, уӕд дзы зындоны хъӕбул саразут — уӕхицӕй дыууӕ хатты фыддӕр. 16 Сар уӕ сӕр, куырм фӕтӕгтӕ! Сымах дзурут: „Исчи Кувӕндонӕй куы басомы кӕна, уӕд йӕ сомыйӕ баст нӕу, фӕлӕ, Кувӕндоны сыгъзӕринӕй чи басомы кӕна, уый йӕ сомы хъуамӕ сӕххӕст кӕна“. 17 Ӕнӕзӕндтӕ ӕмӕ куырмытӕ! Сыгъзӕрин ахсджиагдӕр у ӕви, чи йӕ сыгъдӕг кӕны, уыцы Кувӕндон? 18 Ноджы фӕзӕгъут: „Исчи нывондхӕссӕнӕй куы басомы кӕна, уӕд йӕ сомыйӕ баст нӕу, фӕлӕ нывондхӕссӕныл цы нывонд ис, уымӕй чи басомы кӕна, уый йӕ сомы хъуамӕ сӕххӕст кӕна“. 19 Куырмытӕ! Ахсджиагдӕр цы у: нывонд ӕви йӕ чи сыгъдӕг кӕны, уыцы нывондхӕссӕн? 20 Уӕдӕ нывондхӕссӕнӕй сомыгӕнӕг сомы кӕны нывондхӕссӕнӕй дӕр ӕмӕ, йӕ уӕлӕ цы ис, уымӕй дӕр. 21 Кувӕндонӕй сомыгӕнӕг сомы кӕны Кувӕндонӕй дӕр ӕмӕ дзы Чи цӕры, Уымӕй дӕр. 22 Арвӕй сомыгӕнӕг сомы кӕны Хуыцауы бадӕнӕй дӕр ӕмӕ уыцы бадӕны Бадӕгӕй дӕр. 23 Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ суанг битъына, хъонтхора ӕмӕ зирайӕ дӕсӕймаг хай дӕттут, йӕ ахъаззӕгтӕ та — рӕстдзинад, хӕрзаудӕн ӕмӕ уырнындзинад — ницӕмӕ дарут. Сымахӕн адӕттӕ кӕнын дӕр ӕмбӕлд ӕмӕ уын уыдӕттӕ дӕр рохуаты ныууадзын нӕ хъуыд. 24 Куырм фӕтӕгтӕ! Сымах къогъойы фӕрсудзгӕ кӕнут, теуайы та аныхъуырут! 25 Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Сымах къус ӕмӕ тӕбӕгъ ӕддӕрдыгӕй ссыгъдӕг кӕнут, мидӕгӕй та йедзаг сты, уӕ кӕрӕф ӕмӕ уе ’нӕфсисы руаджы уӕ къухы цы бафтыдис, уымӕй. 26 Куырм фарисей! Раздӕр уал къус ӕмӕ тӕбӕгъ мидӕгӕй ссыгъдӕг кӕн, ӕмӕ уӕд ӕддейӕ дӕр сыгъдӕг уыдзысты. 27 Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Сымах чъырӕйцагъд зӕппӕдзты хуызӕн стут — уыдон ӕддейӕ рӕсугъд зынынц, мидӕгӕй та йедзаг сты мӕрдты стджытӕ ӕмӕ алы чъизитӕй. 28 Афтӕ сымах дӕр: уе ’ддаг бакастӕй адӕммӕ рӕстгӕнджытӕ зынут, мидӕгӕй та цӕстмӕми ӕмӕ тӕригъӕдӕй йедзаг стут. 29 Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Пехуымпартӕн аразут зӕппӕдзтӕ, сфӕлындут рӕстгӕнджыты цыртытӕ 30 ӕмӕ фӕзӕгъут: „Нӕ фыдӕлты заманы куы цардаиккам, уӕд мах пехуымпарты тугныккалды аххосджын нӕ уыдаиккам“. 31 Афтӕмӕй уӕхи ныхмӕ ӕвдисӕн лӕуут — пехуымпарты чи мардта, уыдонӕн сӕ байзӕддӕгтӕ кӕй стут. 32 Уӕдӕ бафтаут уӕ фыдӕлты азымыл. 33 Кӕлмытӕ ӕмӕ калмы цот! Тӕрхон ӕмӕ зындонӕй куыд фервӕзынмӕ хъавут? 34 Ӕрбайхъусут-ма! Мӕнӕ уӕм Ӕз ӕрвитын пехуымпарты, куырыхон адӕймӕгты ӕмӕ динамонджыты, ӕмӕ дзы сымах иуты амардзыстут ӕмӕ байтындздзыстут, иннӕты уӕ синагогӕты ехсӕй нӕмдзыстут ӕмӕ сӕ иу сахарӕй иннӕмӕ тӕрдзыстут. 35 Уымӕ гӕсгӕ, зӕххыл цы раст адӕмы туг фӕкалди, уый уын иууылдӕр фидинаг фӕуыдзӕн: рӕстгӕнӕг Авелы тугӕй, суанг Кувӕндонӕй нывондхӕссӕны ӕхсӕн кӕй амардтат, уыцы Варахийы фырт Захариайы туджы онг. 36 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын, ӕппӕт уыцы фыдракӕндты тыххӕй ацы фӕлтӕр баййафдзӕн ӕфхӕрд. Йесойы хъарӕг Йерусалимыл 37 Йерусалим, Йерусалим, пехуымпарты цӕгъдӕг ӕмӕ, кӕй йӕм ӕрвитынц, уыдоны дуртӕй марӕг! Цал хатты хъавыдтӕн, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дын дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнын, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди! 38 Ныр уӕ хӕдзар ӕнӕхицау ӕмӕ афтидӕй зайы. 39 Дзурын уын, цалынмӕ афтӕ зӕгъат: „Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг!“, уӕдмӕ Мӕ нал фендзыстут». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia