Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Матфей 20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Сӕндонмӕ зилджыты ӕмбисонд

1 Уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад абарӕн ис, райсомӕй раджы йӕ сӕндонмӕ зилынӕн кусджытӕ баххуырсынмӕ чи рацыди, уыцы хицауимӕ.

2 Уый кусджытимӕ бафидыдта бон фӕйнӕ динарыл, ӕмӕ сӕ арвыста йӕ сӕндонмӕ.

3 Ӕртӕ сахатмӕ ӕввахс та сахары фӕзмӕ рацыд ӕмӕ дзы кӕйдӕрты ӕгуыстӕй лӕугӕ федта.

4 Ӕмӕ уыдонӕн дӕр загъта: „Ацӕут сымах дӕр мӕ сӕндонмӕ, ӕмӕ уын, цы ӕмбӕлы, уый бафиддзынӕн“. Уыдон ацыдысты.

5 Уый фӕстӕ рацыд ӕмбисбонмӕ ӕввахс, стӕй — фараст сахатыл ӕмӕ та баххуырста ӕндӕрты.

6 Ӕппынфӕстаг рацыд иуӕндӕс сахатмӕ ӕввахс, ноджыдӕр та дзы кӕйдӕрты баййӕфта ӕмӕ сӕ бафарста: „Ам ӕнӕхъӕн бон ӕгуыстӕй цы лӕуут?“

7 Уыдон ын дзуапп радтой: „Ничи нӕ баххуырста“. Уый сын загъта: „Ацӕут сымах дӕр мӕ сӕндонмӕ [ӕмӕ уын цы ӕмбӕлы, уый райсдзыстут]“.

8 Куы баизӕр ис, уӕд сӕндоны хицау загъта йӕ фӕткдарӕн: „Кусджытӕм фӕдзур ӕмӕ сын сӕ мызд ратт; фӕстӕдӕр чи ӕрбацыд, уыдонӕн раздӕр бафид, раздӕр чи ӕрбацыд, уыдонӕн та — фӕстӕдӕр“.

9 Иуӕндӕс сахатмӕ ӕввахс чи ӕрбацыд, уыдон райстой фӕйнӕ динары.

10 Раздӕр чи ӕрбацыд, уыдон ӕнхъӕлдтой, фылдӕр райсдзысты, зӕгъгӕ, фӕлӕ уыдон дӕр райстой фӕйнӕ динары

11 ӕмӕ, сӕ мызд куы райстой, уӕд сӕндоны хицауыл райдыдтой бустӕ кӕнын:

12 „Фӕстӕдӕр кӕй баххуырстай, уыдон иунӕг сахат бакуыстой, фидгӕ та сын немӕ ӕмхуызон бакодтай, афтӕмӕй мах ӕнӕхъӕн бон ӕнтӕфы фӕфыдӕбон кодтам“.

13 Уӕд дзы уый иуӕн загъта: „Ӕз, мӕ лымӕн, дӕ хъыджы ницӕмӕй бацыдтӕн. Иу динарыл нӕ баныхас кодтай мемӕ?

14 Цы дын ӕмбӕлы, уый айс ӕмӕ ацу. Дӕуӕн цас радтон, фӕстӕдӕр ӕрбацӕуӕгӕн дӕр мӕ уый бӕрц раттын фӕнды.

15 Мӕн цы у, ууыл мӕ бар нӕ цӕуы? Ӕви мын рӕдау уӕвын дӕ цӕст нӕ уарзы?“

16 Уӕдӕ фӕстӕгтӕ уыдзысты фыццӕгтӕ, фыццӕгтӕ та — фӕстӕгтӕ. [Уымӕн ӕмӕ хуындтытӕ бирӕ сты, ӕвзӕрстытӕ — чысыл]».


Йесойы ӕртыккаг хатт рагацау зӕгъы Йӕ мӕлӕт ӕмӕ Йӕ райгасы тыххӕй

17 Йерусалиммӕ фӕндагыл Йесо фӕхибар кодта дыууадӕсы ӕмӕ сын загъта:

18 «Ныр мах цӕуӕм Йерусалиммӕ, ӕмӕ уым Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн сауджынтӕ ӕмӕ динамонджыты къухмӕ ӕмӕ Йын уыдон марыны тӕрхон рахӕсдзысты.

19 Муртаттӕгты ӕвджид Ӕй ныууадздзысты, цӕмӕй Дзы уыдон хъазинаг скӕной, ехсӕй Йӕ фӕнӕмой ӕмӕ Йӕ дзуарыл байтындзой, фӕлӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн».


Йаков ӕмӕ Иоанны курдиат

20 Уӕд Ӕм бацыди Зеведейы ус йӕ фырттимӕ, ӕрзоныг кодта Йӕ разы ӕмӕ Йӕм хатыди цӕйдӕр тыххӕй.

21 Йесо йӕ бафарста: «Цы дӕ хъӕуы?» Уый Йын дзуапп радта: «Бар ратт, цӕмӕй Дӕ Паддзахады мӕ ацы дыууӕ лӕппуйӕ иу сбада Дӕ рахизфарс, иннӕ та — Дӕ галиуфарс».

22 Йесо сын загъта: «Цы курут, уый уӕхӕдӕг дӕр не ’мбарут. Ӕз цы хъизӕмӕртты кӕхцӕй нуаздзынӕн, уымӕй бануазын [кӕнӕ Ӕз кӕй исын, ахӕм аргъуыд райсын] суыдзӕни уӕ бон?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Суыдзӕн».

23 Уый сын загъта: «Мӕ хъизӕмӕртты кӕхцӕй нуаздзыстут [ӕмӕ уыл саргъуыдӕуыдзӕн, Ӕз кӕй райсдзынӕн, ахӕм аргъуыдӕй]. Мӕ рахизфарс ӕмӕ Мӕ галиуфарс чи сбаддзӕни, уый та Мӕнӕй аразгӕ нӕу, уымӕн ӕмӕ уыцы бынӕтты, Мӕ Фыд сӕ кӕмӕн ӕрцӕттӕ кодта, уыдон сбаддзысты».

24 Иннӕ дӕс ахуыргӕнинаджы уый куы фехъуыстой, уӕд смӕсты сты дыууӕ ӕфсымӕрмӕ.

25 Йесо се ’ппӕтмӕ дӕр фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Сымах зонут, ӕлдӕрттӕ адӕмтыл хицауиуӕг кӕй кӕнынц, ӕмӕ хицӕуттӕ адӕмтыл барджын кӕй сты, уый.

26 Сымах ӕхсӕн та афтӕ ма уӕд: уӕлдӕр уӕвын уӕ кӕй фӕнды, уый уын уӕд лӕггадгӕнӕг;

27 уе ’хсӕн фыццаг уӕвын кӕй фӕнды, уый уын уӕд цагъар.

28 Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, ӕмӕ Йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй Йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ бирӕтӕн сӕрибар ӕрхӕссыны сӕраппонд ратта Йӕ цард».


Дыууӕ куырмы цӕстӕй ракастысты

29 Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йерихонӕй куы рацыдысты, уӕд Йӕ фӕдыл цыди бирӕ адӕм.

30 Фӕндаггӕрон бадтысты дыууӕ куырмы ӕмӕ, Йесо сӕ рӕзты ӕрцӕуы, уый куы фехъуыстой, уӕд хъӕр систой: «Батӕригъӕд нын кӕн, Хицау, Давиды Фырт!»

31 Адӕм сӕ басабыр кӕнын фӕлвӕрдтой, фӕлӕ уыдон ноджы тынгдӕр хъӕр кодтой: «Батӕригъӕд нын кӕн, Хицау, Давиды Фырт!»

32 Йесо ӕрлӕууыди, фӕдзырдта сӕм ӕмӕ сӕ бафарста: «Цы уӕ фӕнды? Цы уын саразон?»

33 Уыдон Ын загътой: «Хицау, мах фӕнды цӕстӕй ракӕсын».

34 Йесо куырмытӕн фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ сын сӕ цӕстытӕм бавнӕлдта. Уыдон уайтагъд ракастысты сӕ цӕстӕй ӕмӕ дыууӕйӕ дӕр Йӕ фӕдыл ацыдысты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan