Матфей 18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Уыцы рӕстӕг ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты Йесомӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Уӕларвон Паддзахады уӕлдӕр чи у?» 2 Йесо фӕдзырдта сывӕллонмӕ, ӕрлӕууын ӕй кодта сӕ разы 3 ӕмӕ загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын, куынӕ аиват ӕмӕ сывӕллӕтты хуызӕн куынӕ суат, уӕд Уӕларвон Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзыстут. 4 Йӕхи чи ӕрныллӕг кӕна ӕмӕ ацы сабийау чи суа, уый уӕлдӕр уыдзӕн Уӕларвон Паддзахады. 5 Ӕмӕ иу ахӕм сывӕллоныл Мӕн тыххӕй ӕнувыд чи уа, уый Мӕныл у ӕнувыд. Тӕригъӕдмӕ мондаггӕнӕнтӕ 6 Фӕлӕ ацы кӕстӕртӕй — Мӕныл ӕууӕндджытӕй — иуы дӕр тӕригъӕды чи бафтауа, уымӕн фӕлтау йӕ бӕрзӕйыл куыройы фыд куы ӕрцауындзиккой ӕмӕ йӕ денджызы арфмӕ куы ныппариккой, уӕд ын хуыздӕр уаид. 7 Сар йӕ сӕр ацы дунейӕн, тӕригъӕдмӕ мондаггӕнӕнтӕ дзы кӕй ис, уый тыххӕй. Уыцы мондаггӕнӕнтӕн ӕнӕ фӕзынгӕ нӕй, фӕлӕ сар йӕ сӕр, кӕй аххосӕй ӕрцӕуой, уыцы адӕймагӕн. 8 Дӕ къух кӕнӕ дӕ къах дӕ кӕд рӕдийын кӕны, уӕд ӕй ралыг кӕн ӕмӕ йӕ аппар: хуыздӕр дын у ӕнӕ къух кӕнӕ ӕнӕ къахӕй мыггагмӕйы цардмӕ бацӕуын, цӕйнӕфӕлтау ӕд къах, ӕд къух ӕнӕхуысгӕ арты ӕппӕрст ӕрцӕуай. 9 Дӕ цӕст дӕ рӕдийын кӕны, зӕгъгӕ, уӕд ӕй фелвас ӕмӕ йӕ аппар: хуыздӕр дын у иу цӕстимӕ цардмӕ бацӕуын, цӕйнӕфӕлтау дӕ дыууӕ цӕстимӕ зындоны арты ӕппӕрст ӕрцӕуай. Дзӕгъӕл фысы ӕмбисонд 10 Хъусут, ацы кӕстӕртӕй иуыл дӕр ӕнӕввӕрсон ма ут. Зӕгъын уын: уыдонӕн сӕ зӕдтӕ уӕлӕрвты ӕдзух уынынц Мӕ Уӕларвон Фыды цӕсгом. 11 [Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцыди сӕфтыты бацагурынмӕ ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕнынмӕ.] 12 Куыд уӕм кӕсы, фондзыссӕдз фысы кӕмӕ ис, уымӕн дзы иу куы фӕдзӕгъӕл уа, уӕд йе нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз фысы хӕхты нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ йӕ дзӕгъӕл фысы агурӕг нӕ ацӕудзӕн? 13 Ӕцӕг уын зӕгъын, куы йӕ ссара, уӕд, чи йын нӕ фӕдзӕгъӕл, уыцы нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз фысӕй ауыл тынгдӕр фӕцин кӕндзӕн. 14 Афтӕ уӕ Уӕларвон Фыды дӕр нӕ фӕнды, ацы кӕстӕртӕй иу дӕр фесӕфа, уый. Ӕфсымӕры тӕригъӕд 15 Де ’фсымӕр дӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд бавдӕл ӕмӕ йын хибарӕй бауайдзӕф кӕн. Ӕмӕ дӕм кӕд байхъуса, уӕд ногӕй ссардтай де ’фсымӕры. 16 Куынӕ дӕм байхъуса, уӕд демӕ акӕн иу кӕнӕ дыууӕ адӕймаджы, уымӕн ӕмӕ „алы хъуыддаг дӕр хъуамӕ дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны раз ӕвзӕрст цӕуа“. 17 Уыдонмӕ дӕр куынӕ байхъуса, уӕд зӕгъ аргъуанӕн ӕмӕ, кӕд аргъуанмӕ дӕр нӕ байхъуса, уӕд ӕм, муртаттаг ӕмӕ хъалонисӕгмӕ цы цӕстӕй кӕсыс, уыцы цӕстӕй кӕс. 18 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: зӕххыл бар цӕмӕн нӕ раттат, уымӕн уӕларвы дӕр бар лӕвӕрд нӕ уыдзӕн; зӕххыл бар цӕмӕн раттат, уымӕн та уӕларвы дӕр рардӕуыдзӕн бар. 19 Ноджы ма уын зӕгъын: сымахӕй дыууӕ адӕймаджы зӕххыл цавӕрфӕнды хъуыддаджы тыххӕй дӕр иумӕ кувынвӕнд куы скӕной, уӕд сын, цы курой, уый лӕвӕрд уыдзӕни Мӕ Уӕларвон Фыдӕй. 20 Уымӕн ӕмӕ, Мӕ номыл дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ адӕймаджы кӕм ӕрӕмбырд уой, уым Ӕз дӕр семӕ уыдзынӕн». Ӕгъатыр лӕггадгӕнӕджы ӕмбисонд 21 Уӕд Петр бацыди Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Бардарӕг, мӕ тӕригъӕды цы ӕфсымӕр бацӕуа, уымӕн цал хатты хъуамӕ ныббарон? Авд хатты онг?» 22 Йесо йын загъта: «Авд хатты онг нӕ, фӕлӕ авд ӕвдай хатты онг. 23 Уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад у, йӕ цагъартӕй дзы чи цы дары, уый банымайын чи сфӕнд кодта, уыцы паддзахы хуызӕн. 24 Нымайынмӕ куы бавнӕлдта, уӕд ӕм ӕрбакодтой, дӕс мин таланты дзы чи дардта, уыцы адӕймаджы. 25 Цӕмӕй сӕ бафида, уый йӕм кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ паддзах бардзырд радта, цӕмӕй хӕсджынӕн йӕхи дӕр, йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты дӕр, стӕй йӕм исбонӕй цыдӕриддӕр ис, уый иууылдӕр ауӕй кӕной ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ хӕс бафидой. 26 Уӕд уыцы цагъар йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын дзырдта: „Бабыхс, ӕмӕ дӕ цы дарын, уый дын ӕххӕстӕй бафиддзынӕн“. 27 Паддзах ын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ ауагъта, йӕ хӕс дӕр ын ныббарста. 28 Цагъар та уырдыгӕй рацыд ӕмӕ фӕндагыл сӕмбӕлд, фондзыссӕдз динары дзы чи дардта, йӕ уыцы ӕмбалы. Ӕрцахста йӕ, ныххӕцыд ын йӕ хурхыл ӕмӕ загъта: „Цы мӕ дарыс, уый мын бафид“. 29 Уӕд йе ’мбал йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауди ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта: „Банхъӕлмӕ кӕс, ӕмӕ дӕ цы дарын, уый дын ратдзынӕн“. 30 Фӕлӕ уый не сразы ис ӕмӕ йӕ бакодта ахӕстоны, цалынмӕ йын йӕ хӕс бафида, уӕдмӕ. 31 Уый йе ’мбӕлттӕн тынг фӕхъыг ис. Бацыдысты сӕ паддзахмӕ ӕмӕ йын хабар радзырдтой. 32 Уӕд ӕм паддзах фӕсидти ӕмӕ йын загъта: „Фыдзӕрдӕ цагъар! Ды мын балӕгъстӕ кодтай, ӕмӕ дын ӕз дӕ хӕс ӕнӕхъӕнӕй ныббарстон. 33 Уӕд дӕуӕн, ӕз дын куыд фӕтӕригъӕд кодтон, афтӕ не ’мбӕлди де ’мбалӕн фӕтӕригъӕд кӕнын?“ 34 Паддзах тынг смӕсты ис ӕмӕ йӕ хъизӕмарӕй марын кодта, цалынмӕ йӕ хӕс бафида, уӕдмӕ. 35 Мӕ Уӕларвон Фыд дӕр уын афтӕ бакӕндзӕн, алчидӕр уӕ йе ’фсымӕрӕн йӕ тӕригъӕдтӕ зӕрдиагӕй куынӕ ныббара, уӕд». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia