Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Матфей 17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Йесо Йӕ хуыз аивта

1 Ӕхсӕз боны фӕстӕ Йесо Йемӕ рахуыдта Петры, Йаковы ӕмӕ уымӕн йе ’фсымӕр Иоанны, скодта сӕ бӕрзонд хохмӕ, ӕмӕ уым хибарӕй уыдысты.

2 Сӕ разы Йӕ хуыз аивта — Йӕ цӕсгом сӕрттывта хурау, Йӕ дарӕс та рухсау урс-урсид фестади.

3 Фӕзындысты сӕм Моисей ӕмӕ Илийа ӕмӕ ныхас кодтой Йемӕ.

4 Уӕд Петр Йесойӕн загъта: «Хицау, мӕнӕ нын цы хорз у ам! Кӕд Дӕ фӕнды, уӕд ӕз ацы ран ӕртӕ халагъуды скӕндзынӕн: иу Дӕуӕн, иу Моисейӕн, иу та Илийайӕн».

5 Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ сӕ рухскалгӕ ӕврагъ ӕрӕмбӕрзта, ӕмӕ уырдыгӕй райхъуысти: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у. Хъусут Ӕм».

6 Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд фыр тӕссӕй зӕххыл ныддӕлгом сты.

7 Фӕлӕ сӕм Йесо бацыди, бавнӕлдта сӕм ӕмӕ сын загъта: «Сыстут, ма тӕрсут».

8 Ӕмӕ, хӕрдмӕ куы скастысты, уӕд дзы Йесойы йеддӕмӕ никӕйуал федтой.


Ахуыргӕнинӕгты фарст Илийайы тыххӕй

9 Хохӕй куы ӕрцӕйцыдысты, уӕд сӕ Йесо бафӕдзӕхста: «Цалынмӕ Адӕймаджы Фырт мӕрдтӕй райгас уа, уӕдмӕ, цы федтат, уый макӕмӕн дзурут».

10 Уӕд Ӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бафарстой: «Уӕдӕ динамонджытӕ афтӕ цӕмӕн дзурынц, Чырыстийы размӕ, дам, уал Илийа хъуамӕ ӕрцӕуа?»

11 Йесо сын дзуапп радта: «Раст у, Илийа хъуамӕ ӕрцӕуа ӕмӕ ӕппӕт дӕр банывыл кӕна.

12 Фӕлӕ уын зӕгъын: Илийа ныридӕгӕн ӕрцыди, фӕлӕ йӕ нӕ базыдтой ӕмӕ йын, цы сӕ бафӕндыд, уый бакодтой. Афтӕ уыдон хъизӕмӕрттӕ бавзарын кӕндзысты Адӕймаджы Фыртӕн дӕр».

13 Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ бамбӕрстой, Аргъауӕг Иоанны кой сын кӕй кӕны, уый.


Суртӕгӕнаг ӕнахъом лӕппу сдзӕбӕх ис

14 Адӕм кӕм ӕрӕмбырд сты, уырдӕм куы ӕрбацыдысты, уӕд Йесомӕ бацыди иу лӕг, ӕрзоныг кодта Йӕ разы

15 ӕмӕ Йӕм бахатыд: «Хицау, батӕригъӕд кӕн мӕ фыртӕн. Суртӕгӕнаг у ӕмӕ тынг удхар кӕны; арӕх йӕхи куы артмӕ ӕппары, куы донмӕ.

16 Ӕз ӕй ӕркодтон Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, фӕлӕ йӕ сдзӕбӕх кӕнын сӕ бон нӕ баци».

17 Уӕд Йесо загъта: «О ӕнӕуырнӕг ӕмӕ хӕлд фӕлтӕр! Цас ма уыдзынӕн уемӕ? Цас ма уын быхсдзынӕн? Ардӕм Мӕм ӕй ӕрбакӕнут».

18 Йесо дӕлимонӕн карзӕй загъта, цӕмӕй лӕппуйы ныууадза, ӕмӕ йӕ дӕлимон куы суӕгъд кодта, уӕд уайтагъд сдзӕбӕх ис.

19 Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ хибарӕй бафарстой Йесойы: «Махӕн ӕй нӕ бон цӕуылнӕ баци расурын?»

20 Йесо сын дзуапп радта: «Уӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕй у, уый тыххӕй. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: хъыцъыйы нӕмыджы йас уырнындзинад уӕм куы уа ӕмӕ мӕнӕ ацы хохӕн афтӕ куы зӕгъат: „Ардыгӕй уӕртӕ уырдӕм ацу“, уӕд ацӕудзӕн. Ӕмӕ ахӕмӕй ницы уыдзӕни, сымахӕн цы нӕ бантыса.

21 [Адоны мыггагӕн та ӕрмӕст кувын ӕмӕ ком дарыны фӕрцы ис фӕсурӕн]».


Йесо дыккаг хатт зӕгъы Йӕ мӕлӕт ӕмӕ Йӕ райгасы тыххӕй

22 Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Галилейы куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сын Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырты ратдзысты адӕмы къухтӕм,

23 амардзысты Йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн». Ахуыргӕнинӕгтӕ тынг ӕрӕнкъард сты.


Хъалон фидыны тыххӕй

24 Капернауммӕ куы ӕрцыдысты, уӕд Кувӕндоны хъалонисджытӕ бацыдысты Петрмӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: «Уӕ Ахуыргӕнӕг нын дыууӕ драхмӕйы нӕ ратдзӕн?»

25 Уый сын загъта: «Ратдзӕн». Ӕмӕ Петр хӕдзармӕ куы бахызт, уӕд ӕм Йесо фӕраздӕр ис ӕмӕ йын дзуры: «Куыд дӕм кӕсы, Симон, зӕххон паддзӕхтӕ фиддон кӕнӕ хъалон кӕмӕй исынц? Сӕхи адӕмӕй ӕви ӕцӕгӕлӕттӕй?»

26 Симон Ын, ӕцӕгӕлӕттӕй, зӕгъгӕ, дзуапп куы радта, уӕд ын Йесо загъта: «Уӕдӕ фырттӕ сӕрибар сты.

27 Фӕлӕ ныл цӕмӕй сӕ зӕрдӕ ма фӕхуда, уый тыххӕй ацу денджызмӕ, ӕнгуыр доны баппар ӕмӕ, фыццаг цы кӕсаг ӕрцахсай, уый райс. Ӕмӕ йын йӕ дзых куы байгом кӕнай, уӕд дзы ссардзынӕ статир. Рахӕсс ӕй ӕмӕ сын ӕй ратт Мӕн тыххӕй ӕмӕ дӕхи тыххӕй дӕр».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan