Матфей 13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстХортауӕджы ӕмбисонд 1 Уыцы бон Йесо рацыди хӕдзарӕй ӕмӕ денджызы был ӕрбадти. 2 Тынг бирӕ адӕм ӕрбамбырд ис йӕ алыварс. Уӕд Йесо бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ уым ӕрбадти, адӕм та иууылдӕр лӕууыдысты былгӕрон. 3 Ӕмӕ сын фӕсномыгӕй бирӕ цыдӕртӕ амыдта, ахуыр сӕ кодта: «Мӕнӕ хортауӕг хуыммӕ рацыди. 4 Таугӕ-тауын нӕмгуытӕй иутӕ ӕрхаудысты фӕндаггӕрон, ӕртахтысты мӕргътӕ ӕмӕ сӕ рауыгътой. 5 Сыджыт фаг кӕм нӕ уыд, ахӕм дурджын ран дӕр дзы ӕрхауди, ӕмӕ уайтагъд сӕвзӕрдысты, уымӕн ӕмӕ зӕххы арф нӕ ацыдысты. 6 Фӕлӕ хур куы ӕрӕндӕвта, уӕд сӕ асыгъта, ӕмӕ бахус сты, уымӕн ӕмӕ сын арф уидӕгтӕ нӕ уыди. 7 Иу цасдӕр дзы ӕрхауди сындзыты ӕхсӕн; сындзытӕ сырӕзтысты ӕмӕ сӕ фӕбынӕй кодтой. 8 Иннӕтӕ та ӕрхаудысты бӕзнаг мӕрыл ӕмӕ радтой тыллӕг: иутӕ — фондзыссӕдз хатты, иннӕтӕ — ӕртиссӕдз хатты, аннӕтӕ та — дӕс ӕмӕ ссӕдз хатты фылдӕр. 9 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!» Хортауӕджы ӕмбисонды мидис 10 Йесомӕ бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Ӕмбисӕндтӕй сын цӕмӕн амоныс?» 11 Йесо сын дзуапп радта: «Уый тыххӕй, ӕмӕ сымахӕн Уӕларвон Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын лӕвӕрд у, уыдонӕн та нӕу лӕвӕрд. 12 Кӕмӕ ис, уымӕн ноджы фылдӕр рардӕуыдзӕн, ӕмӕ йӕм бирӕ уыдзӕнис; кӕмӕ нӕй, уымӕй та ист ӕрцӕудзӕни, цы йӕм ис, уый дӕр. 13 Ӕмбисӕндтӕй сын уый тыххӕй дзурын, ӕмӕ уыдон „кӕсынц, фӕлӕ нӕ уынынц, хъусгӕ кӕнынц, фӕлӕ ницы хъусынц ӕмӕ не ’мбарынц“. 14 Растдӕр сыл ӕрцыди Исайайы пехуымпар ныхас: „Хъусӕй хъусдзыстут, фӕлӕ нӕ бамбардзыстут, цӕстӕй кӕсдзыстут, фӕлӕ нӕ фендзыстут. 15 Уымӕн ӕмӕ ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты, хъусӕй зынтӕй хъусынц ӕмӕ сӕ цӕстытӕ сӕхгӕдтой, цӕмӕй цӕстӕй дӕр ма феной, хъусӕй дӕр ма фехъусой ӕмӕ йӕ зӕрдӕйӕ дӕр ма бамбарой, се ’ргом Мӕм ма раздахой ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон“. 16 Сымахӕн та тӕхудиаг сты уӕ цӕстытӕ — уынгӕ чи кӕны, стӕй уӕ хъустӕ — хъусгӕ чи кӕны. 17 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: бирӕ пехуымпартӕ ӕмӕ рӕстгӕнджыты фӕндыди, сымах цы уынут, уыдӕттӕ фенын, фӕлӕ сӕ нӕ федтой; сымах цы хъусут, уыдӕттӕ фехъусын, фӕлӕ сӕ нӕ фехъуыстой. 18 Уӕдӕ байхъусут, хортауӕджы ӕмбисонд цы амоны, уымӕ. 19 Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ныхас чи фехъусы ӕмӕ йӕ нӕ бамбары, уымӕ ӕрцӕуы хӕйрӕг ӕмӕ аскъӕфы, йӕ зӕрдӕйы йын цы байтыдӕуыди, уый. Уыцы адӕймаг у, фӕндаггӕрон чи ӕрхауди, уыцы нӕмыгау. 20 Дурджын ран цы байтыдӕуыд, уый та амоны, ныхас чи фехъусы ӕмӕ йӕ уайтагъд йӕ зӕрдӕмӕ, цингӕнгӕ, чи айсы, ахӕм адӕймагмӕ. 21 Фӕлӕ ӕнӕуидаг у, ӕмӕ бирӕ нӕ бафӕразы. Тыхст рӕстӕг куы ралӕууы кӕнӕ Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕфхӕрын куы райдайынц, уӕд уайтагъд йӕ уырнындзинад фӕцуды. 22 Сындзыты ӕхсӕн цы нӕмыг ӕрхауди, уый та у ахӕм адӕймаг: ныхас фехъусы, фӕлӕ йын ӕй зӕххон царды мӕт ӕмӕ мулчы бӕллиц сӕ быны фӕкӕнынц, ӕмӕ ницы дыргъ ӕрхӕссы. 23 Бӕзнаг мӕрыл кӕй байтыдӕуыд, уый ӕнгӕс та сты, ныхас чи фехъусы ӕмӕ йӕ бамбары, уыдон; ӕмӕ сӕ иу ратты фондзыссӕдз хатты, иннӕ — ӕртиссӕдз хатты, аннӕ та — дӕс ӕмӕ ссӕдз хатты фылдӕр пайда». Хӕмпӕлгӕрдӕджы ӕмбисонд 24 Йесо ма сын ракодта ӕндӕр ӕмбисонд дӕр: «Уӕларвон Паддзахад у, йӕ хуымы хорз мыггаг чи байтыдта, уыцы адӕймаджы хуызӕн. 25 Адӕм куы бафынӕй сты, уӕд йе знаг ӕрбацыд, мӕнӕуы ӕхсӕн байтыдта мӕгъӕлда ӕмӕ ацыди. 26 Мӕнӕу куы сзадис ӕмӕ ӕфсир куы рафтыдта, уӕд мӕгъӕлда дӕр фӕзынди. 27 Хуымы хицаумӕ бацыдысты йӕ цагъартӕ ӕмӕ йын загътой: „Хицау, дӕ хуымы хорз мыггаг куы байтыдтай, уӕд дзы мӕгъӕлда кӕцӕй фӕзынди?“ 28 Сӕ хицау сын дзуапп радта: „Уый бакодта знаг“. Цагъартӕ йӕ бафарстой: „Фӕнды дӕ, уӕд мах ацӕудзыстӕм ӕмӕ сӕ барувдзыстӕм?“ 29 Фӕлӕ сын уый загъта: „Нӕ хъӕуы, мыййаг, мӕгъӕлдаимӕ мӕнӕуы ӕфсиртӕ дӕр куы стонат. 30 Уадз ӕмӕ хуымгӕрдӕнтӕм иумӕ рӕзой. Хорӕфснайӕн афон ӕз зӕгъдзынӕн хуымгӕрдджытӕн: раздӕр уал мӕгъӕлдайы кой бакӕнут, бабӕттут дзы куыристӕ ӕмӕ сӕ басудзут, мӕнӕу та мын бафснайут мӕ хордоны“». Хъыцъыйы нӕмыг ӕмӕ ӕнхъизӕны ӕмбисӕндтӕ 31 Йесо ма сын ракодта ӕндӕр фӕсномыг ныхас дӕр: «Уӕларвон Паддзахад у, адӕймаг йӕ хуымы кӕй байтыдта, уыцы хъыцъыйы нӕмыгау. 32 Кӕд уый ӕппӕт мыггӕгтӕн сӕ къаддӕр у, уӕддӕр, куы сзайы, уӕд цӕхӕрадоны иннӕ зайӕгойтӕй фӕбӕрзонддӕр вӕййы. Ахӕм бӕлас дзы рауайы, ӕмӕ йӕм уӕларвон мӕргътӕ ӕртӕхынц ӕмӕ йын йӕ къалиутыл ахстӕттӕ саразынц». 33 Йесо ма сын ракодта ӕндӕр фӕсномыг ныхас дӕр: «Уӕларвон Паддзахад у, сылгоймаг ссады ӕртӕ сасирыл кӕй бафтыдта ӕмӕ хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕмӕй сӕнхъызт, уыцы ӕнхъизӕнау». Йесо ӕмбисӕндты руаджы цӕмӕн амоны? 34 Ӕппӕт уыдӕттӕ Йесо адӕмӕн амыдта фӕсномыгӕй, ӕнӕ фӕсномыг ныхӕстӕй та сын ницы дзырдта. 35 Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпары дзыхӕй цы загъдӕуыди, уый: «Дзурдзынӕн ӕмбисӕндтӕй, фехъусын кӕндзынӕн, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ сусӕг цы уыдис, уый». Хӕмпӕлгӕрдӕджы ӕмбисонды мидис 36 Йесо адӕмы ауагъта ӕмӕ хӕдзармӕ ӕрбаздӕхти. Уӕд Ӕм бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕм бахатыдысты: «Бамбарын нын кӕн фӕсномыг ныхас хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй». 37 Ӕмӕ сын Йесо дзуапп радта: «Хорз мыггаг тауӕг у Адӕймаджы Фырт. 38 Хуым у дуне, хорз мыггаг — Хуыцауы Паддзахады хъӕбултӕ, хӕмпӕлгӕрдӕг та — хӕйрӕджы байзӕддаг. 39 Цы знаг ӕй байтыдта, уый у хӕйрӕг, хуымгӕрдӕнтӕ сты ацы дунейы кӕрон, хуымгӕрдджытӕ та — зӕдтӕ. 40 Уӕдӕ, хӕмпӕлгӕрдӕг куыд ӕрӕмбырд кӕнынц ӕмӕ йӕ арты куыд басудзынц, афтӕ уыдзӕни, дунейы кӕрон куы ӕрлӕууа, уӕд дӕр: 41 Адӕймаджы Фырт рарвитдзӕни Йӕ зӕдты, ӕмӕ Йын уыдон Йӕ Паддзахадӕй, йӕхӕдӕг тӕригъӕдджын чи уыди ӕмӕ ма искӕй дӕр тӕригъӕды фӕндагыл чи ардыдта, уыдоны иууылдӕр айсдзысты 42 ӕмӕ сӕ судзгӕ пецы баппардзысты. Уырдыгӕй хъуысдзӕни сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс. 43 Уӕд рӕстгӕнджытӕ та сӕ Фыды Паддзахады сӕрттивдзысты хурау. Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд! Хӕзна ӕмӕ дзындздуры ӕмбисонд 44 Уӕларвон Паддзахад у быдыры ныгӕд хӕзнайы хуызӕн. Адӕймаг ӕй ссардта, фӕстӕмӕ йӕ баныгӕдта, йӕхӕдӕг цингӕнгӕ ацыди, цыдӕриддӕр ӕм уыд, уый ауӕй кодта ӕмӕ уыцы быдыр балхӕдта. 45 Уӕларвон Паддзахад ма у, хорз дзындзытӕ чи агуры, уыцы сӕудӕджеры хуызӕн дӕр. 46 Уый иу зынаргъ дзындздур куы ссардта, уӕд ацыдис, йӕ исбон иууылдӕр ауӕй кодта ӕмӕ йӕ балхӕдта. Кӕсагахсӕн хызы ӕмбисонд 47 Уӕларвон Паддзахад ма у, денджызы кӕй баппӕрстой ӕмӕ алыхуызон кӕсӕгтӕ чи ӕрцахста, ахӕм хызы ӕнгӕс дӕр. 48 Хыз куы байдзаг ис, уӕд ӕй раластой былмӕ, стӕй ӕрбадтысты ӕмӕ кӕсӕгтӕн сӕ дзӕбӕхтӕ чыргъӕдты ӕрӕмбырд кодтой, чи нӕ бӕззыд, уыдон та акалдтой. 49 Раст афтӕ уыдзӕн, дунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд дӕр: ӕрцӕудзысты зӕдтӕ, тӕригъӕдджынты фӕхицӕн кӕндзысты рӕстгӕнджытӕй 50 ӕмӕ сӕ пецы баппардзысты. Уырдыгӕй хъуысдзӕни сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс». Ног ӕмӕ зӕронд дзауматӕ 51 Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгты бафарста: «Ӕппӕт адӕттӕ бамбӕрстат ӕви нӕ?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «О, Бардарӕг». 52 Йесо та сын загъта: «Уӕдӕ Уӕларвон Паддзахады ахуыргӕнинаг чидӕриддӕр сси, уыцы динамонӕг у, йӕ къӕбицӕй ног дзаума дӕр ӕмӕ зӕронд дзаума дӕр чи райсы, ахӕм хӕдзары хицауы хуызӕн». Йесойыл не ’ууӕндынц Назареты 53 Йесо ацы фӕсномыг ныхӕстӕ дзырд куы фӕци, уӕд рацыди уырдыгӕй. 54 Йӕ райгуырӕн сахармӕ ӕрцыд ӕмӕ адӕмӕн синагогӕйы амыдта. Уыдон дис кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Кӕцӕй Йӕм ис ахӕм уӕлзонд ӕмӕ ахӕм хъару? 55 Хъӕддӕсныйы фырт нӕу, ӕви? Йӕ мады ном Мариа нӕу, мыййаг? Йаков, Йосеф, Симон ӕмӕ Иудӕ Йе ’фсымӕртӕ не сты? 56 Йӕ хотӕ дӕр иууылдӕр мӕнӕ ам не ’хсӕн не сты, ӕви? Уӕд Ын ӕппӕт адӕттӕ кӕцӕй сты?» 57 Ӕмӕ Йыл не ’ууӕндыдысты. Йесо сын загъта: «Йӕ фыдыбӕстӕ ӕмӕ йӕхи хӕдзары йеддӕмӕ пехуымпар алкӕм дӕр кадджын вӕййы». 58 Ӕмӕ уыцы ран, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ бирӕ диссӕгтӕ нӕ равдыста. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia