Матфей 22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстХуындтытӕ — бирӕ, ӕвзӕрстытӕ — чысыл 1 Йесо сын фӕсномыг ныхӕстӕй дзырдта дарддӕр: 2 «Уӕларвон Паддзахад абарӕн ис, Йӕ фыртӕн чындзӕхсӕв чи скодта, уыцы паддзахимӕ. 3 Уый йӕ цагъарты хонӕг арвыста, фӕлӕ хуынд адӕмы чындзӕхсӕвмӕ ӕрбацӕуын нӕ бафӕндыд. 4 Ноджы арвыста ӕндӕр цагъарты ӕмӕ сын бафӕдзӕхста афтӕ зӕгъын: „Мӕнӕ ӕз фынгтӕ ӕрӕвӕрдтон, галтӕ ӕмӕ хӕрзхаст фос акусарт кодтон. Алцы дӕр цӕттӕ у, рацӕут чындзӕхсӕвмӕ“. 5 Фӕлӕ йын хуынд адӕм йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой ӕмӕ дзы чи йӕ хуыммӕ ацыд, чи та — сӕудӕджеры куыст кӕнынмӕ. 6 Иннӕтӕ та йын йӕ цагъарты ӕрцахстой, тынг сӕ фӕнадтой ӕмӕ сӕ амардтой. 7 Паддзах смӕсты, йе ’фсад арвыста, уыцы лӕгмарты ныццагъта ӕмӕ сын сӕ сахар басыгъта. 8 Уый фӕстӕ йӕ цагъартӕн загъта: „Чындзӕхсӕвы фынг цӕттӕ у, фӕлӕ, кӕй фӕхуыдтон, уыдон йӕ аккаг нӕ разындысты. 9 Уӕдӕ ацӕут фӕндӕгты тигътӕм ӕмӕ кӕйдӕриддӕр фенат — чындзӕхсӕвмӕ сӕ ӕрхонут“. 10 Цагъартӕ ацыдысты фӕндӕгтӕм ӕмӕ, кӕуылдӕриддӕр сӕмбӕлдысты, уыдоны ӕрхуыдтой — фыдзӕрдӕты дӕр ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕмы дӕр. Ӕмӕ чындзӕхсӕвы фынгтӕ байдзаг сты адӕмӕй. 11 Паддзах йӕ уазджыты фенынмӕ куы бацыд, уӕд бафиппайдта, бӕрӕгбоны дарӕс кӕуыл нӕ уыди, ахӕм адӕймаджы 12 ӕмӕ йӕ бафарста: „Мӕ хӕлар, ӕнӕ бӕрӕгбоны дарӕсӕй ардӕм куыд ӕрбацыдтӕ?“ Уый ныхъхъус ис. 13 Уӕд паддзах йӕ фӕсдзӕуинтӕн загъта: „Йӕ къухтӕ ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕ сбӕттут ӕмӕ йӕ ӕддӕмӕ, талынгмӕ, аппарут. Уырдыгӕй хъуысдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс“. 14 Уымӕн ӕмӕ хуындтытӕ бирӕ сты, ӕвзӕрстытӕ та — чысыл». Хъалоны тыххӕй 15 Уӕд фарисейтӕ ацыдысты ӕмӕ уынаффӕ кодтой, Йесойы исты ныхасӕй куыд ӕрцахсой, уый фӕдыл. 16 Уыйадыл Ӕм сӕ ахуыргӕнинӕгты барвыстой Ироды фарсхӕцджытимӕ, ӕмӕ Йын уыдон загътой: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕй зонӕм, Ды раст кӕй дӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндаг ӕцӕгады фӕткыл кӕй амоныс; искӕй зӕрдӕ балхӕныныл нӕ архайыс, уымӕн ӕмӕ никӕй хъулон кӕныс. 17 Уӕдӕ нын зӕгъ: куыд Дӕм кӕсы, кесӕрӕн хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ?» 18 Фӕлӕ сын Йесо бамбӕрста сӕ фыдвӕнд ӕмӕ загъта: «Дыдзӕсгӕмттӕ, цы Мӕ фӕлварут? 19 Равдисут-ма Мын, хъалон цы ӕхцайӕ фидынц, уый». Уыдон Ӕм ӕрбахастой динар. 20 Уӕд сӕ Уый бафарста: «Кӕй ныв ӕмӕ йыл кӕй ном ис?» 21 Уыдон Ын дзуапп радтой: «Кесӕры». Уӕд сын Йесо загъта: «Уӕдӕ кесӕры цы у, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауы цы у, уый та — Хуыцауӕн». 22 Уый куы фехъуыстой, уӕд сӕм диссаг фӕкаст, ныууагътой Йӕ ӕмӕ ацыдысты. Мӕрдты райгасы тыххӕй 23 Уыцы бон Йесомӕ ӕрбацыдысты саддукейтӕ, — уыдон дзурынц, мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ, — ӕмӕ Йӕ бафарстой: 24 «Ахуыргӕнӕг, Моисей загъта: „Исчи ӕнӕзӕнӕгӕй куы амӕла, уӕд ын йе ’фсымӕр хъуамӕ йӕ идӕдзы ракура ӕмӕ дзы йе ’фсымӕры номыл цот рауадза“. 25 Махмӕ уыдис авд ӕфсымӕры. Хистӕр ус ӕрхаста, ӕнӕзӕнӕгӕй амард ӕмӕ йӕ ус баззади йе ’фсымӕрӕн. 26 Афтӕ рауади сӕ хабар дыккаг ӕмӕ ӕртыккагӕн, стӕй иннӕтӕн дӕр, суанг ӕвдӕм ӕфсымӕры онг. 27 Се ’ппӕты фӕстӕ сылгоймаг дӕр амарди. 28 Ныр мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд уыцы авд ӕфсымӕрӕй уый кӕцыйы ус уыдзӕн? Се ’ппӕты бинойнаг дӕр куы уыд». 29 Йесо сын дзуапп радта: «Сымах рӕдийут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр Сыгъдӕг Фыст, нӕдӕр Хуыцауы тых зонут. 30 Уымӕн ӕмӕ мӕрдты райгасы фӕстӕ адӕм нӕдӕр ус курдзысты, нӕдӕр мой кӕндзысты, фӕлӕ уыдзысты уӕларвон зӕдты хуызӕн. 31 Мӕрдты райгасы тыххӕй уын Хуыцау цы загъта, уый нӕ бакастыстут, ӕви: 32 „Ӕз дӕн Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Йаковы Хуыцау“? Хуыцау мӕрдты Хуыцау нӕу, удӕгӕсты Хуыцау у». 33 Адӕм уый куы фехъуыстой, уӕд дисы ӕфтыдысты Йӕ ахуырадыл. Иууыл ахсджиагдӕр фӕдзӕхст 34 Йесо Йӕ ныхасӕй саддукейты кӕй басаста, уый фарисейтӕ куы фехъуыстой, уӕд иумӕ ӕрӕмбырд сты. 35 Уыдонӕй иу, динамонӕг, Йесойы фӕлваргӕйӕ, загъта: 36 «Ахуыргӕнӕг, Моисейы Ӕгъдауы сӕйрагдӕр фӕдзӕхст кӕцы у?» 37 Йесо йын дзуапп радта: «„Уарз дӕ Бардарӕг Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй“. 38 Уый у фыццаг ӕмӕ сӕйраг фӕдзӕхст. 39 Дыккаг дӕр уый хуызӕн у: „Дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарз“. 40 Моисейы Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпарты ахуырад сырӕзтысты ацы дыууӕ фӕдзӕхсты бындурыл». Чырыстийы фыдӕлтӕ 41 Йесо, Йӕ алыварс цы фарисейтӕ ӕрбамбырд сты, уыдоны бафарста: 42 «Цы хъуыды кӕнут Чырыстийы тыххӕй? Кӕй байзӕддаг у?» Уыдон Ын загътой: «Давиды». 43 Йесо сын загъта: «Уӕдӕ Йӕ Давид, Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй, йӕхӕдӕг Бардарӕг цӕмӕн хоны? Афтӕ куы дзуры: 44 „Дунедарӕг загъта мӕ Бардарӕгӕн: сбад Мӕ рахизфарс, ӕмӕ Дын Ӕз Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзынӕн“? 45 Уӕдӕ Йӕ кӕд Давид йӕ Бардарӕг хоны, уӕд Уый йӕ байзӕддаг куыд у?» 46 Ӕмӕ Йесойӕн дзуапп раттын никӕй бон баци. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йӕм бафӕрсынмӕ йӕ ныфс ничиуал хаста. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia