Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Матфей 19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Ус ауадзын ӕмӕ ус нӕ курыны тыххӕй

1 Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд рараст ис Галилейӕ ӕмӕ ӕрцыд Иудейы зӕхмӕ, Иорданы фаллаг фарсмӕ.

2 Йӕ фӕдыл рацыди бирӕ адӕм, ӕмӕ сӕ уым сдзӕбӕх кодта.

3 Уӕд ӕм фарисейтӕ бацыдысты ӕмӕ Йӕ бафӕлварыны тыххӕй бафарстой: «Цыфӕнды азымы тыххӕй дӕр лӕгӕн йӕ усы ауадзын ӕмбӕлы?»

4 Йесо сын дзуапп радта: «Ау, Сфӕлдисӕг тӕккӕ райдианӕй „уыдоны нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕй кӕй сфӕлдыста“, уый тыххӕй нӕ бакастыстут, ӕви?

5 Ӕмӕ Сфӕлдисӕг загъта: „Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕни йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады, баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ цӕрӕнбонты нал фӕхицӕн уыдзысты“.

6 Афтӕмӕй уыдон дыууӕ нал сты, фӕлӕ сты иу буар. Уӕдӕ Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма фӕхицӕн кӕнӕд».

7 Уыдон та Йын загътой: «Уӕдӕ Моисей ахӕм уынаффӕ цӕмӕн рахаста, „лӕгӕн йӕ усы ауадзын йӕ бон у, ӕрмӕст ын ахицӕны гӕххӕтт раттӕд“, зӕгъгӕ?»

8 Йесо сын дзуапп радта: «Хивӕнд кӕй стут, уый тыххӕй уын радта Моисей уӕ устыты уадзыны бар. Фыццаг та афтӕ нӕ уыди.

9 Фӕлӕ уын Ӕз зӕгъын: хӕтыны азым ӕм ма уӕд, уымӕй дарддӕр йӕ усы чи ауадза ӕмӕ ӕндӕр усы чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны. [Йӕ лӕгӕй чи ахицӕн, ахӕм сылгоймаджы чи ракура, уый дӕр хӕтгӕ кӕны]».

10 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Кӕд йӕ усы тыххӕй лӕгыл ахӕм хӕс ӕвӕрд ис, уӕд хуыздӕр у ус нӕ ракурын».

11 Йесо сын загъта: «Алкӕй бон нӕу афтӕ бакӕнын, фӕлӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд кӕмӕн уа, уый йӕ сӕххӕст кӕндзӕн.

12 Уымӕн ӕмӕ ис, мады гуыбынӕй ӕрдызт чи рахаста, ахӕмтӕ, иннӕты та адӕм бардызтой. Ноджы ма ис, Уӕларвон Паддзахады сӕраппонд ус курыныл йӕ къух чи систа, ахӕмтӕ дӕр. Афтӕ бакӕнын кӕй бон у, уый йӕ сӕххӕст кӕнӕд».


Йесойы арфӕ сабитӕн

13 Уӕд Йесомӕ ӕрбакодтой сывӕллӕтты, цӕмӕй сыл Йӕ къухтӕ ӕрӕвӕра ӕмӕ бакува, фӕлӕ Йӕм сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ бауагътой.

14 Йесо сын загъта: «Ӕрбауадзут Мӕм сӕ, ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад, сывӕллӕтты хуызӕн чи у, уыдоны у».

15 Йесо сывӕллӕттыл Йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ ацыди уырдыгӕй.


Йесо ӕмӕ хъӕздыг лӕппу

16 Йесомӕ ӕрбацыди иу лӕппу ӕмӕ Йӕ бафарста: «Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсыны тыххӕй хорзӕй цы саразон?»

17 Йесо йын дзуапп радта: «Хорз цы у, уымӕй Мӕ цӕмӕн фӕрсыс? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у. Фӕлӕ дӕ кӕд мыггагмӕйы цардмӕ бацӕуын фӕнды, уӕд ӕххӕст кӕн фӕдзӕхстытӕ».

18 Уый Йӕ бафарста: «Цавӕр фӕдзӕхстытӕ?» Йесо йын ранымадта: «„Ма амар“, „Ма хӕт“, „Ма дав“, „Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу“,

19 „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады“ ӕмӕ „Дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарз“».

20 Уӕд Ын лӕппу загъта: «Уыдӕттӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнын. Ноджыдӕр ма мын цы нӕ фаг кӕны?»

21 Йесо йын загъта: «Кӕд дӕ фӕнды, ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст уай, уӕд ацу, дӕ мулк ауӕй кӕн, де ’хца мӕгуыртӕн байуар, ӕмӕ дын уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл».

22 Лӕппу уый куы фехъуыста, уӕд ӕнкъардӕй ацыди, уымӕн ӕмӕ йӕм бирӕ мулк уыд.

23 Йесо загъта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: зын у хъӕздыгӕн Уӕларвон Паддзахадмӕ бацӕуын.

24 Ноджы ма уын зӕгъын: хъӕздыгӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуынӕй теуайӕн судзины быныл ахизын ӕнцондӕр у».

25 Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд сӕм тынг диссаг фӕкаст, ӕмӕ загътой: «Уӕдӕ уӕд чи фервӕздзӕн?»

26 Йесо сӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Адӕймагӕн уый йӕ бон нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕн ӕппӕт дӕр у Йӕ бон».

27 Уӕд Ын Петр загъта: «Мӕнӕ мах алцыдӕр ныууагътам ӕмӕ рацыдыстӕм Дӕ фӕдыл. Цы нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы?»

28 Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырт ног дунейы Йӕ кадджын паддзахы бадӕны куы ӕрбада, уӕд сымах дӕр, Мӕ фӕдыл рацӕуджытӕ, дыууадӕс бадӕныл ӕрбаддзыстут ӕмӕ Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕндзыстут.

29 Ӕмӕ Мӕ номы сӕраппонд йӕ хӕдзӕрттӕ, йе ’фсымӕрты, йӕ хоты, йӕ фыды, йӕ мады, йӕ усы, йӕ сывӕллӕтты кӕнӕ йӕ зӕххытӕ чи ныууадза, ууыл уыдӕттӕ фондзыссӕдз ахӕмӕй бафтдзысты фӕстӕмӕ ӕмӕ схайджын уыдзӕн мыггагмӕйы цардӕй.

30 Фӕлӕ фыццӕгтӕй бирӕтӕ суыдзысты фӕстӕгтӕ, фӕстӕгтӕй та — фыццӕгтӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan