Матфей 14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстИоанны мӕлӕт 1 Уыцы рӕстӕг тетрарх Ирод фехъуыста Йесойы кой, 2 ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕн загъта: «Уый Аргъауӕг Иоанн у. Мӕрдтӕй райгас ӕмӕ диссӕгтӕ дӕр уымӕн аразы». 3 Хабар та афтӕ уыдис: Ирод ӕрцахста Иоанны йе ’фсымӕр Филиппы ус Иродиадӕйы тыххӕй, рӕхыстӕй йӕ сбаста ӕмӕ йӕ ахӕстоны бакодта. 4 Уымӕн ӕмӕ йын Иоанн дзырдта: «Нӕ дын ӕмбӕлы йемӕ цӕрын». 5 Ӕмӕ кӕд Ироды фӕндыди Иоанны амарын, уӕддӕр тарстис адӕмӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ пехуымпарыл нымадтой. 6 Фӕлӕ Иродӕн йӕ гуырӕнбон куы уыди, уӕд Иродиадӕйы чызг кафыди уазджыты раз. Ироды зӕрдӕмӕ йӕ кафт афтӕ тынг фӕцыдис, 7 ӕмӕ йын расомы кодта, цыдӕриддӕр дзы ракура, уый йын кӕй ратдзӕни. 8 Чызг, йӕ мады ардыдӕй, загъта: «Ардӕм мын аргъауӕг Иоанны сӕр тӕбӕгъыл ӕрбахӕсс». 9 Паддзах фенкъард ис, фӕлӕ, йӕ уазджыты раз сомы кӕй ракодта, уымӕ гӕсгӕ бардзырд радта чызджы курдиат сӕххӕст кӕныны тыххӕй. 10 Йӕ адӕмы арвыста Иоаннмӕ, цӕмӕй йын ахӕстоны йӕ сӕр акъуырой. 11 Ӕмӕ йын йӕ сӕр тӕбӕгъыл ӕрбахастой ӕмӕ йӕ чызгмӕ радтой, уый та йӕ ахаста йӕ мадмӕ. 12 Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрбацыдысты, йӕ мард ын рахастой ӕмӕ йӕ баныгӕдтой, стӕй ацыдысты ӕмӕ хабар радзырдтой Йесойӕн. Фондз мин лӕджы бафсадыны хабар 13 Уый фехъусгӕйӕ, Йесо уырдыгӕй бӕлӕгъы иунӕгӕй хибар ранмӕ йӕхи айста. Адӕм уый куы базыдтой, уӕд сахартӕй Йӕ фӕдыл фистӕгӕй ацыдысты. 14 Йесо былмӕ куы рахызти, уӕд федта бирӕ адӕмы ӕмӕ, фӕтӕригъӕд сын кӕнгӕйӕ, сдзӕбӕх кодта сӕ рынчынты. 15 Куы баизӕр ис, уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ Йын загътой: «Ам фӕсвӕд ран у, ноджы банафон ис. Ауадз адӕмы, уадз ӕмӕ хъӕутӕм ацӕуой ӕмӕ сӕхицӕн хӕринаг балхӕной». 16 Фӕлӕ сын Йесо дзуапп радта: «Цӕуын сӕ никуыдӕм хъӕуы. Сымах сын раттут хӕринаг». 17 Уыдон та Йын загътой: «Ам махмӕ фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы йеддӕмӕ ницы ис». 18 Йесо загъта: «Ардӕм Мӕм сӕ рахӕссут». 19 Адӕмы ӕрбадын кодта кӕрдӕгыл, райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, арвмӕ скасти, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, стӕй дзултӕ ӕрсаста ӕмӕ сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, уыдон та сӕ байуӕрстой адӕмыл. 20 Иууылдӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Хӕрды уӕлдӕйттӕй байдзаг ис дыууадӕс чыргъӕды. 21 Хӕргӕ чи кодта, уыцы адӕмы нымӕц та, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты нӕ нымайгӕйӕ, уыди фондз мины бӕрц. Доны уӕлцъарыл ацыды хабар 22 Уый фӕстӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгты сбадын кодта бӕлӕгъы ӕмӕ сӕ Йӕ разӕй арвыста денджызы иннӕ фарсмӕ, Вифсаидӕмӕ. Йӕхӕдӕг уал уым баззади, цалынмӕ адӕмы ауадза, уӕдмӕ. 23 Адӕмы куы ауагъта, уӕд хохмӕ ссыди хибарӕй скувынмӕ ӕмӕ, куы баизӕр, уӕд дӕр ма уым уыдис иунӕгӕй. 24 Бӕлӕгъ та уӕдмӕ тынг адард ис былгӕронӕй, ӕмӕ йӕ уылӕнтӕ хостой, уымӕн ӕмӕ цыди дымгӕйы ныхмӕ. 25 Боныцъӕхты размӕ сӕм Йесо денджызыл къахӕй ӕрбацӕйцыд. 26 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йӕ денджызыл къахӕй цӕугӕ куы федтой, уӕд фыр тӕссӕй ныхъхъӕр кодтой: «Уый ӕндӕрг у!» 27 Уӕд сӕм Йесо сдзырдта: «Фидар фӕлӕуут, уый Ӕз дӕн! Ма тӕрсут». 28 Петр Ын загъта: «Хицау, кӕд уый Ды дӕ, уӕд зӕгъ, ӕмӕ Дӕм ӕз доныл къахӕй бацӕуон». 29 Йесо йын загъта: «Рацу». Петр рахызти бӕлӕгъӕй ӕмӕ доныл Йесойы ’рдӕм фӕцӕйцыди. 30 Фӕлӕ дымгӕ куыд тыхджын уыди, уый куы федта, уӕд фӕтарсти, райдыдта дӕлдон кӕнын ӕмӕ хъӕр систа: «Хицау, фервӕзын мӕ кӕн!» 31 Йесо йӕм уайтагъд Йӕ къух бадардта, схӕцыди йыл ӕмӕ йын загъта: «Лӕмӕгъуырнӕг, цӕмӕн фӕдызӕрдыг дӕ?» 32 Ӕмӕ бӕлӕгъмӕ куы бахызтысты, уӕд дымгӕ дӕр банцади. 33 Бӕлӕгъы чи уыди, уыдон ӕрзоныг кодтой Йесойы раз ӕмӕ Йын загътой: «Ды ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт дӕ». Геннисареты рынчынтӕ сдзӕбӕх сты 34 Бахӕццӕ сты денджызы иннӕ фарсмӕ, Геннисареты цурмӕ. 35 Уымы адӕм Йесойы куы базыдтой, уӕд фехъусын кодтой сӕ алфамбылайы цӕрджытӕн дӕр. Ӕрхастой Йӕм сӕ рынчынты иууылдӕр, 36 ӕмӕ Дзы куырдтой, цӕмӕй сӕ Йӕ дарӕсы хаутыл бандзӕвын уӕд та бауадза, ӕмӕ-иу Ыл чидӕриддӕр бандзӕвыди, уыдон-иу сдзӕбӕх сты. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia