Матфей 16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстӔвдисӕйнаджы домӕнтӕ 1 Йесомӕ бацыдысты фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ ӕмӕ Дзы — Йӕ бафӕлварыны тыххӕй — домдтой, уӕларвӕй нын ӕвдисӕйнаг равдис, зӕгъгӕ. 2 Йесо сын дзуапп радта: «Изӕрӕй сымах фӕзӕгъут: „Боныхъӕд хорз уыдзӕн — арв сырх у“. 3 Райсомӕй та фӕзӕгъут: „Абон къӕвда уыдзӕн — арв сырх-сырхид ӕмӕ хъуынтъыз у“. Арвмӕ кӕсгӕйӕ, боныхъӕд иртасын куы зонут, уӕд ацы рӕстӕджы цаутӕ раиртасын уӕ бон нӕу? 4 Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уыцы хӕлд фӕлтӕр ӕвдисӕйнаг домы, фӕлӕ Ионӕйы диссагӕй уӕлдай ӕндӕр ӕвдисӕйнаг нал фендзӕн». Уыйадыл сӕ ныууагъта ӕмӕ ацыди уырдыгӕй. Фарисейтӕ ӕмӕ саддукейты ӕнхъизӕн 5 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бӕлӕгъы ахызтысты денджызы иннӕ фарсмӕ, ӕмӕ сӕ семӕ дзултӕ рахӕссын ферох ис. 6 Йесо сын загъта: «Хъусут, уӕхи хъахъхъӕнут фарисейтӕ ӕмӕ саддукейты ӕнхъизӕнӕй». 7 Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Немӕ дзул кӕй нӕ райстам, уый тыххӕй нын афтӕ зӕгъы». 8 Йесо бамбӕрста, сӕ ныхас цӕуыл у, уый ӕмӕ сын загъта: «Лӕмӕгъуырнджытӕ, дзул уӕм кӕй нӕй, уый кой цӕмӕн кӕнут? 9 Ау, ницыма бамбӕрстат? Уӕ зӕрдыл нал лӕууы, фондз мин лӕгӕн фондз дзулы куыд сфаг ис, уый, стӕй цал чыргъӕды байдзаг кодтат? 10 Цыппар мин лӕгӕн авд дзулы куыд сфаг ис, уый та? Цал чыргъӕды байдзаг кодтат уӕд? 11 Ау, Мӕ ныхас дзулы тыххӕй кӕй нӕ уыд, уый куыд не ’мбарут? Уӕхи хъахъхъӕнут фарисейтӕ ӕмӕ саддукейты ӕнхъизӕнӕй». 12 Уӕд бамбӕрстой: Йесо сын дзырдта хойраджы ӕнхъизӕнӕй нӕ, фӕлӕ фарисейтӕ ӕмӕ саддукейты ахуырадӕй сӕхи хъахъхъӕныны тыххӕй. Хуыцауы Фырт 13 Филиппы бӕстӕм, Кесаримӕ, куы ӕрцыди Йесо, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгты бафарста: «Кӕуыл нымайынц адӕм Мӕн, Адӕймаджы Фырты, Чи, дам, дӕн?» 14 Уыдон Ын загътой: «Чи зӕгъы — Аргъауӕг Иоанн у, чи — Илийа, чи та — Йеремиа кӕнӕ пехуымпартӕй исчи». 15 Йесо сӕ бафарста: «Сымах та Мӕ кӕуыл нымайут?» 16 Симон Петр Ын дзуапп радта: «Ды Чырысти дӕ, цардӕгас Хуыцауы Фырт». 17 Уӕд ын Йесо загъта: «Тӕхудиаг дӕ, Ионӕйы фырт Симон, уымӕн ӕмӕ дын уый адӕймаг нӕ раргом кодта, фӕлӕ Мӕ Уӕларвон Фыд. 18 Зӕгъын дын: ды дӕ Петр, ӕмӕ ацы дурыл Ӕз сараздзынӕн Мӕ аргъуан, ӕмӕ йӕ зындоны тыхтӕ нӕ басӕтдзысты. 19 Ӕз дӕм ратдзынӕн Уӕларвон Паддзахады дӕгъӕлтӕ. Зӕххыл бар цӕмӕн нӕ раттай, уымӕн уӕлӕрвты дӕр бар лӕвӕрд нӕ уыдзӕн; зӕххыл бар цӕмӕн раттай, уымӕн та уӕлӕрвты дӕр рардӕуыдзӕн бар». 20 Уӕд Йесо бафӕдзӕхста Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, цӕмӕй, Чырысти кӕй у, уый макӕмӕн дзурой. Йесойы рагзагъд Йӕ мӕлӕт ӕмӕ Йӕ райгасы тыххӕй 21 Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмбарын кӕнын райдыдта: хъуамӕ ацӕуа Йерусалиммӕ ӕмӕ уым адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ динамонджыты къухӕй бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзара; амардзысты йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕни. 22 Уӕд Ӕй Петр иуварс акодта ӕмӕ Йын уайдзӕф кӕнын райдыдта: «Хуыцау Дӕ бахизӕд уымӕй, Хицау! Уыцы бӕллӕх Дыл ма ӕрцӕуӕд!» 23 Йесо разылд ӕмӕ Петрӕн загъта: «Фесӕф Мӕ цурӕй, сайтан! Ды Мын цӕлхдур дӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ, Хуыцауы фӕндон цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ адӕймаджы фӕндоныл сты». Цы нысан кӕны Йесойы фӕдыл цӕуын 24 Уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ рацӕуӕд Мӕ фӕдыл. 25 Уымӕн ӕмӕ, йӕ цард бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фесафдзӕн; йӕ цард Мӕ сӕраппонд чи фесафа, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн. 26 Адӕймаг дуне ӕгасӕйдӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? Кӕнӕ йӕм, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй цы разындзӕни? 27 Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕни Йӕ Фыды кадимӕ, Йӕ зӕдтимӕ, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ратдзӕни. 28 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сӕ удӕгасӕй фендзысты Адӕймаджы Фырты паддзахы бартимӕ ӕрцӕугӕ». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia