Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Матфей 15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Сыгъдӕгдзинады тыххӕй быцӕу

1 Уӕд Йерусалимӕй Йесомӕ ӕрбацыдысты фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ ӕмӕ Йын загътой:

2 «Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕмӕн халынц фыдӕлты ӕгъдау? Хӕрыныл ӕрбадынц, сӕ къухтӕ нӕ цӕхсгӕйӕ».

3 Йесо сын дзуапп радта: «Ӕмӕ сымах уӕхи ӕрымысгӕ ӕгъдӕутты тыххӕй цӕмӕн халут Хуыцауы фӕдзӕхст?

4 Хуыцау загъта: „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады“, ӕмӕ ноджы: „Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады ӕфхӕрӕг амӕлӕд“.

5 Сымах та дзурут: „Йӕ фыд кӕнӕ йӕ мадӕн афтӕ чи зӕгъа, мӕнӕй дӕм цы хауы, уый мын Хуыцауӕн нывонд у, зӕгъгӕ,

6 уыцы адӕймаджы йӕ фыд кӕнӕ йӕ мады нымайыны сӕр нал хъӕуы“. Афтӕмӕй Хуыцауы ныхас баивтат уӕхи ӕгъдауӕй.

7 Дыдзӕсгӕмттӕ! Сымах тыххӕй пехуымпар Исайа хорз загъта:

8 „Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй.

9 Дзӕгъӕлы Мӕм кувынц, уымӕн ӕмӕ, цытӕ амонынц, уыдон сты адӕймаджы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ“».

10 Уый фӕстӕ Йесо фӕсидти адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Байхъусут ӕмӕ бамбарут!

11 Дзыхмӕ цы цӕуы, уый нӕ чъизи кӕны адӕймаджы, фӕлӕ, дзыхӕй цы рацӕуы, уый».

12 Уӕд Ӕм ӕрбацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йын загътой: «Дӕ ныхӕстӕ фарисейтӕн кӕй фӕхъыг сты, уый зоныс?»

13 Йесо сын дзуапп радта: «Мӕ Уӕларвон Фыд кӕй нӕ ныссагъта, уыцы зайӕгой рӕдывд ӕрцӕудзӕнис ӕд уидӕгтӕ.

14 Ныууадзут сӕ, уыдон сты куырмыты куырм фӕтӕгтӕ. Ӕмӕ куырм куырмы куы хона, уӕд дыууӕйӕ дӕр дзыхъхъы ныххаудзысты».

15 Уӕд Ӕм Петр бахатыди: «Бамбарын нын кӕн ацы фӕсномыг ныхас».

16 Йесо сын загъта: «Ау, сымах дӕр нырмӕ афтӕ ӕнӕмбаргӕ стут?

17 Нӕ йӕ зонут, адӕймагӕн йӕ дзыхмӕ цыдӕриддӕр бацӕуы, уый гуыбынмӕ кӕй ныфты, стӕй та ӕддӕмӕ кӕй рацӕуы?

18 Фӕлӕ дзыхӕй цы рацӕуы, уый та йӕ зӕрдӕйӕ рацӕуы, ӕмӕ уый чъизи кӕны адӕймаджы.

19 Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйӕ цӕуынц фыдвӕндтӕ — марын, бинойнагыл сайдӕй цӕуын, ӕнӕуаг митӕ кӕнын, давын, мӕнгӕвдисӕн лӕууын, хахуыр.

20 Ӕппӕт адӕттӕ адӕймаджы фӕчъизи кӕнынц, ӕнӕхсад къухтӕй хӕрын та йӕ нӕ чъизи кӕны».


Муртаттаг сылгоймаджы чызг сдзӕбӕх

21 Йесо араст ис уырдыгӕй ӕмӕ ӕрцыди Тир ӕмӕ Сидоны зӕхмӕ.

22 Уым Йӕ размӕ рацыди уырдыгон ханаанаг сылгоймаг ӕмӕ Йӕм хъӕр кодта: «Батӕригъӕд мын кӕн, Бардарӕг, Давиды Фырт! Мӕ чызг хӕйрӕджджын сси, ӕмӕ йӕ удхарӕй марынц».

23 Фӕлӕ йӕм Йесо иу ныхас дӕр не скодта. Уӕд Ӕм бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕм ӕрхатыдысты: «Байхъус ӕм, ӕмӕ ацӕуа, науӕд нӕ фӕдыл бафтыд ӕмӕ хъӕр кӕны».

24 Йесо сын дзуапп радта: «Ӕз ӕрмӕстдӕр Израилы адӕммӕ, сӕфт фыстӕм, ӕрвыст дӕн».

25 Фӕлӕ Йӕм сылгоймаг бацыди, ӕрзоныг кодта Йӕ разы ӕмӕ Йын загъта: «Хицау, баххуыс мын кӕн».

26 Йесо йын дзуапп радта: «Хорз нӕу сывӕллӕтты къӕбӕр райсын ӕмӕ йӕ куыйтӕн аппарын».

27 Сылгоймаг та загъта: «Уый афтӕ у, Хицау, фӕлӕ куыйтӕ дӕр фӕхӕрынц, сӕ хицӕутты фынгӕй цы муртӕ ӕрхауы, уыдон».

28 Уӕд ын Йесо дзуапп радта: «Сылгоймаг, стыр у дӕ уырнындзинад! Сӕххӕст уӕд дӕ фӕндон». Ӕмӕ чызг уайтагъд сдзӕбӕх.


Цыппар мин лӕджы бафсадыны хабар

29 Йесо араст ис уырдыгӕй, ӕрцыди Галилейы денджызгӕронмӕ, ссыди хохмӕ ӕмӕ уым ӕрбадти.

30 Уырдӕм Ӕм ӕрбацыди бирӕ адӕм. Семӕ кодтой къуылыхты, куырмыты, цӕнкуылты, ӕгомыгты ӕмӕ бирӕ ӕндӕр рынчынты; ӕрӕвӕрдтой сӕ Йесойы къӕхты раз, ӕмӕ сӕ Уый сдзӕбӕх кодта.

31 Адӕм ӕгомыгты дзургӕ, цӕнкуылты ӕнӕсахъатӕй, къуылыхты цӕугӕ ӕмӕ куырмыты сӕ цӕстӕй ракӕсгӕ куы федтой, уӕд дисы бафтыдысты ӕмӕ кад кодтой Израилы Хуыцауӕн.

32 Йесо фӕсидти Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Тӕригъӕд кӕнын ацы адӕмӕн, ныр ӕртӕ боны Мемӕ сты ӕмӕ, цы бахӕрой, уый сын нӕй. Ӕххормагӕй сӕ ауадзон, уый та Мӕ нӕ фӕнды — фӕндагыл бастайдзысты».

33 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Уый бӕрц адӕм бафсадыны фаг ам, ӕдзӕрӕг ран, дзултӕ куыд самал кӕнӕм?»

34 Йесо сӕ бафарста: «Цал дзулы уӕм ис?» Уыдон Ын загътой: «Авд, ӕмӕ ма ноджы цалдӕр гыццыл кӕсаджы».

35 Уӕд Йесо адӕмы ӕрбадын кодта зӕххыл,

36 райста авд дзулы ӕмӕ кӕсӕгтӕ, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, ӕрсаста сӕ ӕмӕ сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, ахуыргӕнинӕгтӕ та сӕ байуӕрстой адӕмыл.

37 Се ’ппӕт дӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Хӕрды уӕлдӕйттӕй байдзаг ис авд чыргъӕды.

38 Хӕргӕ чи кодта, уыцы адӕм та, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты нӕ нымайгӕйӕ, уыдысты цыппар мины.

39 Уӕд Йесо ауагъта адӕмы, бахызти бӕлӕгъмӕ ӕмӕ ацыди Магдалы зӕхмӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan